Чъехы къанау сырæзт ивгъуыд æнусы цыппорæм азты. Уæды областы разамынад хорз æмбæрста, цæмæй алыгъуызон хъæууонхæдзарадон культурæтæй истаиккой хъæздыг тыллæг, колхозтæ æмæ совхозтæ дыргъкуыст кодтаиккой, уый тыххæй хъуыд донхæры донæй сифтонг кæнын районты хъæуты быдырты. Кæд Стыр Фыдыбæстæйон хæст йæ тæккæ тæмæны уыд, уæддæр ацы ахсджиаг арæзтадмæ здæхтæуыд стыр хъусдард æмæ архайдтой йæ аразыныл. Доны ахадындзинад зыдтой цæрджытæ æмæ куыстой уæхскуæзæй, фæллад нæ зыдтой, сомбон æхсæнадон æмæ хисæрмагонд хæдзæртты зæххытæ донæй æфсæст кæй уыдзысты, уыцы ныфсæй.

Ацы къанау ныр дæр лæггад кæны хъæууон фæллойгæнджытæн. Йæ хъус æм дары паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци». Куыстуаты разамынад æмæ кусджытæ сæ куыстмæ дарынц бæрнон ахаст. Архайынц, цæмæй дон æнæкъуылымпыйæ хæццæ кæна быдыртæм.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы хистæр Хуыгаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уыдон ацы бонты æрæвнæлодтой Чъехы къанау сыгъдæг кæнынмæ. Техникæйæ бынтон ифтонг не сты, уымæн æмæ сæм цы зæронд трактор ис, уый арæх фехæлы. Æххуысы къух сæм фæдаргъ кæны Цхинвалы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хайад. Æппæт куыстытæ бакæнынæн сын æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта Хицауад. Хуыгаты Владимир зæгъы, зæгъгæ боныгъæдтæ хъарм кæй хæссынц, зæхх салд кæй нæу, уый  сын фадат дæтты, къанау афоныл ссыгъдæг кæнынæн. Куыддæр куыстытæ кæронмæ фæуой, афтæ къанауы дон рауадздзысты æмæ цæрджытæ дæр нал тыхсдзысты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.