Инвестицион программæйы фæлгæтты нæ республикæйы арæзт цæуынц бирæуæладзыгон хæдзæрттæ æмæ ныры онг цалдæр хатты æвæрæз бинонтæн уæрст æрцыдысты ног фатертæ. Бирæтӕ сæ риуыдзаг сулæфыдысты, – кæдæй-уæдæй сæ бæллиц сæххæст ис æмæ бацыдысты сæ хисæрмагонд хæдзæрттæм. Ацы социалон хæдзæртты арæзтад дарддæр дæр цæудзæнис æмæ сæ дæтдзысты, рагæй фæстæмæ цæрæнуатмæ чи æнхъæлмæ кæсы, кæнæ йæ фæхуыздæр кæнын кæмæ æмбæлы, ахæм тыхст бинонтæн.

Гаглойты Кристинæ дæр ис, хæдзар райсынмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыцы номхыгъды, фæлæ нырма йæ рад не рхæццæ. Зонгæ дæр æй нал кæны, уыцы номхыгъды кæцы бынаты лæууы æмæ ма цас рæстæг хъуамæ  æнхъæлмæ кæса?..

Йæ цардæмбал Одтаты Тимуримӕ æмæ йæ дыууæ æнахъом сывæллонимæ цæрынц «Заготзерно»-йы раздæры административон бæстыхайы иу къаннæг хатæны. Йæ хистæр чызгыл цæуы 5 азы, кæстæр та йын у лæппу æмæ йыл цæуы 3 азы. Сæ хатæны дæргъ æмæ уæрх сты – 3 метры бæрц иуæрдæм, 3 та – иннæрдæм. Бирæ хæдзæрттæм бахизæн хатæнты фæзуаттæ уымæй фылдæр вæййынц.

«Нæ гæххæттытæ хæдзар райсыны тыххæй балæвæрдтам 2012 азы, фæлæ цалдæр азы фæстæ горæт Цхинвалы администрацимæ куы бацыдтæн сæ бæрæггæнæг, уæд мын загътой, зæгъгæ, номхыгъды нæ дæ. Фæстæдæр та ногæй балæвæрдтон куырдиат æмæ та 2016 азы слæууыдыстæм рады. Тынг тыхсын дыууæ сывæллонимæ ахæм уавæрты цæргæйæ. Хорз у æмæ ма сывæллæттæ цæуынц рæвдауæндонмæ, фæлæ уый дæр, хъыгагæн, ныр карантины фæстиуæгæн æхгæд у. Ацы иу хатæны вæййæм цыппарæй, фезмæлæн дзы нæй, стæй ма сывæллæттæ дæр фæстаг рæстæджыты хæдзары вæййынц. Горæт Цхинвалы администрацимæ дæр цалдæр хатты бацыдтæн, фæлæ сæ ныхас æдзух вæйы «банхъæлмæ кæс», æмæ та мæ рарвитынц», – зæгъы Кристинæ.

Ацы уынгæг цæрæнуаты сын нæй элементарон уавæртæ цӕрынӕн, фӕлӕ цы саразой, быхсынц зындзинӕдтӕн.

«Фынæй дæр ам кæнæм, хæринаг дæр ам аразæм, сывæллæтты  дæр ам ныннайын. Уымæй уæлдай ма нæм нæй туалет дæр æмæ нæхиуыл нӕ тыхсæм, фæлæ нæ чысыл сабитыл. Уазал рæстæджы кæнæ талынджы ахæм кары сывæллоны уынгмæ нæ рарвитдзынæ, цæмæй фæндзай метры дæрддзæф ацæуа туалетмæ. Бар-æнæбары хъуамæ сыстай æмæ сæ æрдæг æхсæвы, кæнæ уазалы ӕмӕ уаргæйы акæнай æддæмæ. Ӕххуыс бынтондæр никуыцæй исын, – æрмæстдӕр райсын, сывæллæтты тыххæй цы пособитæ фиды хицауад 200 сомы, уыдон. Бирæ бæрнон кусджытæ мæм уыдис ам бынаты, федтой-иу мын мæ царды уавæртæ, фæлæ абоны онг дæр цæрын ацы уынгæг къуымы. Дыууæ азы размæ нæ Президентæн уыдис комкоммæ эфир бынӕттон телеуынынады. Æз æм радтон фарст мæ уавæры тыххæй æмæ мæм уый фæстæ æрбацыд Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев, зæгъгæ, нӕ бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолимӕ цы фарст радтай, уый фӕдыл дӕм ӕрбацыдтӕн. Федта мын мӕ царды уавӕртӕ ӕмӕ мын баныфсӕвӕрдта, зӕгъгӕ, бацархайдзынӕн, цӕмӕй дын фатер радтой. Пухаты Лев ма мын балӕвар кодта телевизор ӕмӕ псулӕхсӕн машинӕ, кӕцытӕй абоны онг дӕр пайда кӕнын», – зӕгъы катайгӕнгӕ Кристинӕ.

