Къуырисæры, Национ музейы байгом уыдзæн æзонг нывгæнджыты равдыст. Экспозицийы æвдыст æрцæудзысты куыд райдайгæ авторты куыстытæ, афтæ профессионалон цæдисы скондмæ чи бахызт, уыдон дæр.

Музейы директор Зассеты Мераб куыд банысан кодта, афтæмæй аивад парахат кæнын, уыцы нымæцы æзвонг нывгæнджыты сфæлдыстад, у музейы хæстæй сæ иу.

«Махæн нæ бон цы у саразын, цæмæй æвзонг нывгæнджытæн баххуыс кæнæм, уый у дарддæры сфæлдыстадмæ сæ разæнград кæнын, сæ куыстытæ сын публикæйæн æвдисын, кæсджытимæ ныхас кæныны фадат дæтгæйæ. Банысан кæнын мæ фæнды, музей йæ райдианы дæр нæ уыд æххæст равдыстон архайдæн, фæлæ нывты кæцыдæр нымæц гæнæн ис сæвæрын фойейы. Нæдæр тематикон æгъдауæй, нæдæр жанрон æгъдауæй, мах нæ арæн кодтам нывгæнджыты. Куыстытæ цъус сты, уыдон сты алыгъуызон профессионалон дæсныйады æмвæзадыл, фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, нывтæн сæ бон у иумæйаг æмбарынад равдисын, цахæм здæхтыл цæуы Хуссар Ирыстоны æзонг нывкæнынады аивад. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны къухдариуæгадæн, афтæ ма Сырх дзуары комитетæн  равдыст сорганизаци кæныны фæдыл æххуысы тыххæй», – загъта уый.

Равдыст «Æвзæнгты сфæлдыстад»-ы æвдыст æрцæудзысты Джиоты Владимир, Дыгъуызты Мария, Хуыгаты Виктория, Джиоты Заринæ, Кокойты Валерия æмæ æндæр авторты куыстытæ. Æдæппæт сты æртындæс куысты бæрц.

Равдыстон экспозици райдайдзæн къуырисæры, 1-æм февралы, æмæ ахæсдзæн дыууæ къуыри.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.