Стыр Уæлахизы бонмæ нæ республикæйы бирæ бæрæгбонон мадзæлттæ æрцыдис уагъд. Иу ахæм мадзал арæзт æрцыд Знауыры районы Схлиты хъæуы дæр – ам цытджын æгъдауæй байгом кодтой цыртдзæвæн сырхæфсæддон Пухаты Мити (Дмитри) Сардионы фыртæн, кæцы 1944 азы æбæрæг сæфт фæкодта хæсты быдыры æмæ дзы суанг 2020 азмæ ницыуал бæрæг райхъуыстис. Цытджын церемонийы хайад райстой бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ нæ республикæйы æндæр бæрнон кусджытæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æбæрæг сæфт чи фæкодта, уыцы хæстонты нымæц бирæ у. Æмæ абоны бон дæр сæ фылдæр хайы тыххæй нæй бæстон информаци – кæм хæцыдысты, цы уавæрты фæмардысты, кæм ныгæд сты. Пухаты Митийы тыххæй дæр бирæ азты дæргъы ницы базонæн уыдис, – цалдæр архивы ссардæуыд мургай бæрæггæнæнтæ. Ӕмæ ма уыцы информаци дæр раст фыст куы уыдаид. Иу архивон документы у 1922 азы гуырд, хæстмæ ацыд октябры мæйы 1942 азы, уыд рæнхъон хæстон æмæ ноябры мæйы 1944 азы æбæрæгæй фесæфт. Иннæйы та йæ фыды ном фыст уыд «Сандроевич», хæстмæ ацыд сентябры мæйы 1942 азы, уыд матрос æмæ ноябры мæйы 1943 азы æбæрæгæй фесæфт.

ЙÆ ТОХВÆЛЛАД УД ÆРÆНЦАД ЙÆ РАЙГУЫРÆН УÆЗÆГЫЛ

Сырхæфсæддон Пухаты Митийы хъыс-мæт рабæрæг ис «Ӕнæмæлгæ полк»-ы архайды фæрцы æмæ ма дзы активон хайад райста Бибылты Анатоли дæр. 2020 азы Ленинграды областы горæт Гатчинайы æфсæддон архивы разындысты Митийы тыххæй архивон документтæ, кæцыты бæлвырдæй фыст сты йæ хæстон фæн-дæгтæ суанг йæ амæлæты онг.

Пухаты Мити райгуырд 1924 азы Схлиты хъæуы. 18 азы йыл нæма сæххæст, афтæмæй сентябры мæйы 1942 азы ацыд фронтмæ. Фыццаг æй кæдæм арвыс-той хæцынмæ, уый бæрæг нæу, фæлæ фæстагмæ ахауд Балтийы Сырхтырысаджын флотилимæ – службæ кодта 6 ротæйы æмæ денджызы куынæг кодтой знæгты æвæрд минæтæ. 2 августы 1944 азы йæ фæстаг хæстон балцы куы ацыд, уæд уыд наутæрæг. Уыдысты дыууадæсæй æмæ сæ хæстон хæс куыд æххæст кодтой, афтæмæй сæ знаджы авиаци ныццавта. Уæдæй фæстæмæ нымад æрцыд æбæрæг сæфтыл.

Бибылты Анатоли Митийы цырты раз лæугæйæ банысан кодта, зæгъгæ, салдат цалынмæ йæ райгуырæн зæххыл сæмбæла, уæдмæ йын хæст фæудыл нымад нæу æмæ абон Митийæн дæр йæ тохвæллад уд æрынцад йæ райгуырæн уæзæгыл.

«Хæст æгъатыр у, бирæ хъизæмæрттæ хæссы йемæ, бирæ уды зиæнттæ баййафынц адæм. Æрмæст Хуссар Ирыстонæй фронтмæ ацыдысты 23 мин хæс-тоны бæрц æмæ дзы 18 минæй фылдæр фæстæмæ нал æрæздæхтысты. Фæлæ уæддæр нæ рыстзæрдæ адæм сфæрæзтой ахæм уæззау уаргъ, слæууыдысты та фæстæмæ сæ къæхтыл. Ӕмæ Стыр Уæлахизы бон тугæй æлхæд кæй у, уый нæ рох макуы хъуамæ уа. Митийы 17-аздзыдæй хæстмæ æлвæста йæ уарзондзинад йæ Фыдыбæстæмæ, йæ патриотизм, æмæ дзы абоны бон мах сæрыстыр стæм», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æбæрæгæй цы салдаттæ фесæфтысты, уыдоны нымæц азæй-азмæ къаддæр кæны – æрмæст 2020 азы ссардтой 17 мин хæстоны стæгдары. Фæлæ иумийагæй сисгæйæ сæ нымæц нырма бирæ у – æдæппæт астæуккаг нымадмæ гæсгæ сты 1,8 – 2,4 миллуан адæймаджы бæрц. Агурæн куыстытæ цæуынц æппынæдзух, фæлæ  историктæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы куыстытæ адаргъ уыдзысты дæсгай азты æмæ куыд фæстагмæ се стæгдартæ агурын ноджы фæзындæр уыдзæнис æгæр бирæ рæстæг кæй рацыд, уый фæстиуæгæн.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.