12 ноябры Мæскуыйы УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Исæн хæдзары уагъд æрцыд РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд, афтæ ма дыууæфарсон хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг политикон консультацитæ.

Фембæлды рæстæджы лæмбынæг хъуыдытæ загътой дыууæварсон ахастыты боны фæткы ахсджиаг фарстаты, афтæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон позицитæ сфидар кæныны æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ сабырады тыххæй Женевæйаг фæзуаты æмархайд фæхуыздæр кæныны тематикæйы фæдыл.

Медойты Димитр банысан кодта Сергей Лавровы стыр хайбавæрд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг хæларадон ахастытæ сæндидзын æмæ фæдфæдылонæй рæзын кæныны, Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон позицитæ банымайын æмæ сфидар кæныны хъуыддаджы, афтæ ма бузныджы ныхæстæ загъта, УФ-йы фарсæрдыгæй политикон æмæ практикон æххуысы тыххæй.

Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр РХИ-йы æмæ УФ-йы æхсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл 10 азы сæххæсты цытæн «Æхсæнадæмон æмгуыстады стыр хайбавæрды тыххæй», РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты ведомствæйон майдантæ УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров радта УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг  статс-секретарь Григорий Карасин æмæ УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты Хæдбар Паддзахадты Цæдисы бæстæты Цыппæрæм департаменты директор Алексей Павловскийæн.

РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитры визит Мæскуымæ æмæ УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ йæ фембæлд, ахъаз уыдзысты дыууæ бæстæты æддагполитикон ведомствоты æхсæн æмархайд сфидар æмæ райрæзын кæнынæн.

Медойты Димитримæ йæ балцы сты УФ-йы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ УФ-йы РХИ-йы минæварады уынаффæгæнæг Джиоты Æхсар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.