Медиа-центр «Ир»-ы дискуссион фæзуаты ауагъдæуыд тымбыл фынг ахæм темæйыл: «Хуссар Ирыстоны абоны æхсæнадон-политикон уавæр. Йæ аххосæгтæ æмæ дзы куыд рахизын хъæуы, уыцы фæндæгтæ». Хайад дзы райстой Парламенты депутаттæ, политологтæ, Президенты администраци æмæ æхсæнады минæвæрттæ.  Мадзалы хайад райста Дзабиты Иналы идæдз Содтиты Оксана дæр.

Тымбыл фынг бацæуæн ныхасæй байгом кодта Медиа-центр «Ир»-ы директор Гаглойты Иринæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй «Республикæйы абон ныртæккæ цы политикон кризис ис, уый абон нæ сæвзæрд. Уымæн йæ уидæгтæ арф ацыдысты. Кризисы аххосæгтæм рæстæгыл куынæ æрцæуы хъусдард, рæстæгыл æй куынæ аскъуыддзаг кæнынц, уæд анхъæвзы йæ гæрæнтæй æддæмæ æмæ æркæны æвзæр фæстиуджытæм», – бахахх кодта Гаглойты Иринæ.

Политикон парти «Ныхас»-ы лидер Гаглойты Алан банысан кодта, ныртæккæ республикæйы цы æхсæнадон-политикон кризис ис, уый аххосæгты, аххосджынты æмæ кæд райдыдта, уыдæтты. Загъта, зæгъгæ, иу афæдзы размæ, ахæстоны инцидент куы æрцыд, уæд депутаттæ æнæрадон сессимæ æрбахуыдтой  æххæстгæнæг хицауиуæгады, Президенты, генпрокуроры, юстицийы министры æмæ мидхъуыддæгты министры æмæ сын фехъусын кодтой, зæгъгæ, ацы инциденты аххосджынтæ дзуапп куынæ радтой закъоны раз, уæд йæ фæстæ расайдзæн фыдбылыз. Ахæм инцидент уыд ацы азы райдиан дæр. Депутаттæ та сæ ныхас бæргæ загътой фæлæ Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ æмбæлон мадзæлттæ на райстæуыд проблемæ аскъуыддзаг кæныны сæраппонд. 

«Аххосджынтæн «ма кæн» кæй нæ загъдæуыд, уый æркодта уды зианмæ. 28 августы республикæйы адæм базыдтой, тыхон структурæты системæйы цы проблемæ ис, уый. Уыимæ иумæ ма федтам, æнæхъæн республикæйы проблемæ дæр», – загъта Гаглойты Алан.  

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Дзабиты Иналы амæлæты аххосджын сты барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ, кæцытæ худинаг кæнынц, сæ коллегæтæй сæ бæрны уæвæг хæстæ цæсгомджынæй чи æххæст кæны, уыдоны дæр.

Йæ рады Парламенты Сæрдары хæдивæг, адæмон партийы лидер Плиты Александр дæр банысан кодта, республикæйы абон цы кризис ис, ууыл кæй ничи дызæрдыг кæны. Загъта,  кризис абон кæй нæ равзæрд, фæлæ бирæ раздæр. Радзырдта йын йæ аххосæгты тыххæй дæр æмæ цæмæ æркодта, уый тыххæй дæр.

«Иунæг сесси дæр нæ ауагъдæуыд, цыран депутаттæ нæ дзырдтой, кризис кæй рæзы, уый тыххæй. Æз æй хатыдтæн æмæ дзургæ дæр кодтон, барадхъахъхъæнæг органты минæвæртты ахæм архайдтытæ уды зианмæ кæй æркæндзысты. Зæгъдзынæн уый дæр, æмæ Дзабиты Иналы хъизæмайраджы мард кæй акодтой, ууыл  40 боны рацыд, фæлæ нырма дæр уый тыххæй иунæг уголовон хъуыддаг дæр нæ бакондæуыд. Уыцы трагикон цауы фæдыл уголовон хъуыддæгтæ та цалдæр сты: адæймаджы адавд, æнæзакъонæй йæ æрцахсын, хъизæмарæй амарын, уы-донæй алкæцыйы тыххæй дæр уголовон хъуыддæгтæ бакæнын хъуыд, фæлæ уголовон хъуыддаг бакондæуыд æрмæст-дæр ахæм статьямæ гæсгæ: «службæйон хæстæ фæфылдæр кæнын, кæцы æркодта уæззау фæстиуджытæм æмæ æнæ арæхстджын архайды аххосæй лæгмард».   Мах дыууиссæдз боны дæргъы дзурæм, ацы фыдракæндыл ныры генпрокурор объективонæй кæй нæ бакусдзæн, уымæн æмæ уый йæхæдæг къухдариуæг кодта уыцы спецоперацийыл. Афтæмæй та лæг амарын бафæлварыны тыххæй фæдагурыны хъуыддаг дæр прокуратурæмæ хауы æмæ фæдагурæн куыст дæр прокуратурæйы фæдагурджытæ фæкæнынц», – дзырдта Парламенты вице-спикер. 

Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй Дзабиты Иналы хъуыддаг объективонæй æвзæрст æрцæуа, уый тыххæй хорз уаид, хæдбар фæдысгарджыты сæрмагонд къорд арæзт куы æрцæуид, кæцыйы скондмæ бацæуиккой фæдысгарджытæ-профессионалтæ. Хорз ма уаид, Уæрæсейæ дæр куы æрхуындæуаид хæдбар профессионалты.

«Цæмæй Дзабиты лæппуйы мард æнæхъуаджы ма фæуа, ахæм фыдракæнд мачиуал сфæлхатт кæна, уый тыххæй карзæй бафхæрын хъæуы аххосджынты, цы бынаты кусынц, уымæ нæ кæсгæйæ. Уæд æй адæм бамбардзысты, закъон æмæ Конституцийы халыны бар æппындæр кæй никæмæн ис», – йæ ныхасы кæрон бахахх кодта Плиты Александр.

Плиты Александры домæнтæ уыдысты æртæ: 1) генпрокурор хъуамæ йæ куыст ныууадза; 2) объективон фæдысгарæн мадзæлтты тыххæй арæзт æрцæуæд хæдбар къамис; 3) нысан æрцæуæд хицауад.

Политикон парти «Дзыллæты иудзинад»-ы минæвар Плиты Алымбег радзырдта, республикæйы цы проблемæтæ ис, уыдоны тыххæй. Республикæйы ныры уавæры та схуыдта «системон кризис». Банысан кодта йæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй барадхъахъхъæнæг тыхты дæр æмæ хицауиуæгады органты дæр реформæтæ ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Парламенты Сæрдары хæдивæг Челæхсаты Владимир дæр загъта йæ хъуыдытæ æхсæнадон-политикон кризисы тыххæй. Банысан ма кодта, зæгъгæ, абоны бон фæсивæдæн куыст нæй, Уæрæсеимæ таможнæйы проблемон фарст дæр нæма æрцыд скъуыддзаг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт уыдæттæ æвзæрæрдæм æндавынц нæ республикæйы цардархайды æппæт фадгуытыл дæр. Уый æрсидт республикæйы къухдариуæгадмæ, сæрмагондæй та – Президентмæ, цæмæй реалон къахдзæфтæ сараза «системон» кризис аскъуыддзаг кæныны сæраппонд.

Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон фæсауæрцты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Æлборты Алан куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы æхсæнад нæ быхсы æнæрастдзинад æмæ  йæ ныхмæ карз тох кæны. Йæ хъуыдымæ гæсгæ «фæдысгарæн мадзæлттæ æмбæлон æгъдауыл куынæ ацæуой, уæд та æрыздæхдзыстæм абоны бонмæ æмæ, хъыгагæн, ахæм фыдракæндтæ фæлхатгонд цæудзысты, куыд Дзабиты Иналы хæстæджыты ‘рдыгæй, афтæ Мидхъуыддæгты министрады кусджытæй æнæаххосæй æфхæрд чи баййафа, уыдоны бинонты ‘рдыгæй дæр».

Парламенты депутат Бесаты Зитæ банысан кодта, зæгъгæ, абон хуссарирыстойнаг æхсæнады раз цы уавæр сæвзæрд, уымæн аскъуыддзаггæнæн ис, æрмæстдæр, закъоны, æрцæугæ цаумæ хæдбар ахаст дарыны æмæ йæм объективон цæстæй кæсыны руаджы.

Дзуццаты Владимир  куыд банысан кодта, афтæмæй абоны уавæр æппæрццагæй æндавы нæ республикæйы авторитетыл дæр. Уымæн æмæ ацы трагикон цау айхъуыст нæ республикæйæн æддæмæ дæр. Загъта, зæгъгæ, республикæйы барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ адæймаджы ахæм фыдмардæй кæй амардтой, уый чи фехъуыста, уыдон ма нын нæ республикæйы хæдбардзинад куыд банымайдзысты. «Ахæм цаутæ æмæ проблемæтæ рæстæгыл æмæ объективонæй скъуыддзаг куынæ цæуой, уæд уымæй дон здахæм не знæгты куыроймæ».

Депутаттæ иууылдæр уыдысты иу хъуыдыйыл хæст, ома, цалынмæ Дзабиты Иналы амæлæты аххосджын чи сты, уыдон закъоны фæлгæтты карз æфхæрд нæ баййафой, цалынмæ закъон чи халы, уыдон æфхæрд нæ баййафой, уæдмæ Парламенты сесситæ уагъд нæ цæудзысты.

Йæ рады раздæры депутат Цхуырбаты Мира депутаттимæ  не сразы паддзахады системон кризисы тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уый у  хицауиуæгады æртæ фадыджы системæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, системæ тынг хорз у, сæвзæргæ проблемæ та системæйы аххос нæу. Депутаттæн рекомендаци радта, цæмæй баздæхой Парламентмæ æмæ сæ куыст адарддæр кæной.

«Парламент политикон орган у æмæ сымах хæсджын стут баздæхат Парламентмæ æмæ уæ куыст кæнат, уæ зæрдæмæ цæуы æви нæ, уæддæр. Æз афтæ нымайын, æмæ цæмæй дарддæр æндават ацы уавæрыл, уый тыххæй Парламенты куыст адарддæр кæнын у иунæг закъонон фæрæз. Депутаттæ сæхæдæг сты хицауиуæгад æмæ уыцы хицауиуæгады архайд хъуамæ реализаци кæнат Парламенты кусгæйæ», – бахахх кодта Цхуырбаты Мира.

Мадзалы раныхас кодта Дзабиты Иналы идæдз Содтиты Оксана дæр. Уый зыгъта, зæгъгæ, абоны онг дæр нæ зоны, йæ цардæмбалы йын цæй тыххæй амардтой, уый. Кæд ын Президент ныфс бавæрдта, уæддæр зонгæ нæу фæдысгарæн процессы æрмæджытимæ.

Мадзалы сæ хъуыдытæ загътой эксперттæ дæр æмæ æхсæнады минæвæрттæ дæр

Æхсæнады минæвар  Козаты Фатимæ та бахатыд депутаттæм, цæмæй бар райсой санкцион митинг ауадзыны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй адæм æнхъæлмæ кæсынц хицауиуæгады æрдыгæй дзуапмæ. Цæмæй митинг сабырæй уагъд æрцæуа, уый тыххæй та сæ хъæуы бар райсын».

Кæронбæттæны раныхас кодта Гаглойты Иринæ æмæ загъта, зæгъгæ, мадзалы алчи дæр загъта йæ хъуыды, нысан æрцыдысты абоны политикон кризисы аххосæгтæ дæр, фæлæ кризисæй рахизынæн цы саразын хъæуы, уый нысан не ‘рцыд.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.