Райгуырæн зæхх цыфæнды амæлттæй бахъахъхъæнын уыд нæ хъæбатыр лæппуты сæйраг хæс. 90-æм азты гуырдзыйы агрессийы фæс-тиуæгæн ахæм хæс йæхимæ райста дзæнæттаг Цхуырбаты Роланд Суликъойы фырт дæр. 1992 азы уый бацыдис фидауынгæнæг тыхты рæнхъытæм æмæ цæсгомджынæй æххæст кодта йæ сабырадон мисси.

Ирыстон чысыл у, фæлæ йын зæрдæйæ чи лæггад кодта æмæ кæны,  йæ сæр нывондæн чи ‘рхаста Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, уыдон та бирæ сты. Цхуырбаты Роланд абоны онг сæрæгасæй куы баззадаид, уæд, æвæццæгæн, уымæн дæр, йæ лæггæдтæ фылдæр уыдаиккой йæ райгуырæн Ирыстоны раз. Хъæубæсты хъомыл кодта æмæ йæ зыдтой, куыд хорз кæстæр, афтæ. Уыд хæларзæрдæ, хъазæгой, тæлтæг лæппу. Адæмæн æй фæндыдис æрмæстдæр хорз саразын. Сывæллæттимæ уыдис сывæллон,хистæртимæ та – хистæр. Ахæм хорз лæппу уыдис, æмæ, куыд фæзæгъынц: цæрыны гуырд нæ уыдис. Роланд-иу цыфæнды хъуыддаджы дæр йæхи никуы бааууон кодта, хъæуы алкæй цумайæн дæр уыдис рæвдз. Уарзта спорт æмæ арæхстджын уыдис техникæмæ дæр. Уыцы курдиат ын фæбæрæг æфсады службæйы рæстæджы, уый архайдта æфсæддон техникæимæ. Чизоны йын уыцы дæсныйад сбæззыдаид ныры сабыр дуджы дæр, фæлæ йæ царды фæндаг рауадис цыбыр…

Роланды ныййарджытæ Суликъо æмæ Верæ сæхи амондджыныл нымадтой Мадымайрæм сын цы дыууæ фырыхъулы хуызæн фырты æмæ чызг балæвар кодта, уыдон цинæй. Цард сæм йæ мидбыл худтис, сæ зæрдæ радис сæ хъæбултæй æмæ куыстуарзаг æмкъæйттæ амондджынæй хъомыл кодтой сæ кæстæрты. Никуы ахъуыды кодтаиккой æмæ сæ цардбæллон 22-аздзыд лæппуйыл ныккодтаиккой саутæ…

Цхуырбаты Роланд райгуырдис 1970 азы Дзауы районы Хслебы хъæуы кусæг бинонты ‘хсæн. Астæуккаг ахуырад райста Дзауы, Хетæгкаты Къостайы номыл скъолайы. Скъолайы фæстæ йæм уайтагъд æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм æмæ дзы баслужбæ кодта дыууæ азы.

Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд йæ уарзон райгуырæн зæххыл æрæййæфта змæстытæ. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн цы конфликт райдыдта, уый цадæггай рахызт æххæстхъомыс хæстон архайдтытæм. Гуырдзиæгтæ фесæфтой сæ адæймагдзинад æмæ хъæддаг сырдтау лæбурдтой ирон хъæутæм, Цхинвалмæ. Æрæхгæдтой-иу фæндæгтæ æмæ-иу нал уагътой ирон адæмы цæуын, цагътой сæ, удæгасæй сæ сыгътой, алы фыдмитæ сын кодтой, горæт уыд блокадæйы. Адæм æййæфтой æххормагдзинад æмæ уазæлттæ, афтæмæй сæ бонтæ æрвыстой тасы бын. Гуырдзиаг фашистты амæттæгты нымæц бонæй бон фылдæр кодта, бирæ дзы уыд цæфтæ æмæ мæрдтæ дæр. Уыцы хæстон цаутæ йæ зæрдæмæ æввахс иста Роланд дæр æмæ куыд ирон лæг, афтæ цæттæ уыд знаджы ныхмæ æрлæууынмæ. Уæд сæххæст ныфсхаст лæппуйы фæндон. Ирыстоны сахъгуырд лæппутæн мобилизаци куы цыдис, æфсад саразыны тыххæй, уæд Цхуырбайы фырт дæр дзауаг лæппутимæ уайтагъд æрлæууыдис Ирыстоны хъахъхъæнджыты æмрæнхъ.

«Ме ‘фсымæр æфсадæй куы æрæздæхт, уæд агуырдта куыст, уыдис æм царды рæсугъд фæндтæ, фæлæ цæй куыст, бæстæ уыдис хæццæ æмæ змæст. Хуссар Ирыстоны цыд мобилизаци. Районы æфсæддон къамисариаты кусæг, нæ хъæуккаг Цхуырбаты Нодар махмæ дæр куы æрбахъæр кодта æмæ куы бамбарын кодта йе ‘рбацыды сæр, уæд Роланд уайтагъд,  хъуыды дæр ыл нæ акодта, афтæмæй сразы ис Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæныныл. Уайтагъд ацæттæ кодтой лæппутимæ сæ гæххæттытæ æмæ атындзыдтой сæ   хъуыддаджы фæдыл», – кæугæйæ дзырдта Роланды хо Риммæ.

Цхуырбаты Роланд фидаргонд æрцыд Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæг тыхты сæрмагонд сконды. Уыдис 2-æм ротæйы 4-æм взводы шофыр-механик æмæ йын йæ бар бакодтой æфсæддон машинæ БТР. Роландæн уый уыдис стыр кады нысан, ныр йæхи æнкъардта уæлдай бæрнджын дæрæй.

Цæмæй тугкалд урæд æрцыдаид, уый тыххæй 1992 азы июны Сочийы Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн арæзт æрцыд цыппарварсон сразыдзинад. Ацы сразыдзинады бындурыл 1992 азы 14 июлы тугамæхст Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Фидауынгæнæг тыхтæ æмæ семæ æрхастой сабырад æмæ æнцойад. Никуы ферох кæндзысты Цхуырбаты Роланды бинонтæ æфсæддон техникæйы колоннæ, кæцыты хсæн уыдис сæ фидауынгæнæг хъæбул дæр. Уыдон Дзауы районы сæ хъæуы цæрджытимæ цины цæссыгтимæ æмбæлдысты, сæрбæрзонд кæмæй уыдысты, уыцы 312 номыр БТР-ы хицауыл.

Хуссар Ирыстоны Фидауынгæнæг тыхтæ лæууыдысты бирæ хъусдарæг постыты, уыцы нымæцы Ленингоры районы дæр. Уырдæм арвыстой Роланды взводы. Йе ‘фсæддон æмбал Кæркуысты Алеш куыд радзырдта, афтæмæй уыдоны фыццаг слæууын кодтой Ортъеуы хъæуы, фæстæдæр та сæ пост раивтой Цъинагармæ æмæ уым фесты бирæ рæстæг. Хъахъхъæдтой хъæу гуырдзиаг фашисттæй æмæ сæ тынг бауарзтой хъæубæстæ дæр. Уымæн абон дæр йæ зæрдыл лæууы се службæйы рæстæг. Алешы ныхæстæм гæсгæ Роланд йе службæйы дæр уыдис цæвиттойнаг. «Роланды æз хуыздæр базыдтон, Фидауынгæнæг тыхты куы райдыдтам службæ кæнын, уæд. Уый уыдис рæсугъд, æнæхин æмæ хæларзæрдæ лæппу. Цыфæнды     хъуыддагмæ дæр æнæзивæг кæй уыдис, стæй æфсæддон хъуыддаг кæй уарзта, уый йе мкусджытæй алчидæр зыдта æмæ йæ тынг бирæ уарзтам. Фæлæ йæ хъысмæт афтæ рауадис, æмæ не ‘хсæнæй фæхъуыдис. Бæргæ абон куы æрæййæфтаид Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, уæд ыл тынг фæцин кодтаид», – æрхæндæгæй дзырдта фидауынгæнæг Алеш.

Фидауынгæнæджы мисси æххæстгæнгæйæ, Цхуырбаты Роландæн бантыст æрмæстдæр цалдæр мæйы бæрц йæ райгуырæн Ирыстонæн балæггад кæнын. Уый фæззæджы, 4 октябры йе ‘фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, фæмард трагикон æгъдауæй Цъинагары хъæуы. Афтæ ахицæн ис 22-аздзыд цардбæллон лæппу а-дунейæ. Йæ ныййарджытæ, хæстæджытæ, хъæубæстæ æмæ йæ хæлæрттæй дарддæр тынг фæмаст кодтой, йæ мисси цы хъæуы æххæст кодта, уыцы хъæуы цæрджытæ дæр. Цъинагары хъæуæй Роланды зианмæ æрбацыд тынг бирæ адæм маройгæнгæ, уымæй равдыстой сæ хъарм ахаст сæ хъахъхъæнæг Цхуырбайы фыртмæ.

 Уый саутæ скæнын кодта йæ ныййарджытæн, йæ хо æмæ йе фсымæрæн. Сæ хъарджытæм хъусынæй къæдзæх дæр рызтис. Æнамонд ныййарджытæ сæ сæрæн нал систы. Йæ хъæбулы фарсмæ ивгъуыд аз йе ‘нусон бынат ссардта йæ фыд Суликъо дæр. Кæугæйæ ныууагъта, йæ цард кæимæ хъуамæ сбастаид, йæ уыцы уарзон чызджы дæр.

Роландæн кæд бирæ рацæрын нæ бантыст, уæддæр æй чи зыдта, уыдон æй сæ зæрдыл бадардтой ирон лæджы миниуджытæй æххæст лæппуйæ, уæздан, хæларзæрдæ, æфсæрмдзæстыг æмæ æм-гаруарзагæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.