Цард куыд цæуы, афтæ фæлтæр ивы фæлтæры. Раджы дæр æмæ ныр дæр бирæ ис ахæм гоймæгтæ, Ирыстонæн кад чи кæны йæ архайдæй æмæ курдиатæй. Фæлæ, уыдонæй æрмæстдæр иугæйттæ свæййынц, адæм сæ хорзæх кæмæн бахæлар кæнынц, ахæмтæ. Уыдон цалынмæ цæрынц, уæдмæ сæ ном вæййы адæмы былалгъыл. Нæ сæ ферох вæййынц сæ амæлæты фæстæ дæр.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон радиойы Куымæридтаты Донарæйы «Дзуры Цхинвал!», зæгъгæ, нырма бирæ азты зæлдзæнис, нæ республикæйы  хистæр æмæ астæуккаг кары адæмы хъусты. Горæты, районты æмæ суанг дæрддзæф хъæуты дæр, райсом 8 сахатмæ алчидæр æнхъæлмæ каст, цæмæй фехъуса канд ног хабæрттæ нæ, фæлæ ма фидар, растæвæрд, æмæ уыцыиу рæстæджы, рæвдаугæ хъæлæс. Никæимæ уыд фæхæццæггæнæн Донарæйы интонаци. Растдæр Донарæйы хъæлæс хъуыст къорд азты Театралон фæзуатæй бæрæгбонон парадты.

Донарæ йæ царды фæстаг бонтæм никуы ныууагъта дикторы куыст. Уымæй дарддæр ма Драмон театры сценæйыл сæххæст кодта бирæнымæц ролтæ, музыкалон æмæ хиирхæфсæн радио программæтæ нывæзт уыдысты Куымæридтаты Донарæйы хъæлæсæй. Абон, 7 апрелы ууыл хъуамæ сæххæст уыдаид 80 азы…

Куымæридтаты Донарæ не ‘хсæнæй фæхъуыд 2007 азы, цыдис ыл 71 азы. Сылгоймаг кæд нырма куыстхъом уыд, уæддæр царды гакъон-макъон  фæндæгтæ, стæй йæ кадджын цардæмбал, Хетæгкаты Къостайы номыл Драмон театры сæйраг нывгæнæг Гаглойты Тауырбеджы (Тата)  йæ цардæй æнæрæстæджы ацыд, хæрзæвзонгæй йæ иунæг чызджы зиан, сæхион бакодтой. «Мæ чызджы фæстæ мын цард нал ад кæны. Цы хъæбул мын ныууагъта мæ бæрны, уый мæ куы нæ уромид, уæд. Мæ куыст мын хъару дæттæг ахъазгæнæг у, мæ царды цы трагеди æрцыд, уый рæстæгмæ рохгæнæн» – арæх-иу дзырдта Донарæ йæ фыды ‘фсымæры чызг Куымæридтаты Земæйæн. Уый нын ра-дзырдта йæ царды хабæрттæ  дæр иуцалдæры.

Æвæццæгæн, адæймаг æрыгонæй цы бауарзы, царды йын æхсызгондзинад цы хъуыддаг æрхæссы, йæ тыхтæ æмæ зонындзинæдтыл цæй фæрцы бауæнды, уый йын зæронды бонты дæр йæ зæрдæйы фæахсы ахъаззаг бынат, цасфæнды зын рæстæджытæ ма бавзара йæ царды, уæддæр.

Донарæ дæр йæ царды фæстаг азты куыста РХИ-йы Паддзахадон телеуынынады. Уый,  абон дæр æмбал кæмæн нæй, ахæм кусæг нæ уыд, æмæ канд уый нæ, фæлæ ма йæ кадджын фыды фыд æмæ йæ чи схъомыл кодта уыцы ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй сæ иу, Куымæридтаты Кимайау уыд фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттыл хæст. «Донарæйы бирæтæ сæрбæрзонд æнхъæл уыдысты, фæлæ-иу йемæ куы аныхæстæ кодтой, уæд-иу сæ хъуыды фæивтой. Стыр ном ын уыд, цы коллективы ‘хсæн куыста, уым. Фæстаг азты йæ цард снывонд кодта йæ чызджы сидзæр, чысыл Аланæн. Йæ бон куыд уыд, афтæ фæрнджынæй лæггад кодта сабийæн», – зæгъы,  Паддзахадон телеуынынады Донарæимæ чи куыста, уыдонæй сæ иу телеамонæг Бестауты Валя.

Донарæйы фыды ‘фсымæры чызг Земæ та афтæ зæгъы «Донарæйы фыд Александр Куымæридтаты Кимайæн уыд йæ зæнæджы хистæр. Йæ рæстæджы йæ фыдау нымад уыд кадджын адæймагыл, уыд ахуыргонд. Уæлдæр ахуыр райста горæт Горькийы арæзтадон институты æмæ Сталиниры педагогон институты. 1938 азы куыста Хуссар Ирыстоны спорткомитеты хистæрæй. Куысты дæр, бинонты æмæ адæмы ‘хсæн дæр йæ фыд Кимайау, уыд уæздан æмæ куыстуарзаг адæймаг. Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ куы ацыд, уæд. Чысыл Донарæйыл цыд 7 мæйы. Йæ фыдæн бафæдзæхста, цæмæй йын йæ чысыл чызджы схъомыл кæна. Фронтæй гæххæтт æрцыд Александры тыххæй, ома, æбæрæгæй фесæфт. Уæд Кима йæхимæ ракодта чысыл Донарæйы æмæ йæ хи хъæбулау схъомыл кодта».

Донарæ йæ фыды фыдæй тынг сæрыстыр уыд, арæх дзы æппæлыд. «Сабийæ-иу арæх зарыдтæн оперон аритæ. Мæхи-иу хызтон, ма мæ базона мæ дада, ирон æгъдæуттыл хæст кæй уыд, уый тыххæй дзы æфсæрмы кодтон. Фæлæ, мын иу хатт афтæ загъта зарæггæнæг рауай, зæгъгæ», – дзырдта-иу уый. Мæскуыйы ахуыргæнгæйæ, Донарæйæн Кима æрвылхатт дæр йæ пенсийæ æрвыста 40 сомы. Донарæ Мæскуыйы Щепкины номыл Аивадон ахуыргæнæндон каст  куы фæцис, уæд æрæздæхт Хуссар Ирмæ. Куымæридтаты Кима арæх цыд театрмæ, уæлдайдæр та Донарæ цы спектаклты хъазыд, уыдонмæ. Донарæ йæ дадайæн кад кодта æмæ  йын йæ алы ныхасæн дæр кодта стыр аргъ.

Радиойы æмæ театры æдæппæтæй фæкуыста 40 азы бæрц. Гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы дæр уый никуы ныууагъта йæ куыст. Йæ фидар хъæлæсæй уый махæн хъусын кодта, æрвылбон  дæр æнæрхъæцæй цы хабæрттæм æнхъæлмæ кастыстæм, уыдон.

Мæрдты дзæнæты бад нæхи Донарæ!

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.