Ауалдзæджы мын ирон зындгонд поэтессæ Чехойты Оля æрæрвыста йе ‘мдзæвгæты ног чиныг «Дæуæн, Ирыстон». Рагæй фæстæмæ дæр зонгæ уыдтæн Оляйы поэтикон сфæлдыстадимæ, уымæн æмæ йæ уацмыстæ арæх мыхуыры   уагъд цæуынц куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. Йе сфæлдыстадæн ын стыр аргъ скодтой нæ зынгæ критиктæ æмæ литературæиртасджытæ, стæй хуымæтæг чиныгкæсджытæ. Йе ‘мдзæв-гæтыл ын музыкæ ныффыстой ирон курдиатджын композитортæ. Оляйы уацмысты фæдыл арæх арæзт цæуынц алыхуызон поэтикон изæртæ æмæ чиныгкæсджыты конференцитæ.

Чехойты Оляимæ  базонгæ дæн ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты, растдæр зæгъгæйæ та æстæм январы 1991 азы. Уæд гуырдзиаг фашисттæ бацахстой горæт Цхинвалы хуссайраг хай, æмæ дзы цасдæр рæстæг æлдариуæг кодтой, пырх æмæ дæрæн кодтой хæдзæрттæ, æхсæнадон агъуыстытæ, кусæндæттæ æмæ горæты цардуагон уагдæттæ. Хуссар Ирыстоны разамонджытæ æрбынат кодтой горæххæсткомы. Ам арæзт æрцыд оперативон штаб. Йæ разамонджытæ горæты хъахъхъæнджытæн бахæс кодтой, цæмæй арæзт æрцæуой хъахъхъæнынадон постытæ  гуырдзиаг гæрзифтонг фыдгæн-джыты ныхмæ. Ахæм хъахъхъæнынадон пост арæзт æрцыд чысыл базармæ хæстæг. Уыдис уазал хъызтбон. Топпы гæрах æмæ автоматты къæр-къæр не ‘нцад. Ам ма баййæфтон дзæнæты бадинаг, номдзыд поэт æмæ  зындгонд æхсæнадон архайæг Дзуццаты Хадзы-Мураты. Уый мæ дисгæнгæ афарста,  кæцæй фæдæ, куыд æрхаудтæ Цхинвалмæ ацы уæззау заманы, зæгъгæ. Æз ын радзырдтон газет «Рæстдзинад»-æй сæрмагондæй æрвыст кæй дæн, Сатихъармæ мæ кæй фæндыд æмæ гуырдзиаг фашистты аххосæй мæ бон кæй нал бацис мæ бинонты бабæрæг кæнын, уыдæттæ.

Уыдаид изæры цыппар сахаты, афтæ нæ посты цур æрлæууыд урс «Волгæ» æмæ дзы рахызтысты дыууæ сылгойма-джы, сæ иу ацæргæдæр иннæ – æвзонг-дæр. Хаджи мын æвзонгдæр чи уыд, уыцы рæсугъд, хæрзконд сылгоймагмæ ацамонгæйæ загъта, уый чи у, уый зоныс. Æз загътон кæй йæ  нæ зонын. Уый у, Тенгиз,  нæ коллегæ, поэтессæ æмæ нæ сидзæрты сæрхъызой Чехойты Оля. Йæхæдæг сидзæрæй баззад,бирæ фыдæбæттæ баййæфта æмæ уымæ гæсгæ  ныр тынг зæрдиагæй ауды, ныййарæджы рæвдыд чи нæ баййæфта, уыцы сабитыл. Æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, уæртæ йе ‘ккой хæдæхс (автомат) кæмæн ис, уый та йæ цардæмбал Илья у. Ис сын дыууæ фырты. Дыууæтæ дæр сты спортсментæ. Дзамболат ныридæгæн у бирæ ерысты æмæ чемпионатты уæлахиздзау. Оля æмæ йемæ цы сылгоймаг уыд, уый посты чи лæууыд, уыдонæн æфсæддон æфсæйнаг къусты æркодта дзидзаимæ фых тæвд хъæрмхуыпп æмæ тымбыл сау дзултæ. Хæрзад, æвдадзы хуызæн æхсæвæры фæстæ посты уæвджытæн фæхуыздæр сæ равг,  дзæвгар фæхъæлдзæгдæр сты, иу цасдæр сæ айрох сты сæ уæззау хъысмæт, сæ дудгæ  хъизæмæрттæ…

Оля уæд, 1991 азы мартъийы,  йæ иу æмдзæвгæйы зæрдæрыстæй фыста:

Ирон адæм сæ сахъ фыртты ныгæнынц,

Нæ хæхтæ дæр нæ уромынц сæ маст.

Уæдæй фæстæмæ рацыд къорд азтæ, фæлæ мæ никуы ферох уыдзысты уыцы уæззау, фæлмæцыд, фæлæ цардмонц азтæ. Уымæн æмæ горæты цæрджытæ стырæй-чысылæй уыдысты иу бинонты хуызæн æнгом, лæууыдысты кæрæдзийы фарсмæ, бахъуаджы сахат æххуыс кодтой кæрæдзийæн. Æппæт уыцы цаутæ æмæ нывтæ ирдæй бæрæг сты Чехойты Оляйы патриотон æмдзæвгæты. Уый зæрдæрайгæ фыссы Ирыстоны абоны æмæ фидæны хъысмæтыл,  уæлдайаг ын нæу йæ уарзон Фыдыбæстæйы сомбон:

Мæ удæн адджын у Ирыстон,

Йæ хурыскаст – мады хъæбыс.

Йæ зарæг – мæ цин у, мæ исбон,

Йæ хъарæг – мæ зæрдæйы рыст.

Автор сæрыстыр у Ирыстонæй æмæ уарзæгой хъæбулау тыхсы йæ сомбоныл. Йæ лирикон хъайтар ныффæраздзæн цыфæнды зынтæн дæр, æрмæстдæр йæ райгуырæн бæстæн йæ сомбон уæд «рæсугъддæр».

Оляйы лирикон хъайтар бавзæрста фыдхæсты азар, фыдхæсты хъизæмæрт-тæ æмæ уымæ гæсгæ удæй æмæ зæрдæйæ цин кæны «кæй нал хъуысы» Ирыстонæй хъарæг, «кæй нал ис Ирыстоны хæст». Диссаджы патриотон æнкъа-рæнтæ ис Оляйæн йæ алы уацмысы дæр. Уый фыссы:

Уындзынæн ныр адæмы худгæ

Хуыцау сын æххуысгæнæг уа.

Зæгъы сын мæ зæрдæ æрмæстдæр,

Сæ фидæн рæсугъддæр кæна.

Уæд, уыцы заман, уыд рæстæгмæйы сабырдзинад. Мæгуыр, хæстæфхæрд ирон адæм иучысыл сулæфыдысты сæ уæззау фыдæбæттæй æмæ  райдыдтой сæ царды мæсыг амайын…

…Фæлæ æгъатыр, цыфыддæр знаг сарæзта ног фыдбæллæх. 1992 азы 20 майы гуырдзиаг лæгсырдтæ  Зары фæндагыл амардтой æнаххос ирон лигъдæтты, сæ цард аскъуыдтой 36 сылгоймагæн, зæрондæн æмæ сабийæн, æстдæс адæймаг та фесты уæззау цæфтæ. Уый уыд, кæй никуы фендæуыд, ахæм æвирхъау фыдракæнд. Æмæ кæд уæдæй фæстæмæ фондз æмæ ссæдз азæй фылдæр рацыд, уæддæр зæрдæ нырризы, зæрдæ сдуды, уыцы æвирхъау фыдбæллæхæй. Уый хъамайы рæхуыстау баззад нæ фæлтæрты зæрдæты. Ацы стыр фыдракæнды тыххæй фыст æрцыд бирæ поэтикон уацмыстæ, йæ зæрдæйы судзаггаг рыст æмдзæвгæйы хуызы раргом кодта Чехойты Оля дæр. Уый фыссы:

Фæсхæст. Мæ зæрдæ риссы, судзы,

У тугхъулон нæ зæхх, фæллад.

Æхсæрдæс ‘мæ æссæдз ироны,

Ам, Зары хъæды, фесты мард.

Оляйы царды фæндагыл афæлгæсгæйæ æз банкъардтон, цæмæн у афтæ стыр йæ сагъæс æмæ йæ катай нæ си-дзæртыл. Уымæн æмæ йæхæдæг дæр сидзæрæй баззад, банкъардта сидзæр сабийы иунæгдзинад, кæд ыл йе схæссæг ныййарджытæ тынг аудыдтой, рæвдыдтой йæ, уæддæр. Уыимæ ирон номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» сси йæ царды фæндаг рухсгæнæг цырагъ, уый æвзонг, цардбæллон чызгæн лæвæрдта ныфс, тыхтæ æмæ хъарутæ царды цæлхдуртыл хизгæйæ:

Ирон фæндыр – мæ уды уарзт дæ,

Ирон фæндыр – мæ уды цин.

Ирон фæндыр – мæ царды хорзæх,

Ирон фæндыр – мæ хъыг, мæ рис.

Сидзæры хъысмæт æмæ цардыуаг ирдæй бæрæг дарынц Оляйы сфæлдыстады. Уый 1991 азы октябры фыста:

Нал ис æнæпырхæй иунæг хæдзар дæр,

Дысон нæ банцад æгас æхсæв æхст.

Сидзæр сывæллæттыл риссы мæ зæрдæ,

Ноджыдæр еууаг кæй фæцис сæ сæр.

Ацы æмдзæвгæ кæсгæйæ нæ цæстытыл ауайдзæн уæды пырх горæт Цхинвал, сармадзаны нæмыгæй æмæ фыдгулы ракетæтæй пырх агъуыстытæ, хæдзæрт-тæ, уынгтæ… Оля удæй æмæ зæрдæйæ  чи цæуы, уыцы рыст уд фæлгонцтæй аив, нуарджын дзырдты ‘руаджы ныв кæны, уæды заманы трагикон, реалистон цаутæ. Æмæ йын уый йæ уацмыстæн дæтты домбайдзинад. Уымæн æмæ æцæг цаутæ æвдисæг поэтæн, фыссæгæн чиныг-кæсджытæ фæкæнынц уæлдай аргъ йе сфæлдыстадæн.

Чиныджы автор федта гуырдзиаг гæрзифтонг фашистты æвирхъау фыдракæндтæ, йæ зæрдæ-иу ныккæрзыдта урссæр ветеранты цæссыгтæ  уынгæйæ, Ирыстоны саударæг мæдты дзыназынæй, фыдохы цаутæй æмæ уæд йæ  рыст зæрдæйы райгуырдысты мæнæ ахæм рæнхъытæ:

Тыхми кæнынц нæ тугмондаг лæгсырд-тæ,

Æнæмсæр тохы хи зæххыл мæлæм.

Нæ Райгуырæн Ирыстонæй куыд лидзæм,

Куыд фæхæссæм цагъайраджы къæлæт.

Ирон адæм куыд уромой фыдмитæ,

Сæ сахъ фырттыл куы баталынг ис хур.

Уый дойнаг дур куынæ фæразы мастæн,

Нæ чысылтæн сæ сæры хъуын фæурс.

Оля йæ чиныгæн скодта цалдæр тематикон циклы,уыдонимæ:  «Мæ Ирыстон», «Нæ зынгхуыстытæн», «Ныййарæгæн», «Мæ уарзон адæмæн», «Мæ уарзон адæмæй», «Уарзты стъæлфæнтæ», «Æрдзы нывтæ», «Мидæнкъарæнтæ».

Æмдзæвгæты цикл «Нæ зынгхуыстытæн»-ы Оля зæрдæагайгæ фыссы номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы амæлæтыл 100 азы сæххæсты боны фæдыл:

Æстъалыйы ферттывд, Къостайæн йæ райгуырд,

Ирыстонæн уый у йæ цæугæ мæсыг.

Куы-иу райхъуыст Нарæй йæ уадындзы зарын,

Уæд мæргътæ дæр калдтой сæ судзгæ цæссыг.

Ацы циклы ма Къостайы тыххæй Оля мыхуыр кæны йæ кадæгæй скъуыддзаг «Нæ фæдисон», стæй æмдзæвгæ  Къостайы амæлæты 150 азы бонæн.

Нæй а-бæстыл æмсæр дæ кадæн,

Нæй а-зæххыл дæуæн мæлæн.

Фæкувынц иудадзыгдæр адæм,

Хуыцауы кувæгау дæуæн.

Фæлæ Оля ацы циклы æппæтæй зæрдæмæхъаргæдæр æмдзæвгæ ныффыста йæ зынгхуыст лæппу Ибрагимы тыххæй. Ацы æмдзæвгæйы аив, зæрдæагайгæ дзырдтæ хауынц Ирыстоны дæсгай саударæг мæдтæм, уыимæ мæ мад Дзæгъиаты Къатомæ дæр. Уымæн дæр йæ уарзон, кæстæр фырт Лони æстæм августы 2008 азы гуырдзиаг фашисттимæ карз тох кæнгæйæ хъæбатырæй фæмард йæ райгуырæн хъæу Сатихъары хъахъхъæнгæйæ. Æмæ уымæ гæсгæ,  æз, мæ мады удрыст уынгæйæ, уæлдай тынгдæр æнкъарын Оляйы уæззау, дзыназгæ рис:

Мысын дæ, мысын, мæ лæппу,

Тайы мæ цæстыты рухс.

Дæ цард уыд хæрз чысыл, мæ хъæбул,

Æз та йæ æнхъæлдтон æнус…

 

…Уæдæй нырмæ нал дæн мæ сæрæн,

Мæ цæссыг æнæвгъау кæлы.

Æдзухæй дæр риссы мæ зæрдæ,

Уæддæр ма мæ къахыл лæууын.

 

Мæ зæрдæ мын уæлдай тынгдæр сагайдта æмдзæвгæ «Ибрагимы ныстуан йæ Райгуырæн бæстæм», уый фæдзæхсы, ныстуан дæтты йе ‘фсымæр Джамбулатæн:

Дæуæн кæнын, Джамбулат, æз мæ ныхас,

Мæ мадызæнæг, ме ‘фсымæр, мæ хур…

Ды дæ мæ ныфс, ды лæуу мæ фæстæ фидар,

Ды уыдзынæ мæ фыдæн ныр бындур.

Зæгъын ма дын, зæрдыл дарæн, Джамбулат,

Мæ бæсты мын мæ хъæбулты ысхæсс.

Æрмæст хатыр, мыййаг, мæ бон куынæ уа,

Мæ хæс бафидын никуыуал дæуæн.

Оля канд йæхи зынгхуыст фырты тыххæй нæ риссы, фæлæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбулты тыххæй дæр. Уый фыссы:

Нæ фæкъул уыдзæнис нæ мæсыг,

Куыд фæнды нуазой нæ туг.

Уæ цыртыты раз æз фæкæуын,

Ыстæй уыл æруадзын мæ къух.

 

Ацы циклы Оля ссардта ирон номдзыд ахуыргонд Абайты Васойы, Кочысаты Розæйы, Тасойты Христойы, Сагкаты Валерийы æмæ æндæрты рухс нæмттæ. Ам ма сты æмдзæвгæтæ «Беслæны хъысмæт», «08.08.08», стæй æмдзæвгæ «Нæ хæдбардзинад райсыны цытæн». Зæрдæмæхъаргæ фыст у, Оля йæ фыды хо Аннæйы тыххæй кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæ дæр. Аннæ  уыд йæ хъомылгæнæг, уый йæ слæууын кодта йæ къахыл, уымæн æмæ Оля сидзæрæй баззад, йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй æхсæз мæйдзыдæй.

Мæнæн ды фæуызтай мæ авдæн,

Дæ разы зоныгуыл кæнын.

Цæуын мын амыдтай чысылæй,

Æмæ мæ къахыл ныр лæууын.

 

Олямæ бирæ  ис мæргъты, сырдты æмæ æрдзыл фыст аив æмдзæвгæтæ, уыдонимæ сты «Дзагъындзæг æмæ Халон», «Мæргъты фæдзæхст», «Зымæг дæр булæмæргъ куы зарит» æмæ æндæртæ.

Циклы «Мæ уарзон адæмæн»-ы Оля бирæ аив æмæ зæрдæмæхъаргæ уацмыстæ ныффыста ирон зындгонд поэттæ Мæргъиты Къостайы, Джусойты Нафийы æмæ Пухаты Алыксандыры юбилейты цытæн, стæй  ивгъуыд æнусы 80-æм азты зындгонд æхсæнадон архайæг Къæбулты Тамарæйы, ирон зындгонд поэтессæ æмæ актрисæ Галуанты Людмилæйы, Куымæридтаты Донарæйы юбилейты кадæн. Бирæ аив æмæ рæсугъд рæнхъытæ Оля ныффыста сгуыхт ахуыргæнджытæ Хъæцмæзты Венерæйы, Джиоты Валентинæйы, Гаглойты Венерæйы, Уалыты Мерийы, сгуыхт дохтыр Цхуырбаты Виоле-тæйы, Цхуырбаты Мананæйы, Гуццаты Нодары, Кокойты Асиаты æмæ æндæрты тыххæй. Оляйæн йæхиуыл аив, зæрдæагайгæ уацмыстæ ныффыстой ахуыргæнæг Цхуырбаты Павел, поселок Къуайсайæ, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Хуыгаты Суликъо, Гуыцмæзты Валери æмæ иннæтæ. Мæнæ куыд фыссы Гуыцмæзты Валери:

Æгас Ирыстоны нымад дæ.

Ды – нæ хъайтарты Гыцци.

Ды – нæ сидзæртæн сæ Мад дæ,

Ды – нæ зæрæдтæн сæ цин.

 

Мæн ма кæронбæттæны зæгъын фæнды Чехойты Оляйы лирикон æмдзæвгæты тыххæй,уымæн æмæ уыдон дæр сты йæ уды сыгъдæгдзинад æмæ курдиат æвдисæг айдæнтæ. Йæ лирикон æмдзæвгæты цикл Оля схуыдта «Уарзты стъæлфæнтæ». Æвзонг лæппу хъазты бауарзта рæсугъд, цардбæллон чызджы, йæ худгæ цæстыты, йæ сау, зæйвæлыд дзыккуты:

Зæдынгæс сылгоймаг

Фæндырæй цæгъды.

Ирыстоны коймаг

Бæллиццаг йæ уынд.

…Æмбисондæн баззад,

Йæ хæххон æфсарм.

Йæ уарзтæй, мæ хæлар,

Фæзилы мæ сæр.

 

Чехойты Оляйæн нырма разæй сты йе сфæлдыстадон уæлахизтæ æмæ сгуыхтдзинæдтæ, æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы стыр цардамонд, фидар æнæниздзинад æмæ  йæ уарзон кæстæрты хорзæх. Стыр Хуыцау æмæ дæ нæ рухс зæдты хорзæх уæд нæ сидзæрты сæрхъуызой, нæ Иры хъайтарты Гыцци, Оля!..

  Дыгъуызты Тенгиз.

Ист æрцыд газет «Рæстдзинад»-æй

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.