Хатæны ис иу сынтæг, скъапп, чысыл телевизор, пластмассæй конд дзумæттæвæрæн къамод, чысыл уазалгӕнӕн, тухгæ стъол, кæцыйы уæлæ ис хæринаг аразынæн электронон плитæ. Хатæнмæ дон уагъд нæй æмæ дыккаг уæладзыгмæ дон хæссынц уынгæй. Сӕ псулæхсæн машинæйӕн æрæвæрæн бынат кæй нæ уыд, уый тыххæй йæ рахастой бацæуæны тыргъмæ æмæ йæ сæвæрдтой къӕлидоры къуымы, цæмæй сыхæгты ма хъыгдара. Ардæм суагътой дон æмæ дзы афтæмæй пайда кæнынц. Сæ псултæ кæм сур кæной, уыцы бынат дæр сын нæй æмæ сæ байтауынц,  къæлидоры цы бæттæн бабастой къулæй-къулмæ, уым.

Ныртæккæ Кристинæ никуы кусы. 2013-ӕм азӕй 2019 азмӕ куыста Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕ «БТК»-йы, фӕлӕ дзы куысты график кӕй фӕивтой, уый фӕстиуӕгӕн йӕ куыст ныууагъта. Уымӕн ӕмӕ ног графикмӕ гӕсгӕ куысты хъуамӕ уыдаид ӕнафонмӕ ӕмӕ-иу йӕ сывӕллӕттӕ ӕнӕхицау баззадысты. Уый фӕстӕ ӕрдӕг ставкӕйыл бацыд кусынмӕ Цхинвалы скъола-интернатмӕ кӕйдӕр бынатмӕ ӕмӕ дзы акуыста 2019 азы сентябры мӕйӕ 2020 азы февралы мӕймӕ. Ам дӕр та йӕ бахъуыд йӕ куыст ныууадзын, уымӕн ӕмӕ йӕ куыстмӕ рахызт, кӕй бӕсты куыста, уый йӕхӕдӕг. Йӕ цардӕмбал та 2010 азӕй фӕстӕмӕ кусы милицийы æнæведомствæйон хъахъхъæнынады управленийы. Мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгад дӕр архайынц, цӕмӕй Одтаты Тимурӕн радтой фатер ӕмӕ йӕ тыхстдзинадӕй фервӕза.

 Ацы бинонтӕн абоны бон дæр нырма нæй элементарон цæрынæн уавæртæ, фæлæ сæ зындзинæдтæн нырма сæ кæрон дӕр нæ зыны. Социалон хæдзæрттæ æмбæлон уагыл байуарыны фæдыл цы къамис арæзт æрцыдис, уыдон дæр зонгӕ сты ацы проблемæимӕ ӕмӕ сӕ номхыгъды дӕр сты. Кристинӕ йæхицæн ныфсытæ авæры, зæгъгæ, «мæнмæ дæр кæд искуы амонд йæ мидбылты фæхудид æмæ бауин хæдзары хицау». Ахӕм уавӕрты цӕргӕйӕ дæр ацы бинонтӕ не сты ӕнкъард, архайынц сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбӕлон хъомылдзинад радтыныл ӕмӕ сæ зæрдæ дарынц бæстæйы къухдариуæгадыл. Кӕд ӕмӕ нырмӕ сагъӕссаг сты, уӕддӕр сӕ ныфс ис, фидæны сын кæй уыдзæн сæхи къуым. 

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.