12 азы рацыд 2008-æм азы тугкалæн хæстæй, фæлæ йæ хъæдгæмттæ нырма дæр нæ байгас сты. Æмæ афтæ тынг уымæн фæрыстыстæм, 19 азы дæргъы кæй уыдыстæм сындзытыл бадæгау.

Нæ цардмæ фæстæмæ куы акæсæм, куы æрымысæм нæ тухитæ, уæд адæймаджы хъуын барц сбады, – куыд бирæ зындзинæдтæ бавзæрстам, нæ цардæн бынтондæр куыд ницы аргъ уыд. Æмæ куыд ис гæнæн ферох кæнæн уыцы æвирхъау хабæрттæн? Цал ирон цæрæццаг уды аскъуыдтой нæ цыфыддæр знæгтæ æмæ ма абоны бон дæр æбæрæг сæфт чи у, уыдоны нымæц цас у?

Æвæццæгæн бирæ фылдæр туг ныккалдаид, чизоны нын абоны бон хæдбар паддзахад дæр нæ уаид, уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхтæ куы нæ æрцыдаиккой нæ тохвæллад уæзæгмæ, уæд. Æмæ уыцы æхсарджын хæстонтæн сæ разы цы хæстæ æрæвæрдтой, цы миссиимæ æрцыдысты, уый сæххæст кодтой цæсгомджынæй æмæ ма дзы бирæтæ Ирыстоны тыххæй сæ æрыгон удтæ дæр радтой. Æвæццæгæн афтæ хъуыдыгæнджытæ дæр уыдзæнис, ома, уадиссаг цы сарæзтой, цæмæй нæ бахъахъхъæдтой. Фæлæ йæ мах фидарæй зонæм, Фидауынгæнæн тыхтæ куы нæ уыдаиккой, уæд нæ Гуырдзыстоны фашистон режим йæ европæйаг æмæ америкæйаг хæстæндзарджытимæ кæфхъуындарау аныхъуырдтаиккой. Æз мæхæдæг æвдисæн уыдтæн бирæ цаутæн, кæцыты-иу фыдбылыз не ‘рцыд уæрæсейаг æфсæддонты фæрцы æмæ сын сæ ном рох кæнын нæ хъæуы, нæдæр сæ бакæнгæ уæззау куыст.

1992 азы 14-æм июлы Хуссар Ирыстоны тугæвдылд зæхмæ æрцыдысты Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ  æмæ уæдæй фæстæмæ ныллæууыдысты «сабыр» рæстæджытæ. Фæлæ сæ «сабыр» схонæн уыдис, уый размæ бонтимæ абаргæйæ, æнæуый та гуырдзиаг фашисттæ сæ кæнон дарддæр кодтой, – мардтой, давтой æмæ бынæттон цæрджытæн иу уысм дæр сабырад нæ лæвæрдтой. Кæд æмæ сæ авналæнтæ фæкъуындæгдæр сты, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сын уæрæсейаг æфсæддонтæ аккаг ныхкъуырд радтой, уæддæр сын бирæ фыдракæндтæ аразын æнтыст.

Уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхтæ 16 азы дæргъы цы куыст бакодтой, уыцы операци эксперттæ абоны бон хонынц уникалон. Уымæн æмæ ахæм зын уавæрты историйы нырма иу фидауынгæнæн мисси дæр никуыма куыста. Ахæм сæвзæргæ уавæры фыццаг аххосаг уыдис Гуырдзыстоны къухдариуæгад, кæцыйы бынтондæр нæ фæндыд сабыр цард кæнын æмæ æппынæдзух архайдта æндыгъд уавæр аразыныл. Сæ бæстæйы алы къуымтæй-иу æрбакодтой Хуссар Ирыстоны арæнтæм хуымæтæг гуырдзиаг æмбæстæгты æмæ-иу сын аразын кодтой провокацитæ уæрæсейаг æфсæддонты ныхмæ, сусæгæй-æргомæй сæ æппынæдзух дæлдзиныг кодтой, алцыдæр арæзтой, цæмæй сыл «æвзæры» ном сæвæрой.  Æмæ уыцы цаутæн йæхæдæг æвдисæн чи нæ уыд, уый йæ никуы бамбардзæн, цас быхстой Фидауынгæнæг тыхты æфсæддонтæ, куыд бирæ цъыфкалд сыл цыд æмæ-иу цæйбæрц æфхæрдтæ нынныхъуырдтой. Уыцы барындзинад дзы куы нæ уыдаид, уæд нæм сабырад нæ уыдаид.

Уыдис иу ахæм цау 2007-æм азы: Цъунары хъæумæ ‘ввахс арæныл гуырдзиæгтæ сарæзтой акци уæрæсейаг фидауынгæнджыты ныхмæ, кæцытæн уым æвæрд уыд пост æмæ сæ гуырдзиæгтæ хъавыдысты тыхы фæрцы уырдыгæй фæсурынмæ. Цæмæй фыдбылыз ма æрцæуа, уый тыххæй бынатмæ æвæстиатæй ацыдысты уæрæсейаг æфсæддонтæ Марат Кулахметовы сæргълæудæй(уыцы рæстæджы уыд Фидауынгæнæг тыхты командæгæнæг) æмæ ма ОБСЕ-йы минæвæрттæ дæр. Арæныл 800 гуырдзиагæй фылдæр сæхи дардтой агрессивонæй, лæбурдтой уæрæсейаг салдаттæм, калдтой æфсæддонтыл бензин, æхстой сыл пъамидортæ, æртхъирæн сæм кодтой басудзынæй. Æмæ ма уыцы æфсæддонты бынаты йæхи исчи авæрæд, кæддæра бабыхстаид уыйбæрц æгад митæн? Æмæ ахæм цаутæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты.

