Ацæугæ августы мæйы 80 азы сæххæст «Грузтальк» Остальк-ы (раздæры «Грузтальк») куыстуат куы байгом ис, ууыл. Йæ байгом кæныныл куыст цыд 1932 азы дæр, фæлæ æххæст æрцыд 1939 азы, кæцыйæн уыд цæдисон нысаниуæг æмæ афæдзы дæргъы хъуамæ лæвæрдтаид ссад тальк 20 мин тоннæйы бæрц, уымæн æмæ йæ сæр бирæ куыстуæтты хъуыдис. Цæмæн бахъуыд абон мæн мæ ацы куыстуаты тыххæй дзурын? Иуæй ацы куыстуаты юбилеон аз у, иннæмæй та ам фæкуыстон директорæй æмæ мæхицæн хæсыл нымайын йæ кой ракæнын.

Куыд зонæм, афтæмæй  талькæй пайда кæнынц лак, ахорæнтæ, резинæ, рубероид, фармацевтон æмæ кондитерон продукци кæм уадзынц, æппæт уыцы сферæты. Куыстуат суткæйы куыста æртæ сменæйы къуыри æхсæз боны. Куысты уавæртæ æвзæр нæ уыдысты, зæххыбын кусджытæ пенсийы цыдысты раздæр, куыстуаты уыд хæрæндон, кæцыран цæттæ кодтой хæрзгъæдджын хæринæгтæ, уыд дзы иумиаг цæрæн хæдзар, хинайæнтæ, хиирхæфсæн бынат æмæ а.д.

Рауадзгæ продукцийы рвыстам æхгæд вагæтты Агарайыл, фæлæ-иу кæд 60 тоннæйæ къаддæр уыд, уæд та ласт цыдис машинæтыл. Æнæкъуылымпыйæ йæ æрвыстам цæдисы горæттæм, кæцытæ æввахсдæр уыдысты махмæ, иннæтæ та (Шабры, Свердловы областы æмæ Миассы талькы комбинат Челябинскы обл) истой, уыдонæй. Советон Цæдисы 2000 азты райдианмæ куыстой, талькы ссад кæм уагътой, ахæм æртæ комбинаты. Дунейы мидæг та ахæм комбинаттæ уыд æдæппæт 14.

Цы зæгъын мæ фæнды ныр? Ма мын рацæуæт мæхи стауынау, фæлæ Цæдисы мæ размæ ацы куыстуæттæ уыдысты æнæрентабелон, фæлæ-иу хатт Мæскуыйы  радон æмбырды ныхасы бар ракуырдтон министрæй æмæ сын бамбарын кодтон, иу тоннæ талькы аргъ 9 сомы æмæ 90 къапеккæй (уæды æргътæй) уæлдæр куы нæ уа, уæд нæ куыстуæттæ рентабелон никуы уыдзысты. Министр æмæ йæ коллегæты уæд, зæгъгæ, ницы кодтой, фæлæ, æвæццæгæн, мæ хъуыды сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ-иу дыууæ мæйы  фæстæ талькы аргъыл куы схæциккой. Уый фæстæ мын мæ коллегæтæ арфæтæ кодтой – нæ куыстуæттæ систы рентабелон, кусджыты мыздтæ дæр бæрæг фæфылдæр сты, уымæн æмæ талькы иу тоннæйы аргъ ссис 34 сомы 60 къапеччы.

