Юморескæ

Малхазы телефон ныдздзæнгæрæг ласта. Æниу, дзæнгæрæг цы, ныры телефонтæ ма дзæнгæрæг кæнынц! Цавæрдæр мелоди самыдта æмæ йæ лæппу йæ хъусыл андæгъта.

– Ало!..

– Мах фиддонтæ æмбырдгæнæг уагдонæй стæм. Аз кæронмæ фæхæццæ кæны æмæ…

– Æмæ дыл дзæбæхæй æрцæуæд, – чызджы æхцон хъæлæс фескъуыдта Малхаз æмæ йæм йæ ногазон арфæ арвыста.

– Дæуыл дæр дзæбæхæй æрцæуæд, фæлæ…

– Дæ хорзæхæй æвзæрæй мацы зæгъ. Кæд уæм, мыййаг, фиддонтæ æмбырд кæнынмæ фæкæсын нæ хъæуы, – йæ ныхас та йын фескъуыдта лæппу æмæ цæттæ уыд чызгæн æвæстиатæй иу чысыл уæддæр алæггад кæнынмæ.

– Нæ, де ‘ххуыс нæ нырма нæ хъæуы, фæлæ уал дæхæдæг куы бафидис дæ фиддонтæ дон, электроэнерги, газ, хъæрмад, канализаци, брæтты тыххæй.

– Фæлæу-ма, рæсугъд, алцыдæр куы ранымадтай, уæд дæ уæлдæФ куыд æрбайрох?

– Уый тыххæй нырма фиддон нæй æмæ йæ кæд сæвæрой, уæд дæ нæ ферох кæндзыстæм.

– Ахæм рæсугъд хъæлæс кæмæн ис, уымæн маймулийы бæсты дæр бафиддзынæн, нæ бананты нын кæй хæры, уый тыххæй.

– Маймулийы бæсты дæр нæ хъæуы фидын, фæлæ цæмæн æмбæлы, уыдон фидинаг сты, стæй сæ мæнæн нæ фидыс, фæлæ паддзахады раз дæ хæсджын.

– Цæй, цавæр тагъд сыл скодтай, цыма уыцы къапеччытæм æрхауд нæ паддзахад. Уыдонæн дæр æнæфидгæ цы ис, фæлæ уал мын дæ ном куы зæгъис, дæ ном. Ахæм æхцон хъæлæс нырма никуы фехъуыстон…

– Мæ ном? Æмæ дзы цы кæныс мæ номæй. Æхцайы æнæ уый дæр райсдзынæн.

– Æхца, æхца! Ау, а-дунейы алцы æхцайæ кæнгæ у? Æз уыцы къапеччытæй дæумæ тынгдæр бацымыдис кодтон…

– Цæй хъæлдзæг лæппу дæ! Ног азмæ нырма цалдæр къуыри ис, афтæмæй Дын ныридæгæн бæрæгбонон зæрдæйы равг ис…

– О, æмæ æнкъард дæр цæмæн хъуамæ уон, ахæм рæсугъд, фæлмæн, аив, уæздан, зæрдæйылтайгæ…

– Абон сæ нымад фæуыдзынæ, М?  телефонæй райхъуыст чызджы къæл-къæл.

– «М» та ма цы у?  фæхъуыдыйыл лæппу.

– «М» у номы фыццаг дамгъæ. Хæсджынты номхыгъды дæ мыггаджы фæстæ ацы дамгъæ ис. Æвæццæгæн, Мишæ хуыйныс, æви Мурат, Менаш?

– Нæ, æз Малхаз хуыйнын.

– Малхаз?

– О…

– Малхаз хистмæ фæцæуы… Малхаз хистæй раздæхы… – райхъуыст та телефонæй чызджы цъæхснаг худт.

– Уый та ма цавæр Малхаз у?

– Уый æз дæуæй нæ зæгъын. Ис ахæм карикатурæ. Ирон литературæйæ ахуыргæнæн чиныджы куы ис…

– О, уый æз нæ дæн, æз хистытæм цæуын нæ уарзын. Кæсыс, мæ ном мын базыдтай, ды та мын æЙ нæ хъæр кæныс.

– Мæ номы дын, дæ фиддонтæ куы рбахæссай, уæд зæгъдзынæн…

Телефонтæ иуæрдыгæй æмæ иннæрды-гæй дæр уый адыл ныннымæг сты. Малхаз ма йæм иуцасдæр æдзынæгæй фæкаст, раст ма афтæ фæкæсы фыркъа йæ кæрты ног дуармæ, стæй йæ æвæндонæй йæ дзыппы нывæрдта.

Дыккаг бон, йæ фиддонты æхца йæ дзыппы, афтæмæй лæппу балæууыд, кæм æмбæлд, уым. Фæндаг хорз зыдта, кæд æм арæх нæ цыд, уæддæр. Уæрæх залы иуæрдыгæй авгæй лæсгæры фæстæ бадтысты сылгоймæгтæ – чи æрыгон, чи ацæргæдæр æмæ сæм рады чи лæууыдысты, уыдонæн сæ иутæ æхца лæвæрдтой, иннæтæй та исгæ кодтой. Малхаз, æхца кæмæн лæвæрдтой, уыдонæй никуы уыд æмæ æхца чи истой, уыдоныл йæ цæст ахаста. Бæрцæй æртæ сылгоймаджы уыдысты. Лæппу иууыл æрыгондæр æмæ рæсугъддæр чызджы рудзынджы раз лæуджыты фæстæ схъæлбæрзæйæ балæууыд æмæ йæм æхсызгонæй каст, куыд архайдта, уымæ.

Балæууыд рады æмæ нæ фæрæдыд. Чызг разынд, чи йæм дзырдта, уый. Йæ хъæлæсæй йæ базыдта.

Балæууыд æмæ нæ фæфæсмон кодта. Бантыст ын, йæ ном цы хуыйны, уый бызонын.

Дарддæр хъуыддæгтæ афтæ тагъд цыдысты размæ æмæ уыцы чызг Ног азыл сæмбæлдис Махазы хæдзары æфсиниуæг кæнгæйæ. Ныр йæ диссаджы хъæлæс зæлыдис лæппуйы хæдзары къуымты.

Уыцы диссаджы хъæлæсы руаджы Малхаз иу æхстæн амардта дыууæ тæрхъусы  паддзаахды раз бафыста йæ хæс æмæ хъæлæсы хицау та бацис йæ цардæмбал.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.