Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ Знауыры районы Ходабулы хъæуы цæрджытæ Шауердаты Уасил æмæ Чехойты Олгъæ сæ цардæй райгонд уыдысты. Кæд сæ цард къахæй ассон-ассон нæ кодтой, уæддæр сæ зæрдæ рухс уыд сæ зæнæгæй, хуыдтой сæ сæ хъæзныгад. Кæрæдзийы фæдыл фæзындысты сæ фондз фырты. Æниу, уæд цард рассæнд-бассæнды уыд æмæ нæм 20-æм азты Жорданияйы лæгхор æфсад куы æрбабыстой, уæд бынтон сафтид сты Хуссар Ирыстоны хъæутæ сæ адæмæй. Уæд фæлыгъдысты Ходабулы хъæуæй йæ цæрджытæ дæр фыццаг хатт. Шауердаты Уасил æмæ йе ’мкъай Чехойты Олгъæ нæ афæрæзтой алидзын, фæлæ ссыдысты Гомарты æфцæгмæ æд сывæллæттæ. Хъæубæстæй дзы уыд чидæртæ æмæ уым æрбынат кодтой. Мардысты уазал æмæ стонгæй. Сæ хистæр фырт Лади уæд амардис, иннæтæ аирвæзтысты Хуыцауы фæндæй. Иугæр меньшевиктæ сырд куы æрцыдысты, уæд æрыздæхтысты сæ сыгъд уæзгуытæм Ходабулы хъæуы цæрджытæ дæр. Адæм бавнæлдтой сæ цард аразынмæ. Уасил æмæ Олгъæ дæр систы ног цардарæзтады активон хайадисджытæ. Уыимæ сæ цыппар фырты хъомыл кодтой ирон фæрнджын æгъдæуттыл, райгуырæн уæзæгмæ уарзондзинадыл, адæймаджы хорз миниуджыты, уыимæ фæллой кæныныл. Уыдон рæзтысты се ’мгæрттимæ ног советон дуджы, ахуырæн — ахуыр, куыстæн — куыст.

О, цард йæ гаччы бадт. Фæлæ уалынмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ сæ цард ныссуйтæ куыд æппæт советон адæмæн, афтæ Шауердаты бинонтæн дæр. Сæ дыккаг фырт Георгийыл уæд сæххæст 19 азы æмæ йæм уайтагъд æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Уæд Георги каст фæцис Хъорнисы астæуккаг скъола. Бирæ рæсугъд фæндтæ уыд Георги æмæ йе ’мкъласон æмгæрттæм, фæлæ сын сæ фæндтæ сæххæст кæныны фадат нал радта хæст. Уæд фондз æмгарæй систой сæ къамтæ, зæрдылдарынæн сæ ныууагътой сæ ныййарджытæн æмæ иумæ фæраст сты фæцу æмæ ’рцуйы фæндагыл. Абон дæр ма уыцы къам цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц Шауердаты бинонтæ. Хæстмæ æрсидтысты Уасилы æртыкаг фырт Романмæ дæр. Фæлæ уый уæзхъус кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ бафаудтой æмæ баззадис хæдзары. Уый хыгъд колхозы куыстыты уыдис активон хайадисæг, йæ тыхтыл нæ ауæрста, афтæмæй уæхскуæзæй куыста. Æхсæв æмæ йын бон нæ уыд.

Георги хæстæн йæ райдианы бахауд минæзгъалæн полкмæ. Ссис минæзгъалæн къорды хистæр. Знаг йæ тыхтæ фидар кæнгæйæ бырста размæ. Иу ахæм стыр тохты Георги ахъаззаг цæф фæцис. Афтæмæй уый бахауд Хъызлары уæвæг госпиталмæ. Уым куы фæдзæбæхдæр, уæд йæ ныййарджытæм æрæрвыста зæрдæвидаргæнæн фыстæг, зæгъгæ, мæ тагъд, дæс боны æмгъуыдмæ ауаддзысты хæдзармæ æмæ уæ фендзынæн. Фæлæ немыцæгтæ уæдмæ æввахсæй-æввахсдæр кодтой ацы бынатмæ. Госпиталы цæф хæстонтæй чи фæдзæбæх, уыдоны арвыстой фæстæмæ фронтмæ. Арвыстой Георгийы дæр. Хъæуы сылгоймæгтæ æмæ сабитæ фæлыгъдысты хъæдмæ æмæ уым бааууон кодтой сæхи. Уыцы тохты 1942 азы 9-æм сентябры фæмард Шауердаты Георги дæр.

Гергийæ бирæ рæстæджы ницыуал æрыхъуыст. Стæй æрцыдис йæ сау гæххæтт, зæгъгæ, уый хъæбатырæй фæмард. Фæхъыг кодтой Уасил æмæ Олгъæ. Георгийæн канд йæхиуæттæ нæ фæмаст кодтой, фæлæ хъæубæстæ дæр. Сæ уарзон кæстæр уыд. Хъæубæсты фæсивæд сæ арæхстдзинад æвдыстой кафынæй, зарынæй. Сæ фæндырдзæгъдæг та уыд Георги. Уый афтæ хорз цагъта æмæ, дам ын æмбал нæ уыд. Уымæ гæсгæ-иу Ходабулы хъæуы Амбары къуыппыл фæзбынатмæ хъазтмæ цыдысты Малда, Хæрисджын æмæ Бехъмары хъæутæй дæр. Уыцы къуыппыл, дам, кæддæр колхозæн амбар уыдис æмæ йæ уый тыххæй хуыдтой Амбары къуыпп. Æрæмбырд-иу сты хæсты фæстæ азты дæр, фæлæ æнæ Георгийæ хъазт йæ уагыл нал цыдис. Æнæуый дæр, дам, уыдис тынг хæрзконд æмæ уындджын лæппу æмæ-иу йæ фæндыр куы аивæзта, уæд-иу кæсгæйæ баззадысты.

Хæст цырынæй-цырындæр кодта æмæ дарддæр цыдысты хæсты быдырмæ йæ азтæ кæмæн æххæст кодтой, уыцы фæсивæд Ирыстоны алы къуымтæй. Уасилæн йæ иннæ фырттæй хæстхъом ничиуал уыд æмæ йæхиуыл кæд 60 азæй фылдæр цыд, уæддæр æй æрфарстой æмæ йæ йæхи æмцахъхъæнтимæ арвыстой, Туркмæ æрбахизæнты цы æфсæддон хæйттæ лæууыдысты, уырдæм. Бирæ дзы уыдис Уасилы хуызæн ацæргæ лæгтæ. Æфсæддон хæйттæй иуы командир уыд уырыссаг, иннæйы та — гуырдзиаг. Алы хуыцаубоны дæр дыууæ полчы ’хсæн уагъд цыдысты спортивон ерыстæ. Полчы уыдис æвзонг, йæ тæккæ тыхыл чи уыд, ахæм хæстхъом гуырдзиаг æфсæддон. Арæх ын хæринæгтæ æрвыстой йæ бинонтæ, афтæмæй тохъыл кодта. Хъæбысхæстæй йыл ничи тых кодта. Уæд полчы уырыссаг командирмæ хардзау æркастис æмæ иухатт йæ полчы адæмы слæууын кодта æмæ сæ æрфарста, зæгъгæ, уе ’хсæн ничи ис ахæм, уымæн ныхкъуырд чи радта. Уæд Козаты Дианоз йæхи нал баурæдта, уый дæр Уасилы сыхаг уыд æмæ йæм ацамыдта, зæгъгæ, ацы лæджы бафæлварут. Полчы командир æм куы бакаст, уæд уый йæхи нал баурæдта æмæ йæ гуыбынмæ ацамыдта, зæгъгæ, мæ гуыбын афтид у æмæ куыд рахæцон, зæгъгæ, уый фаг хæры æмæ тых кæны иннæтыл. Ацы полктæ та хæсты комкоммæ хайадисджытæ кæй нæ уыдысты, уымæ гæсгæ сын хæринаг дæр бæрцыл лæвæрдтой. Уасил та стыр лæг уыд æмæ æнæуыйдæр хæрын уарзта æмæ дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм тых нал уыд. Уæд полчы командир бахæс кодта ротæйы старшинæйæн, цæмæй йын йæ хæрд фæхуыздæр кæна. Уасилæн лæвæрдтой уæдæй фæстæмæ фылдæр хæринаг æмæ йæ тыхтыл фервæссыд. Æрбалæууыд та хуыцаубон. Рахызтис та аренæмæ гуырдзиаг æмæ та сæрбæрзондæй акаст иннæтæм. Дыккаг зылд куыддæр æркодта, афтæ йæ командир Уасилæн сæрæй ацамыдта, цæмæй рахызтаид аренæмæ. Гуырдзиаг æм былысчъилæй бакаст. Уасил йæ фæдджитæ йæ роны æрсагъта æмæ кæрæдзимæ куы февнæлдтой, афтæ йæ Уасил иу февнæлдæй зæххыл фæкодта æмæ йæхæдæг лæугæйæ аззадис. Уæд полчы цы гуырдзиæгтæ уыдысты, уыдон лæбурдтытæ систой Уасилмæ, зæгъгæ, уый хуыбырст уыдис. Уæд полчы командир йæ пистолет фелвæста æмæ хæрдмæ тæрсынгæнæн æхст фæкодта. Фæстæмæ алæууыдысты лæбурджытæ æмæ та дыууæ хъæбысæйхæцæджы сæ кæрæдзимæ сæхи баивæзтой. Рахæц-бахæц æмæ та йæ Уасил йæ фæсонтыл æрæвæрдта æмæ ныр йæ риуыл æрбадт. Уæд полчы командир дыууæ сырх туман систа æмæ сæ Уасилмæ радта æмæ йæ 10 боны æмгъуыдмæ та хæдзармæ рауагъта, фæлæ йæ фæстæмæ цæуыны сæр нал бахъуыдис. Фæцис хæст.

Уæдæй фæстæмæ дзæвгар азтæ рацыдис. Иу ахæмы Ходабулы хъæуы цæрæг Дзæгъиаты Жорæ холлаг цæттæ кæнынмæ уыдис Цæгат Кавказы æмæ куы æрцыдис, уæд Георгийы кæстæр æфсымæр Романы лæппу Викторæн загъта, зæгъгæ, дæ фыдыфсымæры ном æмæ мыггаг фыстæй федтон иу хъæуы, фæлæ кæм, уый нæ бахъуыды кодта. Уæдæй фæстæмæ зæрдæдзурæнты уыдысты Шауердаты бинонтæ. Æмæ сыл дыууæ азы размæ æрцыдис æнæнхъæлæджы хабар. Интернеты руаджы сын бантыст сæ ’дзард хæстоны Мæздæджы районы Хъызлары хъæуы ссарын. Уæд Виктор акодта сæ мыггаджы дзырдарæхст хистæрты, кæстæр фæсивæдæй дæр кæйдæрты æмæ ныццыдысты Хъызлары хъæумæ.

Уым скъолайы кæрты уыцы хъæуы фæмардуæвæг хæстонтæн арæзт æрцыдис иумиаг цырт. Йæ уæлæ фыст уыдысты 15 фæмардуæвæг хæстоны нæмттæ. Æппæты сæрæй номхыгъды фыст уыдис Шауердаты Георги. Мæрдты куыд уардтой, афтæ сæ фыстой, æвæццæгæн. Скъола у æртæуæладзыгон. Ахуыр дзы кæны 2 мин ахуыргæнинаджы бæрц. Уыцы бон хæсты фæмардуæвджытæй мах йедтæмæ уым ничи уыд. Стыр кад нын скодтой. Нæ размæ рацыдысты хъæубæстæ æмæ нæ бахуыдтой скъолайы кæртмæ. Уырдæм æрбацыдысты сæ администрацийы сæргълæууæг, сæ депутаттæ, администрацийæн сæхи кусджытæ, хъæубæстæй бирæ адæм, сæ телеуынынад.

Ам Шауердаты Георгийы номыл ауагъд æрцыд цымыдисон мадзал. Хъæубæстæй уæды цаутæ чи бахъуыды кодта, уыдон сæ дзырдтой уазджытæн, скъоладзаутæ æмдзæвгæтæ кастысты хæстон темæйыл, равдыстой инсценировкæтæ, зарыдысты хæстон зарджытæ, радзырдта нын Виктор.

Ходабулы хъæуæй Виктор йæ фыдыæфсымæры ингæнмæ ардыгæй аласта сæ уæлмæрды сыджытæй. Уым æй байзæрста йæ фыдыæфсымæры ингæныл. Уадз, æмæ, дам, ын хай уа йæхи райгуырæн хъæуы сыджытæй. Фарон, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæудæй 70 азы кæй рацыд, уый цытæн Георгийы бинонтæ ногæй бабæрæг кодтой се ’дзард хæстоны ингæн. Уæд дзы æрыййæфтой иннæ хæстонты бинонтæй дæр кæйдæрты. Афтæ кад æмæ æгъдау кæнынц Шауердаты бинонтæ сæ хæстонæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.