Рæзгæ фæлтæры æнтыстытæ кæддæриддæр æхцондзинадхæссæг сты куыд ныййарджытæн, афтæ йæ нацийы фидæнмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдонæн дæр. Бæлас талайæ тасы, адæймаг – сабийæ, зæгъы æмбисонд æмæ алы адæймаг дæр саби – бонтæй куы райдайы йæ фидæны цардвæндæгтæ ныв кæнын, уæд кæддæриддæр  рауайы хуыздæр æмæ æнтыстджындæр.

Ахæм ныфсы æнкъарæнтæ æвзæрын кæны адæймагмæ Уанеты чысыл лæппу Сослан дæр. Сосланыл кæд нырма 9 азы йедтæмæ нæ цæуы, уæддæр, йæ кармæ æнæкæсгæйæ, у хиуылхæцгæ, уæзбын, фæлæ æппæтмæ æвзыгъд саби.  Йе ‘нæзивæг æмæ тырнындзинæдтæй адæймаджы баппары дисы. Ныридæгæн ын ис тынг бирæ хорзæхтæ æмæ кады грамотæтæ спорты цалдæр хуызы. Сослан сывæллæтты рæвдауæндонæй райдыдта æвдисын йе ‘взыгъддзинæдтæ, уæд æй йæ ныййарджытæ радтой гимнастикæйы секцимæ. Уым архайдта цыппар азы дæргъы, хайад иста скъолайы агъоммæйы кары сабиты ‘хсæн ерысты æмæ иу æрвылхатт дæр райста уæлдæр хорзæхтæ, ссис Цæгат Ирыстоны скъолайы агъоммæйы кары сабиты ‘хсæн уагъдцæуæг конкурсты цалдæр хатты уæлахиздзау. Йæ саби-бонты чысыл æнтыстытæ мысгæйæ Сослан зæгъы, зæгъгæ, уыцы æнтыстытæй цы æхцондзинад баззад йæ зæрдыл, уый йын фæцис бирæ ахъаз, цæмæй дарддæр фæлвара йæхи спорты зындæр хуызты. Уымæ гæсгæ Сослан фæстæдæр равзæрста уæгъдибар хъæбысхæст æмæ гимнастикæйы къордæй рахызт спорты ацы хуызы цæттæгæнæн къордмæ. Йæ тренер Бязырты Марикы бирæ нæ бахъуыд Сосланы æнтыстытæм æнхъæлмæ кæсын, цыбыр рæстæджы йæ бацæттæ кæныны фæстæ, Марикы хъомылгæнинаг райдыдта хайад исын республикæйы уагъдцæуæг ерысты æмæ та ам дæр, рингмæ йæ алы рахыстæй дæр рухс кодта йæ хъомылгæнæ-джы зæрдæ. Сослан хайад иста куыд  Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны уагъдцæ-уæг алыгъуызон ерысты дæр æмæ ссис фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнты цалдæр хатты уæлахиздзау.

Хъæбысхæсты рагондæр хуызтæм хауынц ММА, панкратион æмæ грэпплинг.  Сæ уидæгтæ баст сты нæ эрæйы агъоммæйы грекъæгты  спортивон историмæ. Дугты цыдимæ бирæ ницы ивындзинæдтæ æрцыд хаст ацы спорты хуызты уагæвæрдтæм.  Ома, ацы хуызты хъæбысхæсты рæстæджы спортсменæн бар ис фылдæр ныхмæлæууæн методтæй пайда кæнынæн, кæцытæй нæй бар, зæгъæм, нырыккон уæгъдибар хъæбысхæсты спайда кæнынæн. Уымæ гæсгæ сæ нырыккон спорты хонынц – æнæуагæвæрдтæй тох. Сосланыл 8 азы куы сæххæст, уæд уæгъдибар хъæбыс-хæсты æмрæнхъ бацыд спорты ацы хуызтæм цæттæ кæнынмæ. Кæд æнахъом сабийæн ацы хуызтæ тæссаг сты, уæддæр Сослан равдыста ныфсхастдзинад. Цæмæн сæ равзæрста, уый тыххæй радта ахæм дзуапп, кæцыйæ ис бамбарæн, Сослан нысанмæздæхтæй кæй тырны спорты бæрзонд къæпхæнмæ схизынмæ. Ис зæгъæн æмæ йæ миддунейы кæй ис спортивон куырдиат æвæрд.  «Æнæзындгонд мын нæ уыдысты ацы хуызты кæй ис тæссаг уавæртæ дæр, фæлæ æз никуы фæтæрсын, мæ ныхмæлæууæджы тыхджын цæф мыл куы сæмбæла, кæнæ мæ исты куы асæтта, уыдæттæй. Æз, сæйраджыдæр, тæрсын, мæхи ‘рдыгæй исты рæдыд ма æруадзынæй, мæ тренерты куыст лæмæгъæй ма равдисын æмæ уыдоны зæрдæхудты бацæуынæй», – уыд Сосланы дзуапп. Сослан та ам дæр йæхи равдыста цæвиттойнагæй. Иу мæйы фæстæ хайад райста Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты спорты сгуыхт мастер Милдзыхты Юрийы номыл Дзæуæджыхъæуы уагъдцæуæг турниры 22 кг уæзы категорийы спортсменты ‘хсæн æмæ уый фæстæ та  РЦИ-Аланийы фыццаг бынаты ерысты панкратионæй æмæ дыууæ хатты  дæр ссис 2 аг бынаты хицау. Ивгъуыд аз та ссис Хъæрæсе-Черкескы уагъдцæуæг ерыстæ  «Волчье логово»-йы 22 кг уæзы категорийы фыццаг бынаты хицау.

