Стыр Уæлахизы бæрæгбоныл 76 азы сæххæсты цытæн  нæ республикæйы столицæ Цхинвалы Театралон фæзуаты уагъд æрцыдис бæрæгбонон концерт «Уæлахиздзауты фæстагæттæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. Изæрæй ардæм æрбамбырд ис бирæ адæм, куыд горæтæй, афтæ районтæй дæр. Фæсивæд хъæлдзæг рæстæг кæй æрвыстой, уый бæрæг уыдис артисттимæ иумæ æфсæддон зарджытæ кæй æххæст кодтой, уымæй.

Бæрæгбонон концертмæ фæуазæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны разамынад, сæ сæргъ Президент Бибылты Анатоли, афтæмæй. Концерты сæ арæхстдзинад æвдыстой нæ республикæйы популярон зарæггæнджытæ. Æфсæддон-патриотикон æмæ æндæр хъæлдзæг зарджытæ æрæмбырдуæвджыты раз сæххæст кодтой Тасойты Игорь, Саппиаты Залинæ, Харебаты Марта, Гатыгкоты Нинæ, Дзукъаты Ланæ, Пæррæстаты Аннæ-Мария, музыкалон къорд «Симпатико» æмæ æндæр сфæлдыстадон коллективтæ. Бæрæгбонон концерт фæцис адæмы уарзон чи у, уыцы зæрдæмæхъаргæ æмæ легендарон зарæг «День Победы»-йæ. Сценæйыл артисттимæ зарæджы сæххæст кодта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, семæ зарыдысты æппæт æрæмбырдуæвджытæ дæр.

Стыр Уæлахизы бæрæгбоны цытæн сценæмæкæсджытæн, æмткæй республикæйы цæрджытæн бæрæгбонон арфæ ракодта Бибылты Анатоли. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта бæ-рæгбоны егъау нысаниуæг æмæ ал-кæмæн дæр йæ цæст бауарзта сабырад, фæрныгад æмæ стыр хæрзиуджытæ. «Зынаргъ адæм, абон мах банысан кодтам Уæлахизхæссæг майы бæрæгбон, кæцы æнцонтæй нæ бафтыд нæ фыдæлты къухты. Ми-луангай адæймæгты цард чи ахаста æмæ бæстæ чи схæццæ кодта, уыцы стыр хæсты ныккалд ирон туг дæр. Махæн нæ фыдтæ æмæ дадатæ тох кодтой гитлерон фашизмы ныхмæ æмæ æхсæвæй-бонæй æввахс кодтой, абон цы бæрæгбон нысан кодтам, уыцы бон – Стыр Уæлахизы бон. Махæй алчидæр сæрыстыр у ахæм хъæбатыр адæймæгты фæдонтæ кæй стæм, уымæй. Цыфыддæр знаджы ныхмæ тохы хæцыдысты бынтон æвзæнгтæ дæр, кæцытæн нæ бантыст бинонтæ æркæнын æмæ царды дзæбæхæй рацæрын. Уыдон уыдысты цардбæллон фæсивæд, фидæнаразджытæ, фæлæ фашистон Германи æрбабырста Советон Цæдисмæ æмæ сæ туг ныккалд æгъатыр хæсты. Уыдон махæн æрхастой сæрибар æмæ нæ макуы хъуамæ уа рох. Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр хъыгаг у, абон Советон Цæдис кæй нал ис, уый. Уæд адæмты иу кодта хæлардзинад æмæ   тох кодтой сæ иумиаг знагимæ. Абон мах хъуамæ архайæм ууыл, цæмæйдæриддæр макуыуал уа фашизм», – банысан кодта нæ бæстæйы сæргълæууæг.

Куыд æндæр горæтты, афтæ Цхинвалы дæр Стыр Уæлахизы бæрæгбон фæцис цæхæркалгæ фейерверкæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.