1920 азы Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады æрбабырст Хуссар Ирыстоны зæхмæ æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зындзинæдтæ æмæ хъизæмайраг бонтæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдонæй уыд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Гæбæраты Сано (Сардион) дæр.

Ивгъуыд æнусы 20-æм азты Гуырдзыстоны меньшевиктæ ирон адæмы цæгъдынмæ куы æрбафсæрстой, сабырцæрæг ирон адæмы цæрæн хæдзæрттæ цъыбыртты сыгъд куы кодтой, сæ фæллой хæссыныл сын куынæ ауæрстой, уæд цъунайраг Санойыл цыд æрмæстдæр 14 азы. Ахæм кары лæппу та хъуамæ æнæмæтæй æрвыстаид йæ рæзгæ царды бонтæ, сыгъдæг арвы бын хъуамæ рæзтаид æдас æмæ æвæлмастæй. Фæлæ хатт хъысмæт уыцы сæрибар æмæ æнæмаст царды бонтæй иуты нæ фæхайджын кæны, уый хыгъд ын йе взонг зæрдæ фæриссын кæны тугмондаг адæймæгты æвирхъау цаутæй. Адæймагады уыцы æбуалгъ цаутæй та Хуссар Ирыстоны сабырцæрæг ирон адæм цух нæ баззадысты ивгъуыд æнусы 20-æм азты дæр, кæцытæ историйы азфысты баззайдзысты цæрæнбонтæм.

Меньшевиктæ нæм иугæр куы æрбабырстой, уæд æдас нæ уыдысты Цъунары адæм дæр, кæмæн куыд æй йæ фадат амыдта, афтæ сæхи хъахъхъæдтой знагæй. Гæбæраты Никъо дæр бæргæ ныхмæ фæ-лæууыдаид, фæлæ цыбыркъух нæлгоймагмæ хæцæнгарз нæ уыд, стæй дæр йæ бинонтæ та цы фæуыдаиккой. Æндæр амал ын нал уыд æмæ хæдзары бинонтæ æдасдæры тыххæй фæцыдысты Зары хъæуы æрдæм æмæ æрбынат кодтой Джиджджойты суадонмæ æввахс Стыр комы. Уыцы бынат уымæн æрцагуырдтой æмæ Никъойы æмкъай уыдис хъорнисаг, Плитæй. Семæ ахастой, цæрынæн сæ фыццаграды цы хъуыд, уыдæттæ. Уым ма уыдысты лигъдæттæ алы хъæутæй. Фæлæ бинонтæ уым дæр бынтон æдас нæ уыдысты, алырдыгæй хъуыст хæццæ ныхас. Рацыд дыууæ боны æмæ æхстытæ сарæх сты, нæ зыдтой, æхсæнгæрзтæй æнæауæрдон чи æхста, уыдон. Иу рæстæджы Никъо йæ фырттæй сæ иу – Санойæн загъта, цæмæй ацыдаид æмæ бæрæг ныхас æрбахастаид. Æнæзивæг æмæ цæрдæг лæппу уайтагъд йæхи арæвдз кодта æмæ фæцæуæг. Куыддæр хъæуы астæумæ бахæццæ, афтæ йæ меньшевиктæ рацахстой æмæ баиу, уымæй размæ ма ирæттæй кæй æрцахстой æмæ сæм уацары чи бахауд, уыдонимæ.

Цалдæр боны фæстæ сæ ракодтой уырдыгæй æмæ ныр та æрбынат кодтой Згъудеры, ТЭК абон кæй хонæм, уыцы ранмæ. Рацыд иу бон, дыккаг бон дæр аивгъуыдта, æризæрмилтæ. Æвзонг лæппуйы амондæн, адæмы чи хъахъхъæдта, уыдонæй йæм сæ иу аивæй æрбацыд (уыцы нæлгоймаг ын хорз зыдта йæ фыды) æмæ йын æмбарын кæны, зæгъгæ, сом куыддæр æрбабон уа, афтæ лидзгæ кæн ардыгæй, тæрсыны æхст дæ кæндзысты, фæлæ-иу ма фæтæрс, зæгъгæ. Æцæгдæр, куыддæр æрбабон, афтæ адæмы стыр къордæй фæхицæн æмæ лидзын райдыдта бынмæ, зæронд хиды рдæм. Хъахъхъæнджытæ йæ куы ауыдтой, уæд æм хъæр кæнынц, æрлæуу, æхсгæ дæ кæнæм, зæгъгæ. Лæппуйы тас бацыд, фæлæ уый хыгъд йæ тыхтæ фæдывæр сты æмæ йе згъорд фæтынгдæр. Æрхæццæ Леуахийы цурмæ æмæ хъуыды кæны, кæуылты ахиза, ууыл.Хидыл ахиза æмæ йæ куы суыной, доныл ахизын та йæ ныфс нæ бахаста. Уæддæр хуыздæрæн равзæрста хидыл ахизын, бахæццæ, «Фарн»-ы магазин кæм уыд, уырдæм. Ам дæр та лæууынц меньшевиктæ æмæ сын сæ ныхас æмбары, дзурынц, ахстытæй ралыгъд, зæгъгæ. Фæлæ сæ цыма хъуыды дæр не ‘ркодта, уыйау сæрибарæй йæ цыды хай кодта дарддæр. Цъунармæ схæццæ, ам дæр бынтон æдас нæ уыд æмæ цалдæр сахаты фæстæ ссардта йæ бинонты. Куы йæ ауыдтой, уæд сæ цинæн кæрон дæр нæ уыд. Дзырд дардыл у, фæлæ ацы бинонтæ фервæзтысты меньшевикты фыдбылызæй.

Уæдмæ Хуссар Ирыстоны æрфидар cоветон хицауад æмæ Никъо дæр йæ бинонтимæ æрлæууыд фæллойы фæндагыл. Йæ фырттæ баисты бинонты хицæуттæ, афтæ Сано (Сардион) дæр йæ бинойнаг Тедеты Дуняимæ сæхи нымадтой амондджыныл, уæдмæ сын фæзынд фырт Ефим дæр. Фæлæ бирæ нæ ахаста сæ сабыр цард – 1941 азы нæм мæнгардæй æрбабырстой немыцаг тыхæйисджытæ æмæ бахъуыд знагæй не Стыр Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын. Сано дæр фæстæ нæ фæлæууыд, хæрзбон загъта йæ бинонтæ, хъæубæстæн æмæ араст тохы быдырмæ. Хайад иста Саратовы, стæй Воронежы ссæрибар кæныны сæрыл тохы. Ирон хæстон кæддæриддæр æххæст кодта командиры бардзырдтæ. Гæбæраты Сано æххæст кодта развæдсгарæджы хæстæ дæр æмæ уым дæр йæхи æвдыста цæвиттойнаг хæстонæй. Фæлæ иууыл ахсджиагдæр та уыд «æвзаг» æрбакæнын. Гæбæрайы фырт иу æмæ дыууæ немыцаджы не ‘рбакодта. Хæст хæст у, уый никæуыл ауæрды æмæ Сано дæр цалдæр хатты фæци уæззау цæфтæ.

Йæ хæстон цаутæй-иу арæх радзырдта йæ бинонтæн. Иу ахæмы уый сæмбæлд йе ‘фсымæр Германыл æмæ кæрæдзийыл фæцинтæ кодтой. Герман дæр хъазуатонæй тох кодта знæгты ныхмæ æмæ сæрæгасæй хæсты фæстæ сæмбæлд йæ хæдзарыл. Сабыр дуджы цард æмæ фæллой кодта йæ бинонтимæ Мæздæджы районы. Иннæ æфсымæр Виктор куыста хъæуæххæсткомы сæрдарæй, фæлæ 1942 азы уый дæр хæрзбон загъта йе ‘мкъай Æлборты Маруса æмæ йæ цыппар хъæбулæн æмæ ацыд тохы быдырмæ. Хъыгагæн, уый нал сыздæхт хæсты быдырæй, йæ цард нæ бавгъау кодта нæ амондджын царды сæрвæлтау.

Сано уæззау цæфты фæстиуæгæн 1944 азы сæрибар æрцыд æмæ æрыздæхт йæ райгуырæн фыдыуæзæгмæ. Нæ Хицауад хорз аргъ скодта ирон хæстоны сгуыхтдзинæдтæн, бирæ ордентæ æмæ майдантæй æрцыд хорзæхджын, радтой йын автомашинæ «Запорожец». Йæ бинойнагимæ сын ноджыдæр фæзынд кæстæртæ, систы хисæрмагонд æмæ æхсæнадон царды активон аразджытæ. Фаг у зæгъынæн уый дæр, æмæ сæ кæстæр фырт Гæбæраты Георги кæй у Респуб-ликæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг. Йæ конд нывтæ зындгонд систы канд республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсе æмæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты аивадуарзджытæн дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.