Æз дзæбæх хъуыды кæнын, ацы куыстуаты бирæтæ кæй куыстой 25-30 азты бæрц. Архайдтой, цæмæй куыст размæ цыдаид, сæ разы æвæрд хæстæ æххæст кодтой цæсгомджынæй. Уыдон уыдысты Хъуылымбегты Мито, Дзеранты Савели, Джиоты Вилен, механиктæ Гæбæраты Вячеслав æмæ Кумситы Павел, сæйраг инженер Æлборты Аслан, цехы хистæр Бекъойты Олег, сæйраг бухгалтер Æлборты Иринæ, кадрты хайады кусæг Ноза-дзе Нателæ æмæ бирæ æндæртæ. Хъыгагæн, алкæйы æрымысын мын фæзын, стæй бирæтæ не ‘хсæн дæр нал сты æмæ рухсы бадæт. Зæгъын мæ фæнды уый дæр æмæ уырдыгæй мæн кæй акодтой Челябинскы областы Миассы талчы комбинаты сæргълæууæгæй, кæцыран куыста 4 мин адæймаджы. Уыдонæй дæр бирæты хъуыды кæнын, фæлæ мын мæ райгуырæн зæхх зынаргъдæр уыд æмæ æрæздæхтæн фæстæмæ.

Бирæ цаутæ бахъуыды кодтон нæ куыстуаты цардæй. Уæдæ куыд ис ферохгæнæн ме ‘рвад механик Гæбæраты Вячеславы – хъуыды кæнын, квартал фæуд кодта, нывæзтæн та æнæсæххæстгæнæн нæ уыд. Раст уыцы рæстæджы иу куыройы вентилятор асаст æмæ куыст æрлæууыд. Фæлæ Гæбæрайы фырты  сæргъ-лæудæй, кусджытæ сарæзтой æппæт дæр, цæмæй арæзт æрцыдаит цыбыр æмгъуыдмæ, кæд æмæ йыл хъуамæ бахъуыдаиккой 2-3 сменæйы, уæд æй сцалцæг кодтой сменæйы дæргъы æмæ куысты плæнттæ æххæст æрцыдысты уæлдайджынтæй. Æниу, ахæм цаутæ арæх цыд куысты, фæлæ æнувыд кусджытæ ахæм хъуыддæгты кæддæриддæр лæууыдысты цæрдæг.

Уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæмæй нæ куыстуат цæдисон министрады дæлбар уыд, фæлæ зæрдиаг æххуыс цыд уæды обкомы ‘рдыгæй фыццаг секретарь Санахъоты Феликсы сæргълæудæй, йæ хъус нæм хорз дардта облæххæсткомы сæрдар Къæбулты Тамарæ дæр, сæудæджерады хайады сæргълæууæг Санахъоты Мурат…

Уыцы-иу рæстæджы нæ куыстуат дæр æмбæлон æххуыс кодта районтæн арæзтадон æрмæджытæй, техникæйæ та фæндæгты арæзтады. Уыд нын хорз бастдзинæдтæ культурæйы кусджытимæ, арæх нæм цыдысты артисттæ æмæ æвдыстой спектаклтæ, концерттæ.

Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ нæ куыстуат кæй æййæфта зындзинæдтæ дæр, йæ ифтонгæрзтæ базæронд сты æмæ сæ хъуыд раивын, 1987 азы æрæвнæлдæуыд ног нырыккон цех аразынмæ, фæлæ баззад æнæх-хæстæй, Цæдис хæлын кæй райдыдта, уый аххосæй.

Ныртæккæ Цънелисæй цы цаутæ хъуысы, уыдон катайы æппарынц не ‘ппæты дæр. Знаг æппæт амæлттæй дæр архайы ууыл, цæмæй уыцы территори бакæна йæхи, аразы æдзæс-гом провокацитæ ахæм хуыз æвдисгæйæ, цыма уыдон зæхх у, цæмæй бынæттон ирон цæрджытæ фæлидзой уырдыгæй. Æниу, мах ныфс ис, æмæ нæ Президент Бибылты Анатоли ацы проблемæ кæй æрбæстон кæн-дзæн, ахæм провокацитæ чи аразы, уыдонæн сæ фæндтæ сæ хъуыры кæй фæбаддзысты, уыцы зæхх, йæ талк æмæ мрамор дæр æрмæст ирæтты кæй у.

ГÆБÆРАТЫ Руслан,

Остальк-ы, (раздæры «Грузтальк»-ы) директор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.