Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæм стыр аргъ кодтой къухæй арæхстджын æмæ курдиатджын адæмæн. Адæймаг æнувыд цы куыстыл вæййы, æхцондзинад ын æрмæст уый хæссы.

Алы адæймагæн дæр ис йæ царды нысан йæ. Æмæ уыцы амындимæ райдайы фыццаг къахдзæфтæ кæнын царды фæндагыл. Тынг дæрзæг, уæззау æмæ даргъ у уыцы фæндаг. Æмæ алкæйы хæс дæр у рæстагæй, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ‘хсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд ныууадзын.

Нæ алыварс ис бирæ æвзыгъд адæм, фæлæ сæ адæм нæ зонынц, уымæн æмæ сын сæ куыстытимæ зонгæ не сты. Не ‘мкусæг Гæззаты Иван æрмæст хорз журналист нæу, йæ чысылæй фæстæмæ кæны æрмдæсныйы куыст дæр. Уал азмæ йын цы бантыст саразын, уыдон  бирæ сты. Фæлæ ныр дæр æнцад нæ бады.

 «Скъахтон-иу зæронд хус бæлæсты уидæгтæ æмæ-иу сын радтон цæрæгойты, сырдты, мæргъты, адæй-мæгты формæ. Бæлæсты къалиутæй-иу сарæзтон алыгъуызон сувениртæ. Стыр æхцондзинад истон хъæдæрмæгимæ архайынæй», – радзырдта Иван. Адæймаг къухæй конд дзаумамæ æндæр цæстæй ракæсы, уымæн æмæ уыцы дзаумайы æвæрд вæййынц зæрдæйы хъуыдытæ. Аразы, цы йын уайы иууыл хуыздæр, уый. Курдиатджын æрмдæсныйы къухты хуымæтæг хъæдæрмæджы хай райсы рæсугъд формæ.

Иу ахæмы йæ бафæндыд хъæдæрмæгæй хъæууон хæдзары макет саразын, уый фæстæ та аргъуан, стадионы макеттæ, телеуынынады бæстыхайы халдих æмæ бирæ æндæртæ.  Нæ горæты администраци расидт конкурс горæты æрбахизæны «Алайнаг кулдуар» саразыны тыххæй. Гæззаты Иван ацы конкурсмæ бавдыста йæ макет  Иваны къухтæй арæзт скъаппытæ, стъолтæ, алыгъуызон цæрæгойты сувениртæ фенæн ис нæ редакцийы иуæй-иу кабинетты.

  Ирон адӕмы геноциды 100 азы цытӕн, цалдæр боны размæ, сарæзта макет. Сыгъд хъæуы равдыста, цас æбуалгъ фыдæбæттæ бавзарын кодтой, цас зиæнттæ æрхастой ирон адæмæн нæ цыфыддæр знæгтæ… 

Æгъдауджын, цæстуарзон куы уай, адæмимæ хæларæй куы цæрай, царды исты хорздзинад ныууадзынмæ куы тырнай, уæд, зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ райгуырдтæ. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис. Йæ царды хабæрттæ кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты, хуымæтæг адæмы ‘хсæнæй чи рацыд; цардмæ, адæммæ йæхи сæрмагонд цæстæнгас кæмæн ис, дунейы хъуыддæгтæн  æмæ рæстдзинадæн йæхи барæнæй аргъ чи кæны, хорз æмæ æвзæр искæй ныхæстæй чи нæ зоны, ахæм адæймаг.

 Адæймаг цы дæсныйадыл ныллæууы, уый хъуамæ æхцондзинад æмæ пайда хæсса æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблайы цы адæм ис, уыдонæн дæр», – загъта Гæззайы фырт. Адæмы хорзæхæй стырдæр хорзæх та нæй а-зæххыл. Лæгæн  йæ авдæнæй йæ ингæнмæ Хуыцау цас рæстæг радта, уыцы æмгъуыд хъуамæ йæ адæмы раз  къæмдзæстыг мацæмæй уа. Æнæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ, æнæ намысæй фæцæрæн нæй. Стыр худинаг у æгуыстæй бадын, искæйы мулкмæ кæсын, уынгты дзæгъæл лекка кæнын. Уый у стыр цæлхдур нæ абоны царды размæцыдæн. Хъуамæ алы адæймаг дæр йæ хæс зона: кæй у æхсæнады уæнг, кæй йæ хъæуы фæллой кæнын, йæ дарддæры цард аразын.

Ноджыдæр фæрнæй кус, Иван, æмæ бирæ азты дæ  къухы стырдæр æнтыстытæ æфтæд. Дæ къухтæ фæрнæй фæдар.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.