Горæты иуæй-иу районты цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ уынгты канализацион люктæ гом кæй сты, уымæй. Уый та  æдас нæу фистæгæй цæуджытæн æмæ автотранспортæн дæр.

Уый фæдыл нын «Водоканал»-ы генералон директор Цхуырбаты Алан афтæ загъта, зæгъгæ, горæты уынгты, уæлдайдæр та фæсвæд цы уынгтæ ис, уырдыгæй арæх фесæфы канализацион люкты чугун сæртæ. «Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон лæвæрд цæуынц металлоломы исæн пункттæм. Исæн пунктты чи кусы, уыдон зæгъынц, зæгъгæ, сæ махмæ æрбахæссынц лыгтæй, уымæ гæсгæ, дам, зын рахатæн у, чи нал бæззыд, ахæм æфсæйнаджы гæбаз уыд, æви ист æрцыд канализацийы сæрæй», – зæгъы Цхуырбаты Алан.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй канд «Водоканал»-мæ нæ, фæлæ ма горæты администрацимæ дæр æрбацæуы хъæстытæ куыд цæрджытæй, афтæ машинæты шофыртæй дæр. Уыдонæн сæ хæдтулгæтæ ныххауынц гом канализациты люкты æмæ сын бахъыгдард вæййынц. Æрæджы та ЦАРЗ-ы районы гом канализацийы ныххауд стур. Афоныл æй ничи федта æмæ  уым амард. Ныртæккæ фосы хицау хъаст бадæтта тæрхондонмæ «Водоканал»-ыл, цæмæй йын бафидой компенсаци йе стуры ныхмæ.

Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ люкты давынæн ис вандализмы характер, уымæн æмæ уый стыр зиан хæссы æхсæнадæн дæр æмæ горæты коммуналон хæдзарадæн дæр. « Ног самал кæнын та проблемон вæййы. Хъуамæ йæ ныззакъаз кæнай, стæй æрæгмæ ‘рцæуы. Хатт уый аххосæй ивд æрцæуы люк йæхæдæг æмткæй. Иу æфсæн люкы аргъ та у 7 мин сомы. Уыцы хæрдзты та бакæнын фæхъæуы мах», – зæгъы Цхуырбайы фырт.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал» сæрмагонд фыстæг арвыста Мидхъуыддæгты министрадмæ, цæмæй бакусой, чи сæ давы, уыдоны рабæрæг кæныныл. Æфсæйнаг исæн пункты хицæутты та бафæдзæхсой, цæмæй ма исой люкты сæрты æмбæрзæнты. 

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.