Хуыцаубоны изæрæй нæ республикæйы Национ музейы байгом ис къамты равдыст ахæм номимæ «Бузныг, Уæрæсе!», зæгъгæ.  Равдыст сæрмагондæй гом æрцыд, 2008 азы хæстон цаутыл 14 азы кæй сæххæст, уыцы трагикон бонтæм. Цæттæ та йæ бакодтой Хуссар Ирыстоны уæвæг 4-æм гвардион æфсæддон базæ æмæ ма сæм се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтой музейы кусджытæ дæр.

Мадзалмæ фæуазæг сты бæстæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Цæгат Ирыстоны делегаци РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар Алексей Мачневы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, æндæр бæрнон кусджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Равдысты æдæппæт уыд 14 къамы, фæлæ сæ мидис егъау уыд. Къамтæ дих сты дыууæ хайыл æмæ дзы иуы уыд хæсты хæдфæстæ ист къам, иннæйы та – абоны бон та цахæм у уыцы бынат, кæнæ бæстыхай. Фенæн дзы ис Парламенты, Национ библиотекæйы, Хицауады, ХИПУ-йы æмæ ма æндæр бæстыхæйтты пырх æмæ сыгъдæй. Æфсæддонтæ йæ схуыдтой «Куыд уыдис æмæ ныр куыд у».

Музейы директор Зассеты Мераб уазджытыл фембæлгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, бæрæгбонон мадзалыл нымад нæу ацы равдыст æмæ мыл не ‘мбæлы «табуафси» зæгъын. Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны сæндидзыны хъуыддагмæ Уæрæсе стыр хайбавæрд бахаста æмæ уымæ гæсгæ ацы къамты равдыстæн дæр уымæн радтой ном «Бузныг, Уæрæсе!».

«Уæрæсейы фæрцы фæлæууыдыстæм знæгты ныхмæ æмæ систæм хæдбар паддзахад. Абоны бон та архайæм нæ кæстæртæн хорз сомбон саразыныл æмæ та ам дæр Уæрæсе ис нæ фарсмæ. Ацы къамты равдысты дæр бæрæг у, цахæм егъау у сæ хайбавæрд. Æмæ, æвæццæгæн, диссаг дæр уымæн нæу, уæрæсейаг æфсæддонтæ кæй бацæттæ кодтой ахæм диссаджы æрмæг ирон адæмы мысæн бонмæ. Уымæн æмæ ацы æфсæддонтæ дæр ирон лæппуты фарсмæ уыдысты зын сахаты æмæ ма абоны онг дæр æнгомæй архайæм иумæ Ирыстоны æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддагыл», – зæгъы музейы директор.

Зассеты Мераб уазджыты зæрдыл æрлæууын кодта, 2008 азы Ирыстоныл туджы зæйтæ кæй рауагътой нæ сыхаг фашисттæ, фыдмард кæй кодтой нæ республикæйы цæрджыты æмæ нын арт куыд бафтыдтой нæ уæзгуытыл.

«Ахæм æбуалгъ митæ никуы хъæуы рох кæнын. Уымæн æмæ фашизм аккаг ныхкъуырд куынæ баййафы, уæд та  тау суадзы. Уымæн абон мах æвдисæн стæм постсоветон тыгъдады», – банысан кодта Зассеты Мераб.

Къамты равдыст музейы цæудзæнис иу къуырийы дæргъы. Уый фæстæ къамтæ лæвары хуызы лæвæрд æрцæудзысты музейæн æмæ уый тыххæй Зассеты Мераб стыр бузныджы ныхæстæ загъта 4-æм æфсæддон базæйæн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.