ЦÆРДЖЫТЫ ЦИН

Нæ горæты Суворовы уынджы арæзтадмæ куы æрывнæлдтой, уæд цæрджыты цинæн кæрон нæ уыд. Тынг рагæй йæм æнхъæлмæ кастысты, уымæн æмæ ацы уынджы дæр ивд никуы æрцыдысты зæххы бын коммуникацион хæххытæ. Ныр сæм æрывнæлдтой æмæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ. Ацы уынг дæр арæзт цæуы 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Цæмæй цæрджытæ ма стыхсой къахт уынгæй æмæ зындзинæдтæ ма æвзарой, уый тыххæй уал æм æрæвнæлдтой æрдæгæй уæлæмæ аразынмæ. Баконд дзы æрцыдысты коммуникацион куыстытæ, хæдзæртты баиу кодтой донуадзæн æмæ канализацион хæххытæм. Æппæт ацы куыстытæ сæххæст кодта «Водоканал».

Уынджы арæзт цæуы къæвдадæтты лæдæрсæн къанаутæ дæр. Уынджы цæрджытæ сæ цæст дарынц кусджыты куыстмæ æмæ сæ архайдæй сты райгонд.

Æрдæгæй уæлæмæ уынджы сраст кодтой æмæ ныр та æрæвнæлдтой уыцы куыстытæ йæ иннæ хайы бакæнынмæ.

Уынджы арæзтады прораб Багаты Амиран куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ ам кусы 17 кусæджы. Кусджытæ ифтонг сты техникæйæ, кæнынц æнæзæрдæхудт куыст. Æппæт куыстытæ дæр цæуынц сфидаргонд планмæ гæсгæ.

Афтæ, æмæ та рæхджы рафидаудзæн Суворовы уынг дæр.

КУЫСТЫТÆ ЦÆУЫНЦ ГЪÆДДЖЫНÆЙ

Коцойты Арсены уынджы цæрджытæ дæр тынг тыхстысты сæ уынджы æдзæллаг уавæрæй, уæлдайдæр та фондзуæладзыгон бирæфатерон хæдзары цæрджытæ. Ацы корпусы рæзты нæ уыд æдæрсгæйæ ахизæн, куы-иу иу ран стыдтой канализацион хæххытæ, куы иннæ ран, афтæмæй хъизæмар кодтой. Ныр, æппынфæстаг, æххæст кæны сæ бæллиц. Куыд иннæ уынгты, афтæ уал фыццаг рады куыстытæм æрывнæлдтой «Водоканал»-ы кусджытæ. Тындзынц ам дæр кусджытæ куыстытыл, уымæн æмæ зæххы бын æппæт коммуникацион куыстытæ дæр хъуамæ баконд æрцæуой 20 августмæ. Канализацион æмæ донуадзæн хæххытæ баивыныл кусынц 5 адæймаджы. Ифтонг сты техникæйæ. Куыстытæ гъæдджынæй æмæ цырд темптæй кæй цæуынц, уый та у «Водоканал»-ы инженер Сиукъаты Иваны æнувыд архайды руаджы. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы æвзонг инженер йæхæдæг дæр кусджыты æмрæнхъ кæй фæархайы ацы куыстытæ бакæныныл. Æмæ кусджытæ дæр архайынц сæ куыст гъæдджын æмæ æнæзæрдæхудтæй сæххæст кæныныл.

 

ДЗУЛ УАДЗЫН РАЙДЫДТОЙ НОГ БÆСТЫХАЙЫ НОГ ИФТОНГГÆРЗТЫЛ

Цхинвалы дзулфыцæн куыстуат у, горæты зæронддæр куыстуæттæй сæ иу. Æмæ кæд уыдон дуджы фæивды аххосæй, зæгъæн ис, иууылдæр сæ куыстæй æрлæууыдысты, уæддæр дзулфыцæн куыстуат иу бон дæр йæ куыстæй не ‘рлæууыд, æгæрыстæмæй, иууыл уæззау рæстæджыты дæр. Уый нæ, фæлæ йæ рауадзгæ продукцийы гъæд кодта хуыздæр æмæ йæ ассортимент та – уæрæхæй уæрæхдæр, кæд цы ифтонггæрзтыл куыстой уыдон физикон æмæ моралон æгъдауæй базæронд сты, уæддæр. Æмæ уый та уыд йæ директор Цхуырбаты Вадимы арæхстджын разамынады руаджы.

Куыстуаты кондадон фæзуæттæ, афтæ йæ ифтонггæрзтæ дæр абоны домæнтæн дзуапп кæй нал лæвæрдтой, уымæ гæсгæ скъуыддзаг æрцыд ног кондадон бæстыхай йæ фарсмæ саразын. Уый арæзт цыдис Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Ныр йæ арæзтад кæронмæ бахæццæ, æвæрд дзы æрцыдысты нырыккон ифтонггæрзтæ æмæ дзы райдыдтой дзул фыцын. Ног бæстыхайы ног ифтонг-гæрзтыл кусын, Цхуырбайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй хуыздæрæрдæм бандавдзæн рауадзгæ продукцийы гъæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иу кæд бæстыхайы аразджытæм претензитæ уыдис, уæд афтæ зæгъæн нæй, цы ифтонггæрзтæ дзы сæвæрдтой уыдонæй. Æвæрд та æрцыдысты, сæхи куыд фæндыд, афтæ.

Горæты цæрджытæй бирæтæ дызæрдыг кодтой, зæгъгæ ног ифтонггæрзтыл кусынмæ рахизгæйæ, дзулы гъæд, мыййаг, куы февзæрдæр уа. Фæлæ директор ныфс бавæрдта, уый кæй нæ бандавдзæн сæ рауадзгæ продукцийыл мæгуырауæрдæм.

Цхуырбаты Вадим ма куыд загъта, афтæмæй кондитерон хæринæгтæ нырма уадздзысты зæронд бæстыхайы.

СÆ КУЫСТЫ НÆЙ КЪУЫЛЫМПЫТÆ

Куыстытæ æнæкъуылымпыйæ цæуынц, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы дыууæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдоны. Уыдон рæзынц тагъд æмæ сæ арæзт зæрдæйæн хæссы æхцондзинад, уымæн æмæ та цæрæн фатерты хицæуттæ бауыдзысты, не ‘мбæстæгтæй сæ цæрæнуæттæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыдон. Объекттæ арæзт цæуынц 150 хæдзары бинонтæн. Кусджытæ сæ куыст райдайынц сæумæрайсом æмæ суанг изæрдалынгтæм нæ банымæг вæййы сæ хъæлæба, техникæйы уынæр. Техникæйæ æмæ арæзтадон æрмæджытæй сты ифтонг æмæ сын æнтысгæ дæр уымæн кæны. Сæ арæзтадыл ныртæккæ кусы 60 адæймаджы. Куыст фенцондæр кæныны тыххæй ардæм развæлгъау бауагътой дон æмæ канализацион хæххытæ.

Дыууæ хæдзар дæр хъуамæ арæзт æрцæуой 2019 азы кæронмæ. Кусджытæ æмбарынц дыууæ объектты дæр кæй домынц бирæ куыст, уымæ гæсгæ тындзынц сæ куыстæгтыл, æгæрыстæмæй, улæфтбонты дæр иу стæм хаттæй дарддæр ам куыст нæ банымæг вæййы. Аразгæ та сæ кæны подрядон организаци СТМ-ЮГ. Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы подрядон организаци йæ куыст кæй кæны цæсгомджынæй, æнæзæрдæхудтæй. Æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц графикмæ гæсгæ.

БАЗЗАДЫСТЫ РАЙГОНДÆЙ

Нæ республикæйы разамынад цæрджыты цардуагон фарстытæм стыр хъусдард кæй здахы уый сæхиуыл бавзæрстой ацы бонты нæ горæты Гаглойты Хазбийы уынджы ног дыууæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ Гæбæраты Михаил æмæ йæ цардæмбал Дудайты Зойæ. Уыдон хъомыл кæнынц 7 сывæллоны. Кæстæрыл цæуы 2 мæйы. Авд сывæллоны хъомыл кæнын ацы дуджы æнцон нæу, æмæ сыл не ‘ххæссынц. Уый бæрц бинонтæ цæрынц æрмæстдæр хæдзары хицауы куыстмыздæй. Кусгæ та кæны хæрзарæзтады комбинаты. Иудзырдæй, ацы бинонтæн сæ уавæртæ сты къуындæг, нæ сын уыдис рæстмæ сынтæджытæ, сæ дзаумæттæ та æхсадтой къухæй. Куыд зонæм, афтæмæй уый та домы бирæ тых æмæ рæстæг, уымæн æмæ сывæллæттæ бирæ сты.

Æрæджы Зойæ, йæ уавæртæ къуындæг кæй сты, уый тыххæй бахатыд нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй йын бакæна материалон æххуыс. Президент ын ныфс бавæрдта, кæй йын баххуыс кæндзæн, уымæй æмæ разынд йæ дзырды хицау. Ацы бонты Гæбæраты бирæсывæллонджын бинонтæн балæвар кодта сынтæджытæ æмæ дарæсæхсæн машинкæ, 50 мин сомы та сын радта æхцайы фæрæзтæ. Бинонты цинæн кæрон нæ уыдис, баззадысты райгондæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.