Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 76 азы  сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзал уагъд æрцыд горæт Къуайсайы. Мадзал сорганизаци кодтой горæт Къуайсайы администраци, Культурæйы хæдзар æмæ ацы горæты астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ. Горæт уыд бæрæгбонвæлыст, йæ цæрджытæн та – бæрæгбонон зæрдæйыуаг.

9-æм майы райсомæй 9 сахатыл горæты Культурæйы хæдзар æмæ астæуккаг скъолайæ æппæт Къуайсайыл айхъуыстысты уæлахиз æмæ хæстыл фыст зарджытæ. 11 сахатмæ æввахс  адæм æмбырд кæнын райдыдтой скъолайы цурмæ. Уыдонмæ æрбаиу сты уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ сæ бинонтæ æмæ сывæллæттимæ. Акцийы хайадисджыты арæнхъахъхъæнджытæ  сифтонг кодтой æфсæддон машинæйæ, кæцыйы рæсугъд сфæлындзыдтой тырысатæй. Къуайсайы администрацийы кусджытæ Бæззаты Геннадийы сæргълæудæй æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайады сæргълæууæг Зассеты Сослан Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты нывтæ, чысыл тырысатæ æмæ уæлдæфон къоритæ лæвæрдтой куыд сывæллæттæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр.

11 сахатыл «Священная война»-йы зарæджы зæлты бын райдыдта акци «Æнæмæлгæ полк». Йæ хайадисджытæ акцийы фæлгæтты иу дзæвгар ацæ-уыны фæстæ, зарæг «Катюша» заргæйæ иууылдæр æрбацыдысты æбæрæг салдаты цырты цурмæ æмæ йыл сæвæрдтой дидинджытæ. Стыр Уæлахизы цытæн бæрæгбонон митинг байгом кодта горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн. Æрдзырдта советон адæмы къухты уæлахиз цы стыр аргъæй бафтыд, уый тыххæй. Загъта сын амондджын цард æмæ сабыр арвы бын цæрыны фæндиæгтæ. Уый фæстæ ныхасы бар радта горæт Къуайсайы астæуккаг скъолайы директор Хуыгаты Суликъойæн. Уый дæр акцийы хайадисджытæн раарфæ кодта Стыр Уæлахизы боны цытæн. Загъта, цæмæй хæст макуы уал фена Ирыстон. Уавæрæй спайда кæнгæйæ, Хуыгайы фырт бузныг загъта Стыр Уæрæсейæн, Хуссар Ирыстонæн йæ алыварсон æххуысы тыххæй. Сывæллæттæ кастысты Уæлахиз æмæ хæстыл фыст æмдзæвгæтæ, кæцыты бацæттæ кодтой скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ Къуайсайы сывæллæтты библиотекæйы сæргълæууæг, РХИ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Багаты Асиат. Скъоладзаутæй иуæй-иутæ уыдысты æфсæддон дарæсы æмæ сæ уый ноджы аивдæр кодта æмдзæвгæтæ кæсгæйæ.

Мадзалы фæстæ адæм нæ атагъд кодтой сæ хæдзæрттæм, фæлæ дæргъвæтин рæстæджы сæхи ирхæфстой æмæ афтæмæй арвыстой хъæлдзæг рæстæг. Истой зæрдылдарæн къамтæ, афтæ ма хъуыстой æфсæддон зарджытæм.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.