Знон дунейы дзыллæйад банысан кодта Æрдз хъахъхъæныны бон. Нæ уацхæссæг фембæлд Хуссар Ирыстоны геологи, экологи æмæ æрдзы хæрзиуджытæй пайда кæныны комитеты сæрдар Бестауты Балаимæ æмæ йæм радта цалдæр фарсты.

– Бала, зæгъ ма, уæ коллектив цахæм æнкъарæнтимæ æмбæлы ацы бæрæгбоныл?

– Хорз æнкъарæнтимæ. Уымæн æмæ æрдз ацафон вæййы уæлдай рæсугъддæр. Нæ уагдоны кусджытæн сæ куыст баст у йемæ æмæ уымæй фенкъарынц уæлдай стырдæр æхцондзинад.

– Уæ куыст цас территорийыл аххæссы?

– Нæ ведомствойы хъусдарды бын ис æнæхъæнæй дæр Хуссар Ирыстоны территори, ома 3,9 мин квадратон километры.

– Уæ сæйрагдæр хæстæ цахæмтæ сты?

– Нæ сæйрагдæр хæстæй иу у нæ æрдзы санитарон уавæрмæ хъус дарын. Нæ хъæдтæ сты нæниз, уымæн æмæ сын зæхх дæтты хорз фадат.

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ адæм та цахæм ахаст дарынц, сæрыстыр æмæ буц кæмæй стæм, уыцы æрдзмæ?

– Сæ ахаст фæстаг азты фæхуыздæр дзæвгар. Æнæ бар райсгæйæ, кæм не ‘мбæлы, ахæм бынæтты нал лыг кæнынц бæлæсты.

Ис, æрдзмæ уæлæнгай ахаст чи дары, ахæмтæ дæр. Кæд цъус сты, уæддæр сыгъдæг æмæ æфснайд æрдзы цы брон ныууадзынц уыдон сындзау ныхсынц цæстыты. Нæхицæн нæй ахæм æххæстбартæ æмæ сæ ивар кæнæм, фæлæ дыккаг хатт ахæм фæткхалæн цау куы саразынц, уæд сæ дзуапп дæттын бахъæуы барадхъахъхъæнæг органты раз.

– Комитетæн разамынд кæнын куы райдыдтой, уæдæй абонмæ нæ æрдзы тыххæй цахæм абарст саразис?

– Ноджыдæр ма йæ зæгъон, хъæд раздæры азтæм абаргæйæ къаддæр цагъды цæуы æмæ уый фæрцы йæ уавæр фæхуыздæр дзæвгар. Комитеты сæрдары хæстæ æххæст кæнын райдыдтон аст азы размæ.

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ цы сты нæ æрдзы сæйрагдæр хъæздыгдзинæдтæ?

– Æнæгуырысхойæ мæ бон зæгъын у æмæ абон нæ æрдзы сæйрагдæр хъæздыгдзинæдтæ кæй сты нæ хъæдтæ. Цыфæнды æнкъард æмæ фæлладæй ма бацу се ‘хсæнмæ, адæймаг сæ уынд æмæ цымыдисондзинадæй схъæлдзæг вæййы, цыдæр фæвæййы фæллад дæр.

Нæ æрдзы хъæздыгдзинæдтæм ма, кæй зæгъынæй хъæуы хауынц, нæ цæугæдæттæ, нæ хъæдты бирæнымæц зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ.

– Æндæр бæстæты æнгæс ведомствæтимæ уын исты бастдзинæдтæ ис?

– Ацы фарст нæ абон æндавы тынг. Уымæн æмæ ахæм бастдзинæдты фæрцы дыууæрдыгæй дæр фæхуыздæр уаиккой не ‘нтыстытæ, æмæ уый æрмæст махæн нæ, фæлæ ма стыр пайда уаид бирæ æндæр бæстæты адæмтæн дæр. Бастдзинæдтæ саразыны тыххæй нæ разы слæууы, бирæ бæстæтæ нын нæ хæдбардзинад кæй нæма  банымадтой, уыцы зындзинад.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.