Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй фæмардуæвæг не ‘мзæххон, гвардийы сержант, Уæрæсейы Уæлдæфон-десантон æфсæдты хæстон Козаты Роман Анатолийы фыртæн ацы бонты горæт Карачаевскы байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Февралы мæйы та хъайтарæн мемориалон фæйнæг бакодтой Хъæрæсе-Черкессийы Хетæгкаты Къостайы хъæуы. Уым æвæрд æрцыд дыууæфарсон баннер, цыран иуæрдыгæй фарс сты Советон Цæдисы Хъайтартæ Козаты Александр, Бутаты Георги, Калоты Александры портреттæ æмæ иннæ ‘рдыгæйфарс та – гвардийы сержант Козаты Романы портрет. Уый хъæбатырæй фæмард 2022 азы 5-æм марты неонацитсттæ-бандеронты ныхмæ карз тохы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы æхсардзинад равдисыны тыххæй 32-аздзыд Роман хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй йæ амæлæты фæстæ. 20 æмæ 21-æм æнусты хъайтарты ацы æнæуынгæ бастдзинад ноджы иу хатт бафидар кодта Фыдыбæстæйæн æнувыдæй лæггад кæнын, бахъуыды рæстæджы æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ равдисын ирон хæстонтæн сæ туджы кæй ис, уый.

Козаты Романы хæстон сгуыхтдзинад

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ сержант Козаты Роман хæцыд номдзыд 247-æм гвардион десантон-штурмгæнæн полкы. Роман каст фæцис дыууæ уæлдæр ахуыргæнæндоны – райста экономист æмæ юристы дæсныйæдтæ. Уыд æмбуархæстæй спорты мастер. 9 азы дæргъы йæ æфсады æнæлаз службæйы рæстæджы бахъуыд хæстон архайдтыты хайад райсын, уыцы нымæцы Сирийаг Арабаг Республикæйы дæр, цыран æй УФ-йы Хъахъхъæнынады министры барамындæй схорзæхджын кордтой «За воинскую доблесть»-ы майданæй дунеон терроризмы ныхмæ тохы равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй.

2022 азы марты райдианы Козайы фырты дæлхай карз тохтæ кодта горæт Николаевы бацæуæны. Взводы командир куы фæцæф ис, уæд хæстонтыл къухдариуæгад йæхимæ райста Козаты Роман. Иу уысммæ уавæрæн саргъ кæнгæйæ, æрæмбырд кодта æвзонг хæстонты æмæ сæ ахасты фыды аудындзинад равдисгæйæ (32-аздзыдæй) радта бардзырд фронты æдасдæр фадыгмæ сæ дислокаци скæныны тыххæй. Роман йæхæдæг та фæлтæрдджын хæстонтимæ ацыд цæхæрмæ, цыран сæхимæ райстой карз тох. Абон уыцы тохтæ цæуынц гом быдырты – уым хæхæтæ нæй! Бамбæхсæн дзы ис æрмæстдæр раст хъуыддаджы æууæнкдзинады фæстæ. Сæрмагонд операцимæ цæугæйæ, Козаты Роман фидарæй йæхицæн загъта: уый цæуы йæ бæстæ хъахъхъæнынмæ.

Зынгæ æфсæддон эксперт, запасы афицер Мæрзойты Олег йæ блогы фыста: Козайы фырты командæйы бын взвод ацыд ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынад атонынмæ æмæ фæндвидар размæбырсты рæстæджы скуынæг кодтой  дыууæ БТР сæрмагонд скондимæ. Фæлæ нæ десантонтæй фæзынд фыццаг мæрдтæ. Флангтæй сæ иуы ныхмæлæууджы танкæты ныхмæ æхсæн фæрæзтæ комкоммæ ныццавтой атакæгæнæг парашютистты хæстон бынæттæм, ссыгъдысты фыццаг машинæтæ. Козаты Романы къухдариуæгадæй десанты командиры хæстон машинæ æмслужбæгæнджыты бамбæрзыны нысанæн атагъд кодта уырдæм,  æмæ скуынæг кодта ныхмæлæууæджы танкы ныхмæ фæрæзтæй иуы. Ацы тугкалæн тохы взводы командиры хъæбатыр хæдивæджы хæстон машинæ, кæцы йæхимæ расайдта знаджы цæф, ссыгъд артиллерион снаряды комкоммæ бахауды фæстиуæгæн. Йæ царды аргъæй сержант Козаты Роман бахъахъхъæдта йæ хæстон æмбæлтты, йæ фæстаг сулæфты онг дæр ардбахæрдыл, адæм æмæ Фыдыбæстæйыл æнувыдæй баззайгæйæ».

Йæ бинонтæ йын фондз мæйæ фылдæр нæ зыдтой йæ амæлæты хабар

Роман сæрæгас нал уыд, фæлæ уыцы хабар йæ бинонтæ нæ зыдтой æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты  фондз мæйы æмæ æрдæг. Романы хъысмæты тыххæй цыд алыгъуызон информаци, уыцы нымæцы