ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани»-йы къухдариуæгад дарддæр кусы командæ фæтыхджындæр кæныныл. Уый тыххæй хъавынц командæмæ ног футболистты æрбахонын. Ныртæккæ сæ хъус дарынц Ирыстоны футболон скъолайы æртæ хъомылгæнинагмæ – Воронежы «Факел»-ы хъазæг Хайманты Игорь æмæ Станислав Бучневмæ, афтæ ма Цхуырбаты Валеримæ, кæцы æрæджы ацыд Ярославы «Шинник»-æй.   

Дзыллон информацион фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ма «Алани» йæ дæлбар бакæндзæн командæ «Спартак-Владикавказ»-ы, кæцы финансон проблемæты аххосæй ныппырх. Йæ ном ивд æрцæудзæн «Алани-2»-мæ æмæ уыдзæн куыд командæйы фарм-клуб, афтæ. Уый хъаздзæн Профессионалон футболон къорды (ПФЛ).

Ацы бонты ма Transfermarkt ныммыхуыр кодта Профессиоалон футболон къорды «Хуссар» зонæйы хуыздæр тренерты рейтинг. Ам дыккаг бынатыл цæуы «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак.

ТОКИОЙЫ ОЛИМПИАДÆЙЫ ТЫХХÆЙ

Японы хицауад æмæ Токиойы Олимпиадæйы организацион комитет фæнд кæнынц хъæзтытæ фæхуымæтæгдæр режимы ауадзыны вариантыл, дунейы коронавирус кæй апарахт, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Токиойы губернатор Юрико Коикэ. «Мах æркæсдзыстæм алыгъуызон варианттæм, уыдоны ‘хсæн ис форматы рационализаци. Уыимæ махæн æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй нæ бамбарой не ‘мбæстæгтæ», – банысан кодта губернатор.

Уый размæ бæстæйы егъаудæр газет «Иомиури» фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæйы хицауад кæй фæнд кæны Олимпиадæ æххæст форматы ауадзын. Фæлæ коронавирусы уавæр вазыгджын кæй у, уымæ гæсгæ æркæсдзысты Хъæзтытæ фæхуымæтæгдæр режимы ауадзыны вариантмæ.  Куыд хъусынчындæуы, уымæ гæсгæ гæнæн ис фæкъаддæр уа Олимипион хъæзтытæ байгом кæныны æмæ сæхгæныны церемонийы хайадисджыты нымæц. Афтæ ма хъæзтыты рæстæджы стадионты спортуарзджыты нымæц уыдзæн къаддæр.

Япойнаг фарс æркæсдзæн коронавирусы тыххæй æнæмæнгæйдæр тесттæ ауадзыны вариантмæ æрмæст спортсментæ æмæ командæты уæнгтæн нæ, фæлæ ма спортуарзджытæн се ‘ппæтæн дæр. Афтæ ма гæнæн ис æмæ спортсментæн Олимпиадæйы хъæуæй æддæмæ ацæуыны бар ма уа.

Токиойы Олимпиадæ хъуамæ уагъд æрцыдаид 2020 азы 24 июлæй 9 августы онг. Фæлæ коронавирусы пандемийы аххосæй Олимпион хъæзтытæ хаст æрцыдысты  фæстæдæр æмгъуыдмæ æмæ уагъд æрцæудзысты 2021 азы 23 июлæй 8 августмæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.