Гуырдзыстоны бацыд НАТО-мæ гæнæн ис æмæ æркæна тæссаг конфликтмæ, – фехъусын кодта Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев.

Радиостанц «Коммерсанть ФМ»-æн йæ интервьюйы рæстæджы УФ-йы Хицауады сæргълæууæг йæ хъуыдытæ загъта Цæгататлантикон альянсы скондмæ Гуырдзыстоны бацыды фæдыл.

«Уый гæнæн ис æмæ æркæна тæссаг конфликтмæ, æмбæрстгонд нæу, цæмæн хъæуы уый»,- загъта Дмитрий Медведев.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн 2008 азы августы цы хæст уыд, уымæн уыд аиуварсгæнæн.

Куыд зонæм, афтæмæй 12 июлы НАТО- йы генсек Йенс Столтенберг ногæй бафидар кодта Брюселлы фæнд Гуырдзыйы альянсмæ райсыны тыххæй.

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин, йæхи фарсы ‘рдыгæй, уый размæ загъта, зæгъгæ, НАТО кæй уæрæх кæны Гуырдзыстон æмæ Украинæйы йе скондмæ исгæйæ, уый Уæрæсе райсинагыл нæ нымайы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.