доны ахадындзинад егъау у, æмбæлон æгъдауæй дзы чи пайда кæны, уый йæ зæххы фадыгæй райсы хъæууонхæдзарадон культурæты хъæздыг тыллæг. Цæмæй уымæй æмбæлон æгъдауæй пайда кæной, ууыл та æрвылаз дæр æппæты фыццаг бацархайы нæ республи-кæйы паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы коллектив. Донхæры къанау æмбæлон уагмæ æркæныныл ацы бонты кусынц æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Зындгонд куыд у, афтæмæй Леуахийы доны иу хай фæхицæн кæнынц Чъехы цур æмæ хæццæ кæны суанг Уелиты онг. Афтæмæй сезоны дæргъы æххæст кæны Цхинвал æмæ Знауыры районты хицæн хъæуты хисæрмагонд æмæ æхсæнадон хæдзарадты домæнтæ. Уымæй дарддæр ма цалдæр азы размæ Къостайыхъæуы быдырты иу хайы сырæзт фæткъуыбæлæсты дыргъдоны фæзуат «Южный сад» æмæ ацы донхæры дон дæр хæццæ кæны уырдæм.

«Мелиораци»-йы куыстуаты хистæр Хуыгаты Вадим куыд банысан кодта, афтæмæй къанау сыгъдæг кæнын райдыдтой Тъбеты цурæй æмæ цыбыр рæстæгмæ æрбахæццæ сты Къостайы хъæуы онг.Цæмæй кусынæн æмбæлон уавæртæ уа, уый тыххæй къанауы фæйнæ фарс къутæртæй сыгъдæг кæны тракторист Гуыцмæзты Инал. Уый фæстæ та  Плиты Маир йæ хъомысджын техникæйы фæрцы æрæвналы къанау сыджыт æмæ æндæр быронæй асæрибар кæныныл. Кусынæн бæзгæ бонтæ кæд фæкæна, уæд ацы бынаты æппæт куыстытæ сæххæст кæндзысты цыбыр æмгъуыдтæм. Хуыгайы фырты ныхæстæм гæсгæ доны хъуагдзинад тынг æййафынц Ленингоры районы Цъинагар æмæ уымæ æввахс хъæуты цæрджытæ, дæр æмæ ам фарст æрбæстон кæнын у зындæр, гуырдзиаг хъæуты цæрджытæ дзы кæй пайда кæнынц, уый аххосæй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.