Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта РХИ- æмæ УФ-йы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фарстыты фæдыл æмбырд.

Уæрæсейаг фарсæрдыгæй æмбырды куысты хайад райстой УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг Игорь Кошин æмæ Арæнгæрон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин, кæцытæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты кусæгон балцы, афтæ ма РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй та – Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Финансты министр Хæбæлаты Азæ, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта уæрæсейаг фарсæн сæ хъусдарды тыххæй, æмæ банысан кодта, РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæдыл хорз фæстиуджытæ.

«Уæлдай циндзинад æвзарын кæны гуырæн хæдзар, цыран абоны бон райгуырд дыууæ сывæллоны. Гуырæн хæдзаримæ иумæ мæ банысан кæнын фæнды ног арæзт сабидон дæр, кæцы дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн. Æппæт объекттæ, кæцытæ реализаци цæуынц Инвестицион программæйы фæлгæтты, фесты арæзт, бирæ объекттæ æрвыст æрцыдысты пад-дзахады балансмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады, Игорь Кошин банысан кодта, дыууæазон программæйы хатдзæгтæм гæсгæ гом кæй æрцыдысты хорз объекттæ, кæцыты ‘хсæн иууыл ахсджиагдæр у гуырæн хæдзар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый ууыл дзурæг у æмæ РХИ-йы къухдариуæгады тыхты фæрцы Президенты сæргълæудæй, УФ-йы тыхты фæрцы УФ-йы Президенты номæй, УФ-йы Президенты администраци æмæ УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады фæрцы Хуссар Ирыстоны хуыздæр кæны царды гъæд.

Игорь Кошин банысан кодта, 2019 азы Инвестицион прогрммæ æххæст кæй æрцыд 100 процентæй. Ацы азы уыд бирæ хорз фæстиуджытæ: 54 мадзалæй æххæст æрцыд 49. Иннæтæ та, йæ ныхæстæм гæсгæ, æххæст æрцæудзысты азы кæронмæ.

Йæ рады, Бибылты Анатоли банысан кодта, ацы къуырийы дæргъы гæнæн уы-дзæн арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ фæуынæн, кæцытæ кæронмæ арæзт не ‘рцыдысты, уазæгдон «Ирыстон» нæ нымайгæйæ, кæцы ахиздзæн 2020 азмæ. Иннæ аз Инвестицион программæ хъуамæ фæуа ноябры мæйы. Æмæ алцыдæр хъуа-мæ æххæст æрцæуа гъæдджынæй æмæ æмгъуыдмæ», – загъта Президент.

Денис Травин раарфæ кодта æмбырды æппæт хайадисджытæн æрбалæугæ Ног азы цытæн æмæ банысан кодта, æппæт æвдисæнтæм гæсгæ куыстытæ æххæст кæй æрцыдысты ивгъуыд азы æмвæзадыл нæ, фæлæ хуыздæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.