Фыдбылыз йæ фæстаг къахæй ничи ахсы, йæ къух æм барвæндонæй ничи бадаргъ кæндзæн, ничи йæм бабæлдзæн… Æрцæуы йæхæдæг, кæннод та –  ныхыфыстæй аирвæзæн нæй, нæ дзы бамбæхсдзынæ…

Фыдбылыз нæ агуырдта Битарты комбæстыаргъ лæг Хъазбег дæр – Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хистæр æфсымæр. Нæ йæ фæндыд йæхицæн дæр æмæ искæмæн дæр æнамонддзинад æрхæссын. Фæлæ йын æй æрхаста йæ ныхыфыст: бабын кодта кæйдæр хæдзарыдзаг, цæрынхъуаг бинонты дæр æмæ йæхи дæр.

Фæлæ ма иу хатт уæддæр ныккæсæм рæстдзинады цæстытæм, иу хатт нæм уæддæр разынæд, цы ‘рцыд, уый цæмæн, куыд æмæ кæй аххосæй æрцыдаид, уый равзарыны лæгдзинад. Фæлæ никæйуал февдæлы уымæ, уымæн æмæ нæ искæуыл æнамонд хабар куы сæмбæлы, уæд йæ фарсмæ чи балæууа, йæ рыстæй йын йæхимæ чи райса, ахæмтæй фæфылдæр вæййынц, искæй æнамонддзинады амонд чи агуры, уæлбæхæй нартхор тонын чи уарзы, ахæмтæ…

Уыцы æнамонд бон… Лæг цыд йæ фæндагыл, фæндагæй йæм цы хай  æмбæлд, уыцы уаццагæй иу уылынг дæр иуварс нæ ахызт, афтæмæй йæ ныхмæ фæцис кæйдæр машинæ… Хъазбеджы аххос нæ уыд, уыцы æнамонд йæхæдæг фехæлдта фæндагон æдасдзинады нор-мæтæ. Афтæ зæгъынц фæндагон-транспортон цаутæ иртасæг специалисттæ дæр, уыцы æнамонд хабарæн æвдисæн чи уыд, уыцы бæлццæттæ дæр æмæ æнамонд хабары бабынуæвæг бинонты хиуæттæ дæр.

Дзырд дæр ыл нæй, куыдфæндыйæ дæр закъоны бæрцбарæнты цæстæнгасæй фыдгæнæг, фыдбылызхæссæг у. Фæлæ ацы æнамонд хабармæ лæгдзинады, адæймагдзинады цæстæй куы æркæсæм, уæд цы аххосджын уыд? Искæй марынмæ нæ хъавыд, расыгæй не сбадт рулыл, иу мисхалы бæрц дæр фæндагон æдасдзинады фæткойтæ нæ фехæлдта… Мæгуыр, дам, чи амæлы, уый у, фæлæ æнæнхъæлæджы искæй чи амара, уый дæр мæгуыр у, уымæн æмæ дæхи лæгмарыл куы нымайай, уæд цæргæ нал кæныс, уæд хъизæмар кæныс…

Æмæ фервæзт йæ хъизæмарæй, мæгуыр, бæлвырддæр зæгъгæйæ, йæхи дзы  фервæзын кодта, Зджыды хъæуы, сæ мад æмæ сæ фыды хæдзары йæхи фехста…

Диссаг уый у, æмæ фыдбылызы чи бахауд, уыцы хæдзарыдзаг бинонты хиуæттæ сæхæдæг Хъазбеджы аххосджыныл нæ банымадтой æмæ нæ нымайынц. Уыцы æнамонд бинонты: æрыгон æмкъæйттæ æмæ сæ дыууæ –  æхсæзмæйдзыд æмæ афæдз æмæ æрдæгаздзыд сывæллоны куы æвæрдтой, уæд сæм ныццыдысты Битарты мыггаджы минæвæрттæ дæр. Æмæ сæм зул цæстæй дæр ничи бакаст, сылгоймæгтæ сæ цъах-цъах æмæ фидистæй сæхимæ никæй æркæсын кодтой, сæ размæ кæугæ рацыдысты зианджынтæ æмæ се ‘намонддзинадыл иумæ фæкуыдтой. Сывæллæтты нæ дæр чырынты ны-вæрдтой, нæ дæр сæ, пысылмон æгъдаумæ гæсгæ тухгæ скодтой – сæ къухты сæ, сывæллоны хъæбысы куыд фæхæссынц, афтæ ахастой уæлмæрдмæ…

Бынсæфт, хæдзарсæфт чи фæцис, уыцы зианджынтæм, æндæр диныл хæст, æндæр нацийы адæммæ разынд, фыдбылыз чи сарæзта, уыцы адæймаджы бамбарыны хъару æмæ зонд, фæлæ бынтондæр кæуыл ницы уæз æрцыд, уыдон-мæ, йæхи туг æмæ стæг ирон адæммæ нæ разынд æнамонд лæджы фарсмæ балæууын, ныфсытæ йын авæрыны лæгдзинад æмæ зонд…

Цæмæн? Уымæн æмæ абон Цæгат Ирыстоны сæргъ чи лæууы, уый дæр хæргæ æмæ давгæ нæ кæны, йæ адæмы хæрзиуæгæн кусгæ æмæ аразгæ кæны æмæ йын цы хъуамæ æрхæссой йæ ныхмæ, цæмæй йæ хъуамæ бафтауой йæ адæмы цæсты, цы ‘фсон ын хъуамæ скæной йæ ныхмæ адæмы?!.

Æмæ та, ам дæр спайда кодтой кæйдæр æнамонддзинадæй…

Цы ма сæ урæдта – фыстой йæм æмæ йæм дзырдтой, йæ уд ын æрдуйы нарæгæн скодтой, хахуырты, фидисты зæй йыл рауагътой интернет-хызæджы. Сæ алы æфхæрæн, сæ алы цъыфкалæн ныхас дæр здæхт уыд уымæ: иугæр йе ‘фсымæр хицау у, уæд æй æмбæрзы, йæ арм ыл æвæры. Ницы дзы уыд ахæмæй: лидзинаг никæдæм уыд, æмбæхсгæ нæ кодта, йæхæдæг куырдта, закъонмæ гæсгæ йæм цы æф-хæрд æмбæлы, уый. Фæдагурæн-æвзарæн мадзæлттæ кæронмæ фæуыдаиккой æмæ сбадтаид, цас рæстæг ын рахастаиккой, уый бæрц рæстæг. Фæлæ махмæ уый бæрц культурæ кæд уыд æмæ закъоны домæнтæ сæххæст кæнынмæ, кæронбæттæн хат-дзæгмæ банхъæлмæ кæсæм?.. Иугæр дæ къухты баст цыбыр у, кæдæм бавналын дæ фæнды, уырдæм не ‘ххæссыс, хицауы бынаты чи бады, уый ныхмæ дын æрхæссинаг ницы ис, дæхи кæнæ дын де ‘ввахс адæймаджы хæрæн бынатæй систа кæнæ стыр бынаты нæ баурæдта, уæд хъуамæ спайда кæнай искæй æнамонддзинадæй, уæдæ куыд!..

Æмæ дæ афтæ дзурын дæр нæ уадзынц!..

Рæстдзинады сæрыл, дам, кæй дзурæм, уый, дам, искæй æнамонддзинадæй пайда кæныныл цæмæн нымайут…

Уымæн æмæ афтæ у!

Битарты Хъазбеджы йæхи марынмæ чи ‘ркодта, уыдоны зæрдæтæ сæ бинонтæй тынгдæр фæрысты уыцы æнамонд удтыл?..

Æмæ стæй рабадæм æмæ æддагон знæгты кой кæнæм, нæхæдæг нæхи къу-хæй кæй мæлæм, нæхи зынгæй кæй судзæм, уый нæ ферох вæййы… Уыцы æнамонд бинонты хистæр, йе ‘фсымæртæ æмæ уыцы æфсымæрты кæстæртæ Битарты Хъазбегæн Кæсæгæй Ирыстонмæ ныфсы, хиуылхæцыны ныхæстæ æрвыстой, нæхи ирон адæм та йын йæ рыст уд ноджы къуымых кардæй хуынчъытæ кодтой!..

Битарты Вячеслав йæ былыцъæрттæ хордта, цæмæй йе ‘фсымæр  кæйдæр хæ-дзарыдзаг бинонты бацарæфтыд кодтаид? Кæцæй, фæлæ йыл цъыфкалæн кодтой, фыстой йыл алы диссæгтæ – «Битаров лæг куы уаид, уæд йе ‘фсымæр цы сарæзта, уый фæстæ йæ бынатæй дæр хъуамæ ацæуид æмæ йæхи дæр агæрах кæнид», – æмæ афтæ дарддæр. Ныр уæ цы зæгъын фæнды: ахæм цыдæртæ чи фыста æмæ парахат кодта, уыдоны кæйдæр æнамонддзинад æндæвта æви Битары фырт йæ бынатæй ацæуа, уый?..

Нæй афтæ цæрæн, бæлвырддæр зæгъгæйæ, нал ис афтæ цæрæн!

Битарты Хъазбеджы æвæрæн бон, куыд фæзæгъынц, адæм зæххæн уæз кодтой. Цыдысты æмæ цыдысты: æнæхъæн бинонтæй æнæхъæн организацитæй, æнæхъæн сыхбæстæй, æнæхъæн хъæубæстæй… Уый тыххæй нæ, цæмæй йын йе ‘фсымæры зæрдæ балхæной… Вячеслав уыцы мæрддзыгой адæмæн сæ нæуæдз проценты уынгæ дæр нæ фæкодта, чи уыдысты, уый дæр нæ базыдта, уымæ йæ не ‘вдæлд, уыдæттæ йæ не ‘ндæвтой. Хъазбег йæ адæмуарзондзинад æмæ æвирхъау мæлæтæй йæхæдæг æрхуыдта уый бæрц адæмы. Мыггаджы, сыхбæсты номæй кæрты чи лæууыд, уыцы хистæртæн-иу ирон æгъдаумæ гæсгæ тæфæрфæс ракодтой, æмæ-иу сæргуыбырæй ацыдысты. Кæд зианджынты кæрт дардыл у, уæддæр дзы мæрддзыгой адæмæй ал-кæмæн нæ уыд æрлæууыны бынат. Чи дзы æрлæууыд, уыдоны ‘хсæн уæддæр æмæ уæддæр разынд, мардæй дæр æмæ мæрддзыгой адæмæй дæр чи не ‘фсæрмы кодта æмæ уым дæр «агитацион куыст» чи кодта, ахæмтæ. Амыты-уымыты сæ хæрам, сæ удты марг лæмæрстой æнкъард æмæ æрхæндæгæй лæууæг адæмыл…

Уалынмæ зианджынты кæрты æд венок сæркъулæй æрлæууыдысты  Кæсæгæй æрцæуджытæ, аварийы чи бацарæфтыд, уыцы бинонты хиуæттæ. Хæдзары хистæр, иунæг, æнæмæнузæгъæгæй чи баззад, уыцы зæронд лæг, мыггаджы хистæртæ, æввахс хæстæджытæ æмæ сыхæгтæ. Уыдон дæр тæфæрфæс ракодтой зианджынтæн, æмæ сын загътой, зæгъгæ, иу æнамонддзинад йæ фæдыл расайдта дыккаг æнамонддзинад, фæлæ, мах хæсджын стæм, цæмæй фыдæх тауыныл ма архайæм, фæлæ кæрæдзиæмбарынадыл, Кавказы æдасдзинадыл…

Тæхуды, ахæм ныхæстæ æцæгæлон адæмæй нæ, фæлæ нæхæдæг нæхицæй куы фехъуыстаиккам!..

Цы кодтам, цы ныл æрцыд, ирон адæм?..

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.