Сосланæн фылдæр æнтыстытæ ис хъæбыс-хæсты иннæ хуыз грэпплингы. Ныртæккæ у Цæгат Ирыстоны ацы хуызы хъæбысхæстæй +21кг уæзы категорийы 9-10 аздзыд спортсменты ‘хсæн 5 хатты чемпион.

Сосланы спортивон æнтыстытыл ныри-дæгæн ис тынг бирæ дзурæн, йæ хорзæхтæ æмæ грамотæтæ тынг бирæ сты, фæлæ ма уый æмрæнхъ Сослан ахуыры фадыджы дæр у æнтыстджын. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ уарзондæр предметтæ сты физкультурæ æмæ англисаг æвзаг, фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, Сослан алы предмет дæр ахуыр кæны æрмæстдæр тынг хорз нысæнттыл. Хайад исы республикæйы ахуырдзауты ‘хсæн уагъдцæуæг олимпиадæты æмæ йæ хорз зонындзинæдты бæлвырдгæнæнтæ сты йæ  бирæ грамотæтæ æмæ хорзæхтæ, кæцыты уый райсы куыд скъолайы, афтæ республикæйы Ахуырады министрадæй дæр.

Аивады фадыджы дæр фæстейæ нæ баззад Уанеты лæппу, уарзы кафын, зарын, ахуыр кæны ирон инструменттыл цæгъдын. Музыкалон аивады сусæгдзинæдтæ арфдæр сахуыр кæнынмæ та цæуы Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны вокалы къорд «Нарт»-мæ. Ам дæр арæх æрцæуы хуынд конкурсты хайад райсынмæ.

Æппæт ранымайгæ æнтыстытæ 9 аздзыд сабийы къухты куыд æфтынц, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, цымыдисаг у.  Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йын ис алы бонæн дæр йæхи сæрмагонд график. Сосланы мад Зæринæ куыд радзырдта, афтæмæй Сосланæн æппæт дæр у йæхи фæндонмæ гæсгæ.

«Сослан йæ чысылæй фæстæмæ у фæндвидар. Мах ын арæх фæдзурæм, цæмæй къад-дæр  рæстæг хардз кæна спортыл, фылдæр улæфа, фæлæ уый йæхи фæндонмæ гæсгæ тырны размæ. Сæйрагдæр ын у йæ фыд æмæ йæ тренерты цæсты йæхи хуыздæр фарсæрдыгæй равдисын, уыдоны зæрдæтæ барухс кæнын. Саби уæвгæйæ, нæ зоны нæ дæр уæззау цæфтæн хъæрзын, нæ дæр фæллайын».

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы миниуджытæ сты сæйрагдæр, цæмæй адæймаг сæххæст кæна йæ бæллицтæ, уа раззагдæрты ‘хсæн æмæ уа йæ райгуырæн бæстæйæн ныфс. Сосланы сæйрагдæр бæллицтæй иу у Олимпион чемпион суæвын.

Сосланæн йæ уидæгтæ сты Дзауы районы Хуыцъейы хъæуæй, æмæ ныртæккæ кæд йæ ныййарджытимæ Дзæуæджыхъæуы цæры,  уæддæр уый Хуссар Ирыстоны уарзы тынг бирæ. Арæх æрцæуы Цхинвалмæ, йæ дада, РХИ æмæ РЦИ-йы Адæмон артист  Уанеты Æхсар æмæ йæ нана Лианæмæ. Ардæм æрцæугæйæ дæр йæ тренировкæтæ нæ ныууадзы. «Цæмæй бæллицтæ сæххæст уой, уый тыххæй, сæйраджыдæр, хъæуы кусын, куы нæ бафæллайай, уæд нæй æнтыст дæр» – зæгъы Сослан. Йæ  абоны æнтыстытæй уый бузныг у йæ тренертæ Бязырты Марик, Кадзты Инал, Батырбег æмæ Геннади, Хъуылымбегты Момед, Коцты Тамерлан æмæ Бикойты Азæмæтæй.

Зæрдиагæй нæ бафæнддзæн, цæмæй Сослан цæмæдæриддæр бæллы, уыдон йæ къухы бафтой!

ХУЫГАТЫ Миленæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.