Фидауынгæнæг тыхтæн афтæ тынг зын кæй уыд кусын, уымæн йæ дыккаг аххосаг та уыдысты Европæйаг æдасдзинад æмæ æмгуыстад кæныны организацийы(ОБСЕ) кусджытæ. Уымæн æмæ уыдон æппынæдзух сæ цæстытæ æхгæдтой гуырдзиæгты саразгæ фыдракæндтыл, сæ фæткхалæн цаутыл, кæд-иу дзы факттæ æмæ æвдисæнтæ дæр уыдис, уæддæр. Афтæмæй та ацы организацийы архайды сæйраг нысаниуæг уыдис æндыгъд уавæр фæлæмæгъдæр кæнын, цæрджыты бартæ хъахъхъæнын, фæткхалджытæн аккаг ных-къуырд раттын, конфликттæ раст аскъуыддзаг кæнын. Фæлæ æппæт ацы принциптæ баззадысты гæххæттыл фыстæй æмæ ар-хайгæ та кодтой, æрмæст сæхи куыд фæндыд, афтæ. Æмæ сæ фæндгæ та кодта, цæмæй Гуырдзыстоны æфсад æрбабырса Хуссар Ирыстонмæ æмæ йын йæ адæмы ныццæгъда. 2008 азы хæсты фæс-тæ ОБСЕ-йы кусæг – британы армийы капитан Райан Грист афтæ дзырдта йæ интервьюйы: «ОБСЕ-йы кусджытæ тынг хорзæй уыдтой Гуырдзыстон йæхи хæстмæ кæй цæттæ кодта, фæлæ сæхи ницыуынæг скодтой. Æз æрвыстон хыгъдтæ нæ организацийы штабмæ, цыран комкоммæ фыстон, Гуырдзыстоны къухдариуæгад кæй хъавы агресси саразынмæ, фæлæ мын иухатт дæр дзуапп ничи ратта. ОБСЕ куыд æппæтадæмон организаци, афтæ Хуссар Ирыстоны йæ архайдæй йæхи ныххудинаг кодта».

Æмæ ма дæхи ницыуынæг куы скæнай, уæд ма йын ницы у, фæлæ дæхæдæг дæр фашистон режимæн комкоммæ куы æххуыс кæнай, уæд уый та куыд цæуы? ОБСЕ-йы кусджытæн сæ статусмæ гæсгæ бар уыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл цæуой æдæрсгæйæ, æмæ дзы пайда кодтой – æнгомæй куыстой гуырдзиаг спецслужбæтимæ. Уыдысты, куыд гуырдзиаг развæдсгарджытæ æмæ алы рæттæй тымбыл кодтой информаци, арæзтой æфсæддон картæтæ, истой къамтæ. ОБСЕ-йы кусджыты фæрцы гуырдзиаг æфсæддонтæ бæстонæй зыдтой, постытæ кæмыты æвæрд сты, цал адæймаджы дзы ис, цахæм техникæ сæм ис. Уæлдай бæстон информаци сæм уыд уæрæсейаг Фидауынгæнæн тыхты тыххæй, уымæн æмæ сын уыдонимæ уыдаид иууыл зындæр хæцæн.

Æз мæхæдæг дæр æвдисæн уыдтæн ОБСЕ-йы æнæраст хъуыддæгтæн. Уыдис-иу ахæм цаутæ æмæ-иу æхсæвыгон постытæй райхъуыст æхсæнгарзæй æхстытæ, уыдис-иу дзы цæфтæ дæр æмæ уды зиæнттæ дæр. Æмæ-иу стæй куы ссыдысты бæрæггæнæг нæ постмæ, уæд-иу нæ комкоммæ фæаххосджын кодтой, – «сымах, дам, фехстат, æвдисæнтæ дæр, дам, дзы ис». Æппæт ахæм конфликтон уавæртæ ОБСЕ-йы кусджытæ æдзух скуыддзаг кодтой гуырдзиæгты пайдайæн æмæ-иу азымджыны бынаты та сæвæрдтой уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддонты. Ацы знагиуæгон организацийы кусджытæ æдзух арæзтой видеоафысттæ, истой къамтæ, нымадтой постылæууæг хæстонты, лæмбынæг кастысты æфсæддонты æхсæнгæрзтæм.

ОБСЕ фæлитой организаци кæй у, уый рабæрæг хæсты хæдразмæ дæр, – цалдæр сахаты раздæр систой сæ постытæ æмæ ацыдысты Гуырдзыстоны территоримæ, афтæмæй нæ фехъусын кодтой уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхтæн, Гуырдзыстон схæцынмæ  кæй хъавы, уый тыххæй.

Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахадыл куы банымадта, уæд Фидауынгæнæг тыхты сæр нал хъуыд, нал уыд конфликтон уавæртæ, нал тарстыс-тæм гуырдзиаг лæгмартæй æмæ 2009 азы конд æрцыдысты нæ республикæйы территорийæ. Фæлæ сæ ном абоны онг дæр рох нæма у, уымæн æмæ бирæ азты дæргъы ацы æфсæддонтæ уыдысты иунæг ныфс нæ рыстзæрдæ адæмæн æмæ сæ бирæ хæттыты бахызтой тугдзых знæгтæй. Адæймагæн тыхст рæстæджы йæ фарсмæ чи æрбалæууы, уыцы адæймаджы цæрæнбонтæм никуы ферох кæны æмæ ирон адæм дæр Фидауынгæнæг тыхты хайбавæрд Ирыстоны паддзахады арæзтадмæ, нæ рухс фидæнмæ сæ зæрдыл дардзысты æнустæм. Æвæццæгæн рæдыд нæ уыдзæн, куы сæ схонæм «мæлæтæй ирвæзынгæнæг  тыхтæ» дæр, уæд. 

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.