Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй ауагъдæуыд оперативон штабы рабадт коронавирусон инфекци COVID-19-ы ныхмæ архайды тыххæй.

Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ куыд радзырдта, афтæмæй 30-æм июнæй 1-æм июлмæ сарæзтæуыд 170 анализы коронавирус сбæрæг кæныны тыххæй, анализты фæстиуджытæ иууылдæр сты æппæрццаг.

«7-æм июлы онг медицинон хъусдарды бын ис 240 адæймаджы, уыдонæй республикон рынчындоны – 63, инфекцион рынчындоны – 25, гуырæн хæдзары – 30, Дзауы рынчындоны  – 26, Ленингоры рынчындоны – 18, уазæгдон   «Алан» – 69. Æдæппæт медицинон уагдæтты ис 163 адæймаджы», – загъта Коцты Маринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæмæ æрластæуыд медицинон æрмæджытимæ тест-сис-темæтæ дæр, кæцытæ æлхæд æрцыдысты Президенты фондæй, иу хай та сын Роспотребнадзор радта. Медицинон æрмæджытæ иу мæй æмæ æрдæджы фаг суыдзысты.

Пухаты Эрик банысан кодта банысангонд нормæты æххæст кæныны ахсджиагдзинад.

«Абоны бон бирæ сарæзтæуыд, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирус ма апарахат уа, уый тыххæй. Оперативон штабы уæнгты раст архайд æмæ куысты руаджы нæ республикæйы коронавирус нæ апарахат ис», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

6-æм июлæй 7-æм июлмæ басгæрстæуыд 140 адæймаджы, кæцытæ æрцыдысты республикæмæ. Æппæт тесттæ дæр фенын кодтой æппæрццаг фæстиуæг.

Ацы азы майæ фæстæмæ ауагъдæуцыд 2600 тесты коронавирус сбæрæг кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.