Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты цы уынгтæ арæзт æрцыдысты æмæ абон цæстæнгас сæхимæ чи здахынц сæ аив арæзтæй, уыцы уынгтæм та ноджыдæр бафтдзысты ног уынгтæ. Уыдонæй сæ иу у Хетæгкаты Къостайы уынг. Къоста ирон адæмы сæрыстырдзинад кæй у, табуйаг нын кæй у, уымæ гæсгæ дызæрдыггæнæн нæй, ацы уынг ноджы аивдæр æмæ рæсугъддæрæй кæй сæрттивдзæн, ууыл. Æмæ йе схæрзарæзт кæнын канд йæ цæрджытæн нæ уыдзæн æхсызгон, фæлæ йыл бонизæрмæ цы бирæ цæуджытæ цæуынц, уыдонæн дæр. Уымæн æмæ æрмæст йæ ном зæгъынæй дæр зæрдæ хуры фарсмæ абады.

Куыд иннæ арæзтцæуæг уынгты, афтæ ам дæр куыстытæ райдыдта «Водоканал». Ацы уынджы дæр коммуникацион хæххытæ ивд никуы æрцыдысты сæ сырæзтæй фæстæмæ. Базæронд сты æмæ дзуапп нал лæвæрдтой сæ домæнтæн. Ныр сæм æрæв-нæлдтой аразынмæ, раивтой куыд доны, афтæ канализацион хæххытæ дæр. Доны хæтæлтæн сæ диаметр у 160 мм. бæрц. Фадыджы прораб Цхуырбаты Юри куыд зæгъы, афтæмæй доны æмæ канализацион хæххытæ иугонд æрцыдысты хæдзæрттæм дæр æмæ йæм ныр дон рауагътой Сталины уынгæй. Дон Хетæг-каты Къостайы уынгæй ацыдис Ирæтты уынгмæ дæр æмæ дзы ныр ифтонг сты дыууæ уынджы цæрджытæ дæр. Ныртæккæ ма донуадзæн куыстытæ «Водоканал»-ы кусджытæ æххæст кæнынц Хетæгкаты Къостайы уынджы фæзилæны. Уыдон дæр баиу кæндзысты доны ног хæххытæм. Кусджытæ иууылдæр сты бынæттон, кусынц æнæзæрдæхудтæй. Архайынц арæхстгай сæ куыст бакæныныл, газы æмæ рухсы хæххытæ куынæ бахъыгдарой, афтæ. Уымæн æмæ сæ куыст кæрæдзийыл баст у.

Кусджытæ кусынц æнæрынцойæ, архайынц сæ куыст банысангонд æмгъуыдмæ æнæкъуылымпыйæ сæххæст кæныныл. Кусынц улæфт бонты — сабат æмæ хуыцаубоны дæр. Райсомæй райдайынц 8 сахатыл æмæ сæ куыст не ’рнымæг вæй-йы, цалынмæ баизæр вæййы, уæдмæ. Цхуырбаты Юри куыд зæгъы, афтæмæй сæ бон нæу ацы чысыл фæзилæны канализацион хæххытæ раивын, уыдон Кимы уынджы канализацион хæххытæм иу кæй сты, уымæ гæсгæ. Канализацион хæххытæ та рæстмæ кæй нæ кусынц, уый та у, цæрджытæ цæмæй уынг ма цъыф кодтаид, уый тыххæй йыл сæхæдæг змис кæй калдтой, уый аххос. Уæд бахъыгдард сты канализацион люкты æмбæрзтытæ, фезмæлыдысты сæ бынатæй æмæ байдзаг сты змис æмæ алыгъуызон брæттæй. Ныр уынджы канализацийы дон арæх скæлы, хæтæлтæ кæй ахгæнынц, уый аххосæй. Цхуырбайы фырт ма куыд загъта, афтæмæй асыгъдæг кæндзысты уыдон дæр. О, фæлæ дызæрдыггаг у, ацы канализацион хæххытæ дæр сæ куыст бирæ рæстæджы дæргъы фæкодтой, сæ сырæзтæй фæстæмæ, уыдон дæр ивд никуы уыдысты, æмæ цы бæрæг ис, чысыл фæстæдæр та ногæй проблемæтæ не ’взæрын кæндзысты цæрджытæн. Æнæуый кусджытæ зæрдиагæй архайынц, куыд ма загътам, сæ куыст аразынц æппæт домæнтæм гæсгæ дæр. Экскаваторыл кусы æвзонг лæппу Багаты Хохик, уый къахы фæндагыл канализацион хахх æмæ йын йæ сыджыт хæдæвдæлонгæнæн машинæйыл ласы Гæджиты Владислав. Уый фæстæ хæтæлтæ иу кæнынмæ æрæвналдзысты Бекъойты Мурат, Гæбæраты Игорь, Цхуырбаты Алан æмæ Альберт. Ам ма куыстыты гъæдмæ йæ хъус дары геодезист Зæгъойты Хъазбег дæр.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ам чи кусынц, уыцы кусджытæ сæ куысты дæснытæ кæй сты. Хорз æмбарынц, цы аразынц, уый сæхи адæм, сæхи горæтæн кæй аразынц æмæ уымæ гæсгæ архайынц æнæаипп, æнæзæрдæхудт куыст бакæныныл. Æнæхъуаджы, мыййаг, нæ баззад адæмы ’хсæн ахæм ныхас, дæхицæн куыд зæрдиагæй бакусай, афтæ дын исчи нæ бакусдзæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.