Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æрсидт æмбæстæгтæм, цæмæй бæрнондæр ахаст дарой, коронавирус апарахат кæнын ма бауадзыны тыххæй республикæйы цы мадзæлттæ уагъд ццæуы, уыдонмæ.

«Мах хъуамæ æмбарæм, коронавирус цы тасдзинад хæссы, уый, æмæ æмбаргæ ахаст дарæм фæкъуындæггонд мадзæлттæм, кæцытæ бакондæуыд Хуссар Ирыстоны, сæрмагондæй та – республикæмæ æрбацæуæнты», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта, абон республикæйы эпидемиологион климат цæмæй нывыл уа, ууыл чи  кусы, уыдонæн. Уыдоны нымæцы сты Хуссар Ирыстоны Фæлхасгæнджытæм хъусдарды (Юго-Осетпотребнадзор) комитеты, Арæнхъахъхъæнæг управленийы, барадхъахъхъæнæг органты, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады, Россельхознадзоры æмæ æндæр организациты кусджытæ, кæцытæ архайынц вирусы гæнæнуæвæг хæсджытимæ.

Сæрмагонд арфæтæ загъдæуыд, республикæмæ хæлцадон продукттæ, арæзтадон æрмæджытæ æмæ чи ласы, уыцы шофыртæн, кæцытæ æмбарынц, карантин  æххæст кæнын сæ кæй хъæуы, афтæ ма кæй æмбарынц сæ куысты бæрндзинад æмæ тасдзинад.

«Се ‘мбарындзинады тых-хæй сын бузныг. Сæ хæс-тæджыты æмæ республикæйы раз бæрндзинад чи æнкъары, растæндæр ахæм адæймæгты руаджы мах стæм уыцы паддзахадты æмæ республикæты нымæцы, цыран нырма нæй коронавирус», – загъта уый.

Бибылты Анатоли бахæс кодта æнæниздзинад хъахъ-хъæныны министр Тотчиты Георгийæн, цæмæй Цæгат Ирыстон-Аланийы йæ коллегæтимæ бакусой ИВЛ-ы аппараттæй сын баххуыс кæныны фарстыл.

«Ацы фарст бирæтæм раст нæ кæсы, фæлæ уыдонимæ æз разы нæ дæн . Фыццаджы уал уый, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй махмæ фаг ИВЛ-тæ ис. Махæй искæмæн йе ‘фсымæр рынчын куы уа, æмæ йæм хос куы уа, уæд цымæ исчи ахæм разындзæн, æмæ йе ‘фсымæрæн хос нæ ратдзæн, йæхи куы бахъæуа, уый тыххæй? Ирыстоны цæгаты не ‘фсымæртæ цæрынц æмæ сын баххуыс кæнын махæн нæ хæс у», – загъта Президент Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры сæргълæууæгæн.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, «æфсымæртæн æххуыс æнæмæнгхъæуæг у, фæлæ республикæйы дæр цæттæ хъуамæ уæм гæнæнуæвæг уавæрмæ. Афтæ хъуамæ саразæм, цæмæй уыцы фадыджы республикæ мацæмæй фæцух уа». 

Республикæйы ахуырадон уагдæтты ахуырадон процессыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ныхас кодта бацæуæн æмæ рауагъдон фæлварæнты фарстатыл Ахуырады министрады сæргълæууæгимæ, афтæ ма рауагъдонты тыххæй дæр. Æппæт уыцы фарстаты тыххæй ныййарджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ базондзысты тагъд рæстæджы.

Паддзахады сæргълæууæг дзырдта Хуссар Ирыстоны митинг ауадзыны тыххæй информацион дам-думтыл дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы нæ зоны,  абоны бон йæ адæммæ æбæрндзинады ахаст чи дары, митинг уадзын тынг тæссаг кæй у, уый чи зоны, афтæмæй йæ чи уадзы,  ахæм адæймæгты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.