Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд 2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстыты фæдыл.

Æмбырд уагъд æрцыд онлайн режимы Дзауы резинденцийæ, паддзахады сæргълæууæг ныхас кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ подрядон организациты къухдариуæггæнджытимæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард фехъусын кодта объектты арæзтадон куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый тыххæй.

«Æдæппæт 2020 азы Инвестицион программæйы фæдыл хъуамæ реализаци æрцæуа 21 объекты æмæ дыууæ мадзалы: трассæ Цхинвал-Рук æмæ Зонкъары донмарæн басгарын. Уыцы 21 объектæй арæзт цæуы 10 объекты: автомобилон фæндаг Гуфта-Къуайса, 6 столицæйон  уынг, Дзауы дыууæ 18 фатерон хæдзары, горæт Цхинвалы №3 скъолайы арæзтад», – загъта уый. Министр ма лæмбынæг æрдзырдта уæлдæр ранымад объекттыл куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй.

Президент йæхи фарсæрдыгæй банысан кодта, зæгъгæ, коронавирусон инфекци парахат кæныны тыххæй арæнгонд мадзæлттæ æмæ уавæры тыххæй, бирæ рæстæг ацыд, фæлæ 2020 азы Инвестицион программæ хъуамæ реализации æрцæуа æххæст гуырахстæй.

«Хъæуы æппæт тыхтæй хъуыддагмæ æрæвналын. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыдзæн, уымæн æмæ азы фæудмæ цъус рæстæг баззад. Æмæ ныл уыцы æмгъуыдтæ æвæрынц егъау бæрндзинад, нæ разы цы хæстæ æвæрд ис, уыдон сæххæст кæнынæн. Рæстæг æрцыд, цæмæй карз контроль уа æххæсткæныны, куыстыты æмгъуыд æмæ æмгъуыдты фæдыл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æмбырды рæстæджы ма æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстонмæ арæзтадон æрмæджытæ ласыны фарстыл. Бибылты Анатоли бахæс кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн, цæмæй уæлæмхас тыхтæй сæвзæргæ проблемæтæ иуварс цæуой.

Уымæй уæлдай ма, Президент бахæс кодта, цæмæй сног кæной æрвылкъуырион хуызы æмбырдтытæ, цæмæй арæзтадон процессы хайадисджытæн фадат уа регуляронæй арæзт куыстыты фæдыл хыгъдтæ дæттынæн.

Банысан кæнын хъæуы, 2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæ-ныны фæлгæтты хъуамæ арæзт æрцæуа Театралон фæзуаты фонтан, горæт Цхинвалы мемориалон комплекс, уа-зæгдон «Ирыстон», хиды ахизæн, афтæ ма автомобилон фæндаг Гуфта-Къуай-сайы арæзтады 3-аг этап.

Уымæй уæлдай ма, хъуамæ æххæст æрцæуой донвæд Уанат-Цхинвалы донæмбырдгæнæны реконстуркци, афтæ ма инженерон хызæгтæ æмæ горæт Цхинвалы Вокзалгæрон фæзуат, столицæйы Революцийы, Белинскийы, Плиты Ароны, Хъайтарты (№18 скъолайы агъоммæйы уагдонæй суанг микрорайон «Шанхай»-мæ), Табуйы фырты, Базарады æмæ Кимы фырты уынгтæ  иугонд планмæ гæсгæ куыстытæ ауадзын.

Афтæ ма арæзт æрцæудзæн æнгом-гæнæн фæзуат, горæт Цхинвалы №3 астæуккаг ахуырадон скъола, Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон резервы æвæрæн, горæт Цхинвалы Хъайтарты уынджы 75 фатерон хæдзар, горæт Цхинвалы Гуыбаты æфсымæрты уынгыл 75 фатерон хæдзар, горæт Цхинвалы Ирæтты уынгыл 75 фатерон хæдзар æмæ Дзауы поселочы Ленины уынгыл дыууæ 18 фатерон хæдзары арæзтадтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.