Сæрдыгон бонты фосмæ алыгъуызон низтæ æмхиц кæй сты, уымæ гæсгæ се ‘нæниздзинадмæ уæлдай хъусдард здахынц ветеринарон службæйы кусджытæ.

Ацы бонты нæ республикæйы архайæг фермерты фос бабæ-рæг кодтой РХИ-йы хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон службæйы кусджытæ æмæ зоотехниктæ. Уыдон фосыл ахæм азылд саразынц æрвылаз дæр, цалынмæ фос хизæнуæттæм нæ аскъæрынц, уæдмæ. Ахæм азылд ма фосыл саразынц фæззæджы дæр, фос зымæгмæ куыд цæттæ сты, æмæ скъæттæ дезинфекци æрцыдысты, æви нæ, уый тыххæй.

Ветеринарон дохтыр Лолоты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй фосæн сæрдыгон хизæнуæттæм нæй гæнæн ауадзæн, цалынмæ кæрдæг 10 сантиметр ссæуа, уæдмæ,  уымæн æмæ кæрдæг фæриссын кæны фосæн сæ гуыбынтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй бирæ фермæты ис цухдзинæдтæ æмæ сæм хъæуы хъусдарын. Цæвиттон, скъæттæ вæййынц чысыл æмæ фос та – бирæ. Владимир куыд зæгъы, афтæмæй кæрæдзимæ æввахс цы фос баст вæййынц, уым вæййы антисанитарон уавæр дæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ родтæй дæр бирæ ис рынчынтæ, фæзыны сыл уыдырны, уый та нысан кæны, се скъæтты сыгъдæгдзинад кæй нæ вæййы.

Ветдохтыры хъуыдымæ гæсгæ советон хицауад куы фехæлд, уæдæй фæстæмæ иунæг фермер дæр зымæг продукци никуы райста, нæдæр сæ уæз фылдæр кодта стурæн. «Раздæр фосæн цæттæ кодтой силос æмæ сенаж. Уыдоны мидæг ис алыгъуызон витаминтæ æмæ сæ стур куынæ бахæра, уæд уый æхсыр не ‘ркæндзæнис зымæгон рæстæджы, нæдæр йæ уæзмæ бафтаудзæнис.

Йæ фос зымæг продукци кæмæн дæтты, уый у Гобозты Алан. Фæлæ уый дæр æввахс нæ лæууы зæххы куыстмæ. Уый та сын хæрын кæны комбихоллаг æмæ уый фæрцы исы æхсыр æмæ фыдызгъæл дæр. Ныртæккæ ис ног технологитæ æмæ уыдонмæ гæсгæ цæттæ кæнын хъæуы силос æмæ сенаж дæр æмæ уæд æнæмæнг зымæг дæр райсæн ис  æхсыр», – загъта уый.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ адæмæн сæ алыварс цы хуымзæххытæ уыдис, уыдон фестын кодтой сæрвæттæ. Афтæ-мæй хуым нал цæуынц. Фосæн та байтауын хъæуы сæхи кæрдæг. Сæрды фос скъæрын хъæуы хæххон сæрвæттæм. Зæххытæ хуым кæй нал цæ-уынц, уый ма ноджыдæр сæв-зæрын кодта иу тасдзинад. Фылдæрæй фылдæр кæнынц джыбытæ. Уыдонæй, æгæрыстæмæй, ис ахæмтæ æмæ афæдз дæттынц æртæ цæуæты дæр. Уыдон та тынг тæссаг сты куыд стуртæн, афтæ адæймагæн дæр. Уыдон цæрынц тугæй æмæ фæагурынц тугдадзинты æмæ уæд буармæ бауадзы ахæм тæссаг низ, куыд пероплазмаз. Уымæй дарддæр ма джыбытæ сæ къæхтыл хæссынц ахæм тæссаг низтæ, куыд туберкулез, сыбыраг хæлмагниз, бруцеллез æмæ æндæртæ. Бæлвырд у, африкæйаг емынæ дæр джыбытæ сæ къæхтыл кæй хæссынц, уый.

Афтæ, уæдæ, джыбытæн сæ сæйраг знаг сты, хуымзæххытæ хуым куы цæуой, уæд уый. Уый куынæ уа,   уæд уыдон фæззæджы абырынц зæххы æмæ та рабырынц уалдзæджы. Стуртæ та куыддæр хизынмæ ацæуынц, афтæ   сыл бафтынц. Фосæн уæд хъуамæ саразай судзинтæ æмæ уыцы хос та йæ туджы баззайы 28 бонмæ. Уыцы рæстæджы цы æхсыр радты, уый та вæййы хъæстæ. Цæмæй афтæ ма уа, уый тыххæй та сæ хъæуы сæрдыгон хизæнтæм аскъæрын, зымæгон та сын æрцæттæ хъæуы æмбæлон холлæгтæ. Уымæй дарддæр ма фермертæ сæ фос хъуамæ æргæвдой сæрмагонд бынæтты, кæннод вæййы афтæ æмæ сæ быдыры дæр куы аргæвдынц, уый та æвзæрын кæны антисанитари æмæ тæссагдзинад», – загъта йæ ныхасы кæрон Лолоты Владимир.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.