МЕМОРИАЛОН НЫСАН – КЪЕСАТЫ АСТАНÆН

11-æм сентябры Дзæуджыхъæуы Советон Цæдисы хъайтар Къесаты Астанæн цытджын æгъдауæй байгом кодтой барельефимæ мысæн дур. Йæ саразыны хъæппæрисы æвварс рахæцыдысты Хъайтары бинонтæ. Барельефы автор у зынгæ скульптор Хайты Ибрагим.

«Уый ныууагъта ирд фæд куыд æфсæддон службæгæнæг æмæ куыд ахуыргæнæг, афтæ дæр. Схъомыл æмæ сахуыр кодта бирæ фæлтæрты. Ирыстонæн цъус нæ сарæзта. Уый уыд нæ мыггаджы ирддæр минæвæрттæй иу æмæ растыл банымадтам йæ ном ын сæнусон кæнын. Организацион хъуыддæгты йæхимæ райста  Къесаты Станислав. Мыггаг æрæмбырд кодта фæрæзтæ, баххуыс кодтой инвестортæ дæр æмæ иумæйаг тыхтæй сæххæст кодтам нæ фæнд. Севастополы горæты Астаны номыл ис сквер. 2019 азы йын уым сæвæрдтой мемориалон дур дæр. Сæрмагондæй, къæдзæхы фрагмент нылластой Цæгат Ирыстонæй. Йæ бæрзæнд у цыппар метры онг», – радзырдта Къесаты Сталбег.

Цытджын церемонийы хайад райстой Къесаты мыггаджы, Дзæуджыхъæуы администрацийы кусджытæ, ветеранты советы минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ патриотон клуб «Родина»-йы активисттæ. Цырт æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы йæ ном цы уынг хæссы, уый райдианы.

Цыбыртæй уæ базонгæ кæндзыстæм хъайтары сгуыхтдзинæдты историимæ. Райгуырд 1914 азы 11-æм сентябры Цæгат Ирыстоны Дигорайы хъæуы (ныр горæт). Каст фæцис Дигорайы астæуккаг скъолайы 7 къласы, Артемы номыл Мæскуыйы рабфак, райста хуызджын згъæры фæдыл техникы квалификаци. Куыста хъæууонхæдзарадон коммунæйы. 1933 азæй райдыдта службæ кæнын Æфсæддон-денджызон флоты. Фæскомцæдисы Мæскуыйы обкомы рекомендацимæ гæсгæ æрвыст æрцыд Фрунзейы номыл Ленинграды Уæлдæр æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндонмæ. Каст æй фæцис 1937 азы. 1940 азы та – Сергей Кировы номыл донбындзугæнæн ленкгæнæн командон сконды спец-курсытæ. Службæ цыд Сауденджызон флоты. 1941 азы марты Къесайы фырт ссис донбындзугæнæг нау М-117-«Малютка»-йы командирæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад иста Севастополь æмæ Одессæйы хъахъхъæнынады. Капитан-лейтенанты арæхстджын командæкæнынады фæрцы-иу развæдсгарæн къордтæ æмæ-иу торпедон цæфтæ ныккодтой знаджы науты, куынæг сын кодтой йæ транспорт. 250 боны æмæ æхсæвы донбындзугæнæг нау «М-117»-ы экипаж уыдысты знæгты хæдтæхджыты бомбæты бын, фæлæ-иу командиры фæлтæрддзинад æмæ экипажы æнгомдзинады фæрцы науæн йæ бон ссис знæгты цæфты бынæй рахизын. 105 арфон бомбæйы æрæппæрстой науыл, фæлæ йыл дзы иу дæр нæ сæмбæлд. 1943 азы райдианы Къесайы фырт райста цыбыррæстæгон улæфт æмæ æрцыд йæ райгуырæн Дигорамæ. Уæдмæ Ирыстон ссæрибар немыцæгтæй. Стыр цинимæ сæмбæлдысты Астаныл йæ бинонтæ, йе ‘мхъæуккæгтæ. Æрмæст йæ цардæмбал хæдзары нæ уыд. Дигорæйы немыцæгтæ куы бацахстой, уæд Валя ацыд  партизанты къордмæ æмæ бахаудта фашистты къухтæм. Сылгоймаг бафæрæзта фыдæвзарæнтæн, ницы сын схъæр кодта æмæ йæ арвыстой горæт Прохладныйы, концлагермæ уый фæстæ та – Германмæ.

1943 азы Къесаты Астан йæ «Малютка»-имæ хайад райста Новороссийск ссæрибар кæныны, Кавказы сæрыл тохты, арæзта уæндон балцытæ фашистты фæсчъылдыммæ. Йæ алы балц дæр-иу фæцис знаджы наутæ скуынæг кæнынæй. Астан ссис торпедон æхсты снайпер, Сауденджызон флоты донбындзугæнæг науты хуыз-дæр командиртæй иу. Йæ хæстон фæлтæрддзинады тыххæй фыста фронтон газет, хастой йæ цæвиттонæн. 1943 азы æрмæст 11 мæймæ Къесаты Астаны командæйæ донбындзугæнæг нау сарæзта авд балцы знаджы позицимæ æмæ фæдæлдон кодта ныхмæлæууæджы авд науы.

Йæ цардвæндаг цæвиттойнаг

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Къесаты Астан сарæзта 14 хæстон балцы. Дæс торпедон атакæйы, фæстиуджытæн знаджы æхсæз транспортон æмæ æртæ десантон баржæйы фæдæлдон сты. Советон Цæдисы хъайтары ном райсынмæ йæ æрбавдыстой 1943 азы 3-æм декабры. Хорзæхджынгæнæн сыфæй: «…Знæгты наутæ куынæг кæн-гæйæ, æмбал Къесайы фырт равдыста хъæбатырдзинад. Хæстон æнтыстытæ къухты бафтыдысты, капитан-лейтенанты командæйæ донбындзугæнæг нау М-117-ы сæрмагонд сконд техникæ æмæ хæцæнгарзæй арæхстджынæй кæй спайда кодта, уый фæрцы. Донбындзугæнæг нау «Малютка-117» хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. Хæсты фæудмæ уый гитлерон пираттæн хаста тасдзинад. Фæдæлдон кодта ныхмæлæууæджы фараст науы. Бахастой йæ горæт-хъайтар Севастополы хъахъхъæнынад æмæ ссæрибар кæныны цытæн мемориалон фæйнæгмæ».

1944 азы 31-æм майы Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй капитан-лейтенант Къесаты Астанæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном Ленины орден æмæ йын «Сырх Стъалы»-йы майдан радтгæйæ. Уымæй чысыл фæстæдæр æм Севастополмæ æрцыд йæ цардæмбал Валя. Уый йæхиуыл бавзæрста фашистты фыдæвзарæнтæ, мæлæты лагерь Равенсбургы. Æрдæгмард æмæ йæ рынчынæй ссæрибар кодтой Советон æфсæдтæ.

Хæсты фæстæ Къесайы фырт йе службæ адарддæр кодта Æфсæддон-денджызон флоты. 1953 азы каст фæцис Æфсæддон-денджызон академи. 1953 азы ноябрæй 1958 азы декабры онг 1-аг рангы капитан Къесаты Астан уыд 2-æм Уæлдæр æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндоны кафедрæйы хистæр. 1958 азы январæй 1970 азы июны онг та куыста Севастополы уæлдæр æфсæддон-денджызон инженерон ахуыргæнæндоны кафедрæйы хистæрæй. 1970 азæй уыд фæсауæрцы. Цард Севастополы. Фæсивæдимæ кодта патриотон куыст. Хорзæхджын у Ленины орден, Сырх Тырысайы æртæ орденæй, 1-аг къæпхæны Фыдыбæстæйон хæсты орденæй, Сырх Стъалыйы, «Хæстон сгуыхтдзинæдты»  майдантæ æмæ æндæр хорзæхтæй.

Цардæй ахицæн 1977 азы 15-æм январы. Ныгæд æрцыд Севастополы. Йæ ном хæссынц кæсагкуыстгæнæн траулер, кæм ахуыр кодта, уыцы скъола. Къесайы фырты портрет ис æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндоны «хъайтарты къæлидоры». Йæ номыл уынгтæ схуыдтой Дзæуджыхъæу æмæ Дигорайы. Дигорайы Кады аллейæйы йын сæвæрдтой цырт. Ирыстон сæрыстыр у йæ кадджын фыртæй. Æгæрыстæмæй, йыл ныффыстой хъайтарон зарæг дæр. Йæ цардвæндаг цæвиттойнаг у æвзонг фæлтæртæн.

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.