Фæзæгъынц, зæгъгæ, адæймаджы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæ дæр бæрæгæй фæзынынц йæ цæсгомыл, уый у йæ иууыл хуыздæр æвдисæндар. Уый афтæ кæй у, уый зыны ацы нæлгоймаджы къамæй дæр, сæйраджыдæр дзы уынæм йæ фæлмæн æмæ уарзæгой зæрдæ, бахъуаджы рæстæджы æххуысы къух фæдаргъ кæнын, иумæйаг хъуыддагыл цин кæнын, йæ рисыл та йын зæрдæйæ хъыг кæнын йæ туджы кæмæн уыд. Йæ царды дæргъы ахæм æвæрццаг миниуджытæй хайджын уыд Цъунары хъæуккаг Саулохты Алыксандр (Китъе) æмæ йын уыцы уарзæгой ахасты тыххæй стыр кад æмæ ном уыд  хъæубæсты ‘хсæн.

Саулохты Петърейы бинонтæ цардысты Дзауы районы Згъуыбиры хъæуы, ам æрвыстой хæххон зынвадат уавæрты сæ цард. Хохаг адæймаг куыстæй нæ тæрсы, æдзухдæр фæллой кæныныл лæуд уыд уыцы рæстæджы æмæ царды уыцы зындзинæдтæ иуварс кæнгæйæ, æууæндыдысты сæ рухсдæр сомбоныл. Ирон æгъдау æмæ фарн, зæгъæн ис, æмæ райгуырдысты хæххон бынаты, фидар сыл чи хæцыд æмæ сæ ноджы хуыздæр ивындзинæдтæй чи хайджын кодта, уыдон та уыдысты ирон фæрнджын адæм. Уыцы фарн æмæ æгъдау нæ ныууагътой Саулохты мыггаг дæр, фæлæ йæ семæ рахастой быдырбæстæм. Афтæ уыд хохæй быдырмæ Саулохты Петърейы æртæ фыртæн дæр сæ хорз æгъдау, сæ æвæджиауы фарн æмæ дзы тавтой æмæ рæвдыдтой, кæй ‘хсæн цардысты, уыцы адæмы. Петърейы фырттæ Христофор (Китъе), Ило æмæ Леуан æрцардысты Цъунарæн цæгат-ныгуылæны ‘рдыгæй Ходы бынмæ чысыл цæугæдоны цур. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæумæ æввахсдæр æрбынат кодтаиккой, фæлæ уæды рæстæджы хъæу цух уыд донæй. Сæ ныййарджытæ æвзонгæй ахицæн сты цардæй æмæ æфсымæртæй алчи дæр цæрынæн равзæрста бынат. Китъейæн йæ зæрдæмæ тынг фæцыд, йæ ныййарджытæ кæдæм æрлыгъдысты, уый æмæ цæргæйæ баззад Цъунары хъæуы. Ныййарджытæ батыхстысты сæ фырты фидæныл æмæ йын бинонтæ æркодтой 14-аздзыдæй.

Иугæр колхозтæ аразын куы райдыдтой, уæд хæдзарады уæнгтæ систы Китъейы бинонтæ дæр. Ног хæдзарады разамынд та йæхи рады батыхст, хъæуæн дæрддзæф бынаты чи цард, уыдон иу ран æрцæрын кæныныл. Афтæ Китъе æмæ йæ бинонтæ систы колхозы уæнгтæ æмæ æппæт хъæууонхæдзарадон куыстыты дæр исын райдыдтой активон хайад. Колхоз йæ дардыл быдырты тыдта æфсирон æмæ нæмыгон культурæтæ, стæй – сæкæры цæхæра, æгæрыстæмæй, зайын кодтой харбыз дæр. Æнцон нæ уыд уыцы рæстæджы колхозонтæн, уымæн æмæ алы куыст дæр æххæст кодтой галдых æмæ лæгдыхæй. Карстой сæ цæвæгæй, ца-лынмæ комбайнтæ нæ фæзындысты, уæдмæ, стæй сæумæрайсомæй суанг фæсахсæвæртæм мусы куыстой нæлгоймæгты æмрæнхъ сылгоймæгтæ æмæ чъеуриты фæрцы сæ гонтæ йедзаг кодтой мæнæуæй. Колхозы уæды разамынд уымæй дарддæр йе ‘ргом аздæхта дыргъгуыст рапарахат кæнынмæ æмæ дыргъдон саразыны цæвиттойнаг фæллой бакодта колхозы æвзонг уæнг Саулохы фырт дæр.

Йæ хæрæфырт, ныр дзæнæттаг Кобесты Нодар куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Китъе тынг хорз арæхст дуры куыстмæ. Зæгъын хъæуы, Цъунары æфсæнбетонон  цæрæн бæстыхай æппæты фыццаг кæй сарæзта ацы диссаджы къухты хицау адæймаг. Хæдзары бынат план кæнгæйæ, пайда кодта хуымæтæджы топографийы зонæнтæй æмæ уый дæр дзурæг у йæ арф зонындзинæдтыл. Уыд зæххæнкъуыст, стæй – гуырдзиаг фыдызнæгты æнæмсæр хæст Хуссар Ирыстоны сабырцæрæг адæмы ныхмæ. Уыцы уæззау цæфтæн бафæрæзта ацы хæдзар æмæ абон дæр лæууы хъæддыхæй. Дуры куыстмæ иттæг рæвдз кæй уыд, уымæн ма æвдисæн у уый дæр, æмæ йæ зæронд хæдзары кæй уыд йæхи арæзт дурæй сахат дæр. Æмæ куыд хорз рæхст хъæууон хостæ цæттæ кæнынмæ та. Куыддæр-иу æм æххуысы охыл фæсидтысты, афтæ-иу æвæстиатæй балæууыдаид рынчыны уæлхъус æмæ йын  йæ низ сæфта йæхи бацæттæгонд хостæй.

Схъомыл кодтой цыппар фырты æмæ дыууæ чызджы æмæ йæ бинойнагимæ сæхи нымадтой амондджыныл. Фæлæ уæд-мæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ тохы быдырмæ фæраст сты сæ сагсур лæппутæ дæр. Знаджы ныхмæ тох кодтой хъæбатырæй, фæлæ уæлахизы бон нал æрæййæфтой – Никъолоз, Исидор æмæ Иракъле фыдгулы амæттаг баисты. Уæззау мастæн нал    сфæрæзта уæздан, сабыртæ æмæ уарзæгой Китъе æмæ 1958 азы амард зæрдæнизæй. Хорз ракæнæгæн йæ ном кæддæриддæр адæмы ‘хсæн цæры, йæ ном та уæлæуыл баззайы. Æмæ ахæмты ‘хсæн баззайдзæн  Саулохты  Китъе  дæр.

                    ХУЫБИАТЫ Никъала                    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.