Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ уæрæсейаг визæты тынг кæй фæрсынц, уымæ гæсгæ гуырдзиаг криминал хъæздыг кæны уыдонæй, – банысан кодтой Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады. Уæрæсейы æддагполитикон ведомствойы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григори Карасин Швейцарийы минæвар Ив Росьеимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой, Гуырдзыстоны Швейцарийы минæварады Уæрæсейы Федерацийы интересты секцийы алыварс уавæр кæй февзæрдæр, уый фæдыл.

«Карасин хъусдард аздæхта, фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны Швейцарийы минæварады Уæрæсейы Федерацийы интересты секцийы алыварс уавæр кæй февзæрдæр æмæ уый та у, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ уæрæсейаг визæты тынг кæй фæрсынц, ууыл бынæттон криминалон элементтæй чи хъæздыг кæнынц, уыдоны архайдтыты фæстиуæг», – загътой УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.

Ам ма банысан кодтой, Тбилисы уæрæсейаг фæсарæйнаг уагдоны алыварс уавæр цæхгæр кæй хицæн кæны Мæскуыйы гуырдзиаг минæварады алыварс цы æдыхст æмæ хæларзæрдæ уавæр ис, уымæй.

«Швейцарийы фарсæрдыгæй ныфс бавæрдтой, мадзæлттæ кæй райсдзысты, цæмæй гуырдзиаг хицауиуæгад фæтк æрæвæра ацы фарстайы», -загътой УФ-йы дипломатон ведомствойы.

Уымæй дарддæр ма Карасин æмæ Росье сæ хъуыдытæ загътой швейцариаг компани SGS-йы хайадистæй 2011 азы 9 ноябры райсгæ таможнæйон механизмты сæйрагдæр принципты тыххæй УФ-йы æмæ Гуырдзыстоны хицауадты ‘хсæн сразыдзинад реализаци кæныны перспективæты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.