Хуссар Ирыстоны сæйраг санитарон дохтыры хæдивæг Гаглойты Аннæ информацион фæрæзтæн куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ нæ бæстæйы 16 апрелмæ хиизоляцийæ ист æрцыдысты 50 адæймаджы, уый хыгъд нырма 116 æмбæстаджы сты изоляцийы хæдзарон уавæрты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ республикæйы медицинон уагдæтты ис 24 адæймаджы, уыдонæй 12 сты нæ республикæйы æмбæстæгтæ, кæцытæ æрцыдысты Дзæуджыхъæуæй, астæй та сты егъау уæзтæ ласæн транспортон фæрæзты шофыртæ. Дыууæ æмбæстаджы та республикæмæ æрыздæхтысты хосгæнæндæттæй, уыдон дæр сты дохтырты хъусдарды бын – иу горæты, иннæ та – Ленингоры. Дыууæ адæймагæн та арæзт хъуамæ æрцæуа коронавирус бæрæг кæныны фæдыл тесттæ.

«Юго-Осетпотребнадзор»-æй ма куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ зноны бонмæ та хиизоляцийæ ист æрцыдысты ноджы 31 адæймаджы, æмæ ма хæдзарон уавæрты изоляцийы сты 85 адæймаджы.

«Республикæйы медицинон уагдæтты та абоны бонмæ ис 29 адæймаджы.

Уымæй дарддæр Республикон бирæпрофилон медицинон центры инфекцион хайады сты, нæ республикæмæ товартæ чи æрласта, ахæм аст шофыры. Фондз адæймаджы алыгъуызон клиникон фæзындтимæ сты рынчындоны. Ленингоры районон рынчындоны дохтырты хъусдарды бын адæймæгтæ баисты æртæ», – дзырдта сæйраг санитарон дохтыры хæдивæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ фæстаг бонты арæзт æрцыдис 125 тесты коронавирус сбæрæг кæныны фæдыл, фæлæ уыдонæн се ‘ппæтæн дæр уыдис æппæрццаг фæс-тиуæг.

Бакондæуыд «тæвд хахх»

Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты минис-трад, уæззау цардуагон уавæрты чи бахауд, ахæм æмбæстæгтæн консультаци дæттыны тыххæй бакодтой «тæвд хахх».

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ республикæйы карантин конд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ министрадæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй организаци кæна ахæм категорийы цæрджытæн консультацитæ. Бæлвырд сты æнæмæнгхъæуæг документты номхыгъд æмæ уыдон министрадмæ бавдисыны фæтк.

Æмбæстæгтæн лæмбынæгдæр информаци райсыны фадат уыдзæн «тæвд хаххы» ахæм номыртыл 8 929 811 36 16 æрвылбон дæр 10.00 сахатæй изæры 17. 00 сахатмæ. Æмбæстæгты химæисыны бон цæуы бæлвырд.

Алы æмбæстаг дæр хæсджын у, æмæ йæхи хиза

Хуссар Ирыстоны Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитет зæрдыл лæууын кæны æмæ ноджыдæр сиды æмбæстæгтæм, уæлдайдæр, ацæргæ æмæ æдзух чи рынчынтæ кæны, ахæм адæммæ, уымæн æмæ уыдон сты тæссагдзинады къорды æмæ æддæмæ, æхсæнадон бынæттæм æнæхъуыддагæй ма цæуой, æдзух  сæ  зæрдыл дарой хи гигиенæйы нормæтæ. Æмæ кæд сæ хиæнкъарынад æмбæлон уагыл нæ уа, уæд та сидой медицинон æххуысмæ.

Уымæн æмæ мах не ‘ппæт дæр æвдисæн стæм – æфсымæрон Цæгат Ирыстоны, Хуссар Федералон зылды, Уæрæсейы алы къуымты æмæ дарддæр фæсарæйнаг бæстæты кæй зилы ацы æнæхайыры вирус. Медицинон фадыджы специалистты ныхæстæм гæсгæ ацы вирусæй рынчынтæй иутæ æнцонæй хæссынц низ, иннæтыл ныууадзы йæ дæрзæг армы фæд, хъыгагæн, бирæтæ та бавæййынц йæ амæттаг.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.