Коронавирусон инфекцийæ хи бахизыны фæдыл оперативон штабы рабадты Президент Бибылты Анатоли фехъусын кодта, республикæйы бæлвырд кæй æрцыд коронавирус COVID-19 фыццаг рынчын.

«Махмæ бæлвырд æрцыд коронавирусæй фыццаг рынчын уыцы адæмы ‘хсæн, кæцыты мах бакодтам карантины, кæцытæ организацигонд къордтæй æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Уый ныл æвæры ноджы фылдæр бæрндзинад, цæмæй махмæ ма уа низы парахатдзинад», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый бахæс кодта сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæйæн æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгийæн, цæмæй сбæрæг кæной, рынчынæн кæимæ уыд бастдзинад, æмæ рынчындæтты контроль æмæ карантины домæнтæ æххæст кæныны режим фæкарздæр кæнын.

Коцты чызг фехъусын кодта, зæгъгæ, рынчынæн цы адæмимæ уыд бастдзинад, уыцы къорды адæмæй ист æрцыдысты анализтæ.

«Æппæт къорд ис карантины, анализтæ ист æрцыдысты, тесты фæстиуджытæ уыдзысты æввахс рæстæджы», – банысан кодта сæйраг санитарон дохтыр.

Штабы рабадты уынаффæ цыд уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты курсантты æркæнын æмæ уыдонæн бынæттæ ссарыны фарстытыл.

Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим куыд фехъусын кодта, афтæ-мæй 70 адæймаджы æрцыд, ноджы ма хъуамæ æрцæуой 90 курсанты бæрц.

Бибылты Анатоли ма хъусдард аздæхта минæварады хаххыл цы æмбæстæгтæ æрцæуынц, уыдоны тыххæй карз фæтк æххæст кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Хъуамæ пайда кæнæм, цы фадæттæ нын ис, уыдонæй. Уый баст у цæрджыты æдасдзинадыл. Хуссар Ирыстонмæ, йæ райгуырæн бæстæмæ цы адæмы фæнды æрыздæхын, уыдон бирæ сты. Фæлæ мах хъуамæ хъуыды кæнæм æдасдзинадыл, æмæ уый тыххæй арæзт æрцыд республикæмæ æрбахизыны фæтк. Уыцы фæткы фæрцы махмæ дыууæ мæйы дæргъы нæ уыд коронавирус, æмæ уыцы адæймаг, кæцы разынд рынчын, уыд карантины, уымæн контакттæ никæимæ уыд рынчындоны арæнтæн æддейæ. Уынаффæтæ раст ист æрцыдысты, æмæ сæ хъæуы æххæст кæнын», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.