Гуырдзыстон дарддæр  кæны Уæрæсейы ‘рдæм знагиуæгон архайд, хайад исы НАТО-йы «уромыны стратеги»-йы реализаци кæныны хъуыддаджы, фехъусын кодта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин.

«Известия»-йæн йæ интервьюйы уæрæсейаг дипломат сбæлвырд кодта гуырдзиаг-уæрæсейаг ахастыты политикон тыгъдады позитивон ивындзинæдты кæй нæй, хъус æрдарын кодта æхсæнадæмон аренæйы Тбилисы архайдмæ.

«Политикон фадыджы, хъыгагæн, позитивон тенденцитæ нæ фиппайдæуы. Тбилис раздæрау нæ разы кæны дипломатон ахастытæ сæндидзын кæныныл, æхсæнадæмон фæзуатты дарддæр дæр кæны махы ‘рдæм йе знагиуæгон архайд, хайад исы Уæрæсейы бауромыны стратеги реализаци кæныны хъуыддаджы», – банысан кодта Карасин.

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй ахæм политикæ дарддæр дæр куы кæна, уæд ын уыдзæн йæхи фæстиуджытæ.

«Гуырдзиаг партнерты фæдзæхсæм, ахæм ахаст тæссаг у, 2012 азы нæ ахастытæ æрнывыл кæныны тыххæй цы процесс райдыдта æмæ нæ дыууæ бæстæйы адæм кæмæй пайда кæнынц, уымæн»,  – загъта Карасин.

Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн визæйон либерализацийы фæдыл дзургæйæ, уæрæсейаг дипломат банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуы фидæны æнæвизæйон режим бакæныны ныхмæ ницы зæгъы, фæлæ уыцы фарст скъуыддзаг кæнгæйæ, бахынцдзысты бирæ фактортæ.

«Визæйон либерализацийыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ 2015 азы Гуырдзыстонимæ визæйон режим фæхуымæтæг кодтам, æмæ ныр уыцы бæстæйы алы цæрæгæн дæр йæ бон у райса визæ Уæрæсемæ æрцæуыны тыххæй. Мах дывæрсыг бындурыл æнæвизæйон режим бакæныны ныхмæ ницы зæгъæм. Æцæгæй уый аскъуыддзаг кæнын та æндæр хъуыддаг у. Хъыг нæ дары, дипломатон ахастытæ нын кæй нæй, уый.  Хъуыддагыл æндавы дунейы вазыгджын уавæр дæр, кæцы æвдыст цæуы террористон æмæ æндæр тæссагдзинæдтæй, стæй æвæтк миграцийæ. Æппæт адонæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæй æнæхынцгæ», – бæлвырдæй загъта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.