Хæдтулгæйы хицауы кæддæриддæр фæнды, цæмæй йæ бæрныуæвæг техникæ йæ куыст кæна æнæкъуылымпыйæ, уыимæ йе ‘ддаг бакастæй дæр рухс кæна куыд йæхи, афтæ æддагон адæймæгты зæрдæ дæр. Фæлæ хатт бæрæг аххосæгтæм гæсгæ уыцы хæрзиуджытæй фæцух вæййы æмæ уæд,  кæй разы балæууы æххуысы охыл, уыдон фыццæгтæй вæййы, зест чи раст кæны, уыцы арæхстджын кусæг. Уысмы фæстæ фæлтæрд æмæ йæ хъуыддаджы дæсны кусæг бавналы йæ куыст æххæст кæнынмæ. Зæгъын хъæуы, цалынмæ йæ куыст кæронмæ фæуа, уæдмæ йæ бахъæуы алыгъуызон кусæнгæрзтимæ архайын, фæлæ уæддæр фылдæр йæ къухы вæййы дзæбуг, уый у йæ цæдисон æмбал.

Ацы зын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг дæсныйад равзæрста йæхицæн Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Джиоты Анатоли. Хæрзæвзонгæй бауарзта хæдтулгæимæ архайын,  йæ бакастæй кæддæриддæр иста æхцондзинад. Уый, нывыл куы уыд, уæд, фæлæ алкæд афтæ кæцæй уыдаид йæ раздæры уынд, хатт-иу бахауд бæллæхы æмæ уæд ды бакæс æмæ уымæ. Фæлæ ацы хъæуы фæзынд, хæдтулгæты сæ раздæры гаччы чи æрбадын кодтаид, ахæм фæлтæрд кусджытæ – æфсымæртæ Тегкаты Рудик æмæ Лев. Уайтагъд сæ ном айхъуыст æмæ сæ цехы æрлæууæнтæ дæр нæ уыд арзинаг машинæтæй. Джиоты æвзонг лæппуйы дæр бафæндыд уым бафæллой кæнын æмæ йæ хъуыды бамбарын кодта æфсымæртæн. Уæд куыстуарзаг лæппу йæ къухмæ райста дзæбуг æмæ  цыбыр рæстæгмæ фæхæст йæ дæсныйадыл, 6 мæйы фæстæ æнæ искæй æххуысæй æххæст кодта фæлхасгæнджыты домæнтæ. Уæдæй нырмæ рацыд 27 азы æмæ дзы уал азы дæргъы райгонд вæййынц, кæй бæрны бацæуы, уыцы хæдтулгæты хицæуттæ.

Иу бакастæй афтæ зыны, цыма æнцон куыст у. Фæлæ бынтон афтæ нæу, хатт бахъæуы æфсæйнаг тыхджын æрцæвын, стæй та дзæбугæй райхъуысы чысылдæр зæлланг. Уыдон дыууæ дæр хаты, дзæбуг кæй къухы ис, уый æмæ дзы нæ рантысдзæн уæлдай, æнæраны цæф. Дзæбуджы архайдимæ иумæ фæстæдæр сæ куыст бакæнынц къухы æнгуылдзтæ æмæ фæбæрæг кæнынц зесты раст æмæ аивдзинад. Уымæн æмæ Анатоли æмбары, йæ сæххæстгонд куысты фæстæ хæдтулгæмæ дарддæр кæй фæхæццæ вæййынц ахорæджы къухтæ. Зæгъын хъæуы, ахорæджы дырыс æмæ æнæаипп куыст кæнгæ кæй у зестгуыстгæнæгæй. Джиойы фырт никуы хъуыды кæны, йæ сæххæстгонд куыстмæ йын ахорæг искуы фау æрхаста. Афтæ æмæ йæ дæргъвæтин æмæ æнæзивæг фезмæлдæй алы хатт дæр бузныг æмæ райгондæй баззайы, йæ хæрзифтонг хæдтулгæйыл ногæй чи бабады, уый. Фæарфæтæ кæны, ногæй йæ цардмæ чи раздæхта, уыцы фæлтæрд æмæ йæ хъуыддаджы арæхстджын адæймагæн.

                                 Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.