РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады хаххыл  УФ-йы Краснодары университетмæ Хуссар Ирыстонæй цы курсанттæ ацыдысты, уыдонæн ардбахæрды сæраппонд   раарфæ кодта РХИ-йы ведомствойы сæргълæууæг Наниты Игорь æмæ ОМОН-ы командир Плиты Игорь. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

«Уæрæсейы Мидхъуыддæгты Краснодары университеты курсантты ард бахæрды цытджын церемони уагъд æрцыд уæлдæр ахуыргæнæндоны фæзуаты. Сæ службæйон хæстæ æххæст кæныныл ард бахордтой фондз фыццагкъурсоны, кæцытæ ацы аз æрвыст æрцыдысты Хуссар Ирыстоны  Мидхъуыддæгты министардæй.  Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь æмæ ОМОН-ы командир Плиты Игорь», – фехъусын кодтой ведомствойы.

Фидæны барадхъахъхъæнджытæ 5 азы хъуамæ ахуыр кæной, уый фæстæ сæ райгуырæн зæхмæ æрыздæхдзысты æмæ сæ службæ адарддæр кæндзысты Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.