Нӕ республикӕйы хицӕн фермерон хӕдзарадтӕ рӕстӕгыл батыхстысты фӕззыгæнд мӕнӕу байтауыныл ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр бакодта. Иууыл хуыздӕр ӕнтыст сӕ къухты бафтыд Ленингоры районы зӕхкусджытӕн. Фӕстӕ нӕ фӕлӕууыд ацы район уалдзыгон хъӕбӕрхор байтауыны куыстытӕ ӕххӕст кӕныны дӕр. Республикӕйы хъӕууон хӕдзарады министрады бӕрнон кусӕг Дыгъуызты Таймураз куыд банысан кодта, афтӕмӕй Цъинагар, Абреу ӕмӕ Орчъосаны фермерон хӕдзарадтӕ ӕдӕппӕт хъӕбӕрхоры культурӕ  байтыдтой 900 гектары. Знауыры районы иууыл иумӕ ацы культурӕ тыд ӕрцыд 205 га ӕмӕ Цхинвалы районы та – 60 га. Хъӕбӕрхор ацы районты тыд ӕрцыд Уелит, Урсдур, Прис, Сатихъар, Дменис, Хелцуа ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.