Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы алыгъуызон бафыстытæ æмæ ахыгъдтæ саразыны тыххæй пайда кæнынц фидæн картæтæ «Мир»-æй. Ацы картæты тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Фидæн картæты национ системæйы директор Владимир Комлев куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахæм картæты æрзылдмæ æрбакæндзысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы дæр.

Ацы хъуыддагмæ бæрнон хъусдард аздæхта РХИ-йы национ бангы сæрдар Зассеты Феликс æмæ ист цæуынц  æмбæлон мадзæлттæ, цæмæй фидæн картæтæ  «Мир» райсой нæ республикæйы цæрджытæ дæр.

Ацы фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнынæн уыдис ахсджиаг нысаниуæг нæ республикæйы царды. Фыццаджыдæр, æмбæстæгтæн арæзт цæуынц хæрзвадат уавæртæ, алыгъуызон бафыстытæ æмæ ахыгъдтæ æххæст кæнгæйæ, уымæй дарддæр ма нæ республикæмæ фæсарæйнаг фидæн операторы æрцыд ахсджиаг у дунеон бастдзинæдтæ рæзын кæныны хъуыддаджы. Уымæн æмæ цас фылдæр финансон институттæ æмæ фидæн системæтæ цæуой Хуссар Ирыстонмæ, уыйас тынгдæр фидардæр кæндзысты æмæ рæздзысты бæстæйы дунеон финансон экономикон бастдзинæдтæ.

Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы территорийыл къорд азты дæргъы кусы уæрæсейаг фидæн системæ «Золотая Корона», кæцыйы руаджы не ‘мбæстæгтæн сæ бон у бафыстытæ æмæ ахыгъдтæ саразын æввахс æмæ дард фæсарæнты къорд бæстæтæм дæр.

Ныртæккæ ахæм банкоматтæ нæ горæты æвæрд ис Национ бангы, РХИ-йы Æфснайæн бангы, «Мегафон-Хуссар Ирыстон»-ы офисы, афтæ ма национ бангæн Дзауы уæлæмхас офисы.

Национ банг ма ноджыдæр фæнд кæны авд банкоматы æрбакæнын фидæн картæтæ «Мир»-æй.

Зассеты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй уыдон æвæрд æрцæудзысты уалдзæджы кæрон. Уыдонæй 5 банкоматы æвæрд æрцæудзысты нæ горæты æндæр æмæ æндæр рæтты.

Хицауады хæдзары цур, Æфснайæн бангы,  Республикон соматикон рынчындоны, БАМ-ы микрорайоны, Ленины уынджы кæрон базар “Солнечны”-йы. Мегафоны чи лæууы, уыцы банкомат фехæлд æмæ йæ баивдзысты. Афтæ ма банкоматтæ æвæрд æрцæудзысты респуб-ликæйы районты центрты – Знауыр, Ленингоры. Дзауы уы-цы банкомат æвæрд у, хъæуы дзы æвæстиатæй спайда кæнын.

«7 банкоматы сæвæрыны тыххæй аразæм æппæт дæр æмæ æртæ мæймæ нæ къухты кæй бафтдзæн сæ саразын, уый дызæрдыггаг нæу», – зæгъы Зассейы фырт.

Зæгъын хъæуы уый æмæ уæрæсейаг национ фидæн системæ «Мир» арæзт кæй æрцыд 2014 азы. Уый уыд дзуаппон мадзал, 2014 азы дунеон фидæн системæтæ «Visa» æмæ «Mаster Card» Уæрæсейæ къорд финансон-кредитон уагдæтты картæтæ кæй нал истой, уымæн. Уыцы уагдæттæ бахаудысты Ныгуылæны санкциты бын. Цæмæй уæрæсейаг финансон системæйы æдасдзинад ифтонг æрцыдаид æмæ цæрджытæ та ифтонг æрцыдаиккой бафыстытæ æххæст кæныны фидар фæрæзтæй, уый тыххæй уыд йæ сырæзты нысан.

Дунеон фидæн системæтæй дарддæр бангон картæтæ «Мир»-ы операциты нæй æруромæн, никæцы æддагон-экономикон æмæ политикон фактортæн у сæ бон бандавын уæрæсейаг фидæн системæ «Мир»-ы картæтæм гæсгæ бафыстытæ саразыныл.

Фидæн системæ «Мир»-ы оператор у акционерон æхсæнад «Национальная система платежных карт». Йæ акциты 100 проценты сты Уæрæсейы Централон бангы.

Фыццаг национ бангон картæтæ «Мир» уагъд æрцыдысты 2015 азы. Ныртæккæ Уæрæсейы æрзылды ис 30 милуан картæйы бæрц. Проекты реализацийы æппæт Уæрæсейæ хайад исынц 374 бангы.

«Мир»-ы картæтæ фадат дæттынц ахыгъдтæ æмæ бафыстытæ Уæрæсейы алы ран дæр æххæст кæнынæн банкоматтæ æмæ интернеты руаджы. Ацы картæтæй райсæн кæнæ бавæрæн ис æхцатæ. Уыдонæй æнцонæй гæнæн ис Уæрæсейы алы ранмæ дæр æхца арвитæн, товартæ æмæ лæггæдты аргъ бафидæн.

Фидæн системæ «Мир»-ы разамынад кусы картæтæ исыны географи рауæрæхдæр кæныныл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.