Цхинвал æмæ Знауыры районты цæрджытæй зымæджы мæйты арæх æрбацæуы хъæстытæ, хъæддаг сырдтæ — арс, бирæгъ, хъæддаг куыйтæ (шакалтæ) сын сæ фосмæ кæй лæбурынц, уый фæдыл. Арæх аргæвдынц фос хæдзæрттæм æввахс.

Ивгъуыд азы Знауыры районы Калеты хъæуы хъæддаг сырдты амæттаг баисты дзæргъ æд хъыбылтæ. Уымæй бон фæстæдæр та арс бахордта роды. Хъæубæсты цæрджытæ бахатыдысты Балтайы хъæуы цæрæг, хъæдгæс Плиты Лаврикмæ, цæмæй сын баххуыс кæна æмæ сæ фервæзын кæна ацы тугдзых сырдтæй. Фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй Знауыры районы хъæдтæ Нагутни æмæ Бухары комы иу хай нымад цæуынц тобæгонд бынæттыл. Нæй ахæм бынæтты сырд марыны бар. Йæ амарыны тыххæй ивар у 60 мин сомы.

Канд Знауыры районы цæрджытæ нæ, фæлæ зымæджы мæйты ахæм зындзинæдтæ æвзарынц, Цхинвал æмæ Ленингоры районты хъæуты цæрджытæ дæр. Дменисы хъæуы ивгъуыд аз Дудайты бинонты хæдзары кæрты арс бахордта дыгæрдыг. Цалдæр хатты уыд ахæм цаутæ, сæрвæтты фос хизыны рæстæджы, фыййæутты раз бирæгъ аргæвста стур. Раздæр-иу бирæгътæ кæд дзæгъæл фосыл нæ ауæрстой, уæд фæстаг цалдæр азы та лæбурынц, комкоммæ, хъæумæ. Цалынмæ адæмы къухты æхсæнгарз уыд, уæдмæ хъæуты цæрджытæ архайдтой сæхи сырдтæй бахъахъхъæныныл. Фæлæ сæм ныр суанг кæртмæ цæуын райдыдтой. Стæй ма хъæууон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ветеринарон дохтыртæ амонынц, зæгъгæ, сырдтæ сты алыгъуызон низ парахатгæнджытæ — гæбæрниз, трихиннелез, æрраниз. Уыцы низтæ тæссаг сты адæймаджы цардæн. Тугдзыхтæ кæртмæ куы бахизынц, уæд, гæнæн ис, æмæ сæ дзæмбытыл бахæссой ацы тæссаг низтæ. Ахæм цаутæ дæр иу æмæ дыууæ хатты не ’рцыд.

Æрдзон ресурсты комитетмæ зымæджы мæйты хæххон хъæутæй, куырдиаттæ арæх бацæуы. Цæмæй сын бар радтой, тугдзых сырдтæй зиан чи хæссы хъæууон хæдзарадæн, уыдон æхсынæн. Комитет ивгъуыд аз фæндон рахаста, цæмæй цуанонтæн сырд марыны бар уа, хъæумæ тугдзыхтæ куы лæбурой, уæд.

Советон дуджы махмæ уыд цуангæнджыты цæдис, уыд ын йæхи административон бæстыхай. Фæлæ 1992 азы ацы организаци ныппырх æмæ æхгæд æрцыд. Къорд азты ацы организаци юридикон æгъдауæй сæндидзын кæныныл архайдта зынгæ цуангæнæг Букуылты Чермен. Райдайæны йæхи фæрæзтæй цыдæртæ самал кодта цуангæнджытæн. Республикæйы районты цуангæнджыты телефонты номыртæ æрæмбырд кодта. Цæрджытæ-иу сæм хъæстмæ куы æрбадзырдтой, уæд-иу сæм æххуысмæ араст сты. Сырдтыл цуан кæнын-иу райдыдтой 15 октябрæй. Иу сезон-иу сын бантыст цалдæр бирæгъы амарын, фæлæ цуаны хабар чи зоны, уый хорз æмбары, бирæгъ амарын зын кæй у. Дыууæ-æртæ боны уæддæр хъæуы йæ фæдыл цæуын. Æнæ машинæйæ та сæ фæдыл рахау-бахау у зын. Кæддæрты сын ацы хъуыддаджы баххуыс кодтой Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ. Авæрдтой-иу сæм, митыл, стæй хæрдты хорз чи цæуынц, ахæм машинæтæ, æххуыс сын кодтой æртагæй дæр. Нæмыг та-иу самал кодтой сæхæдæг.

Цуангæнæджы хъæуы сæрмагонд дзаума, кæцы митæй ма хъуамæ хуылыдз кæна. Стæй, тугдзых сырд куы амара, уæд ын марæггаг хъæуы исты бафидын. Цæвиттон, Цæгат Ирыстоны-иу бирæгъ амарæггаг цуанон хорзæхджын цæуы 10 минæй, фæлæ махмæ та 2 мины бæрц. Уымæ гæсгæ цуанонты æхсæнад пырх кæнын райдыдта. Цы иугæйттæ ма дзы аззад, уыдон та архайынц сæхи хъæппæристæй.

Уазæгты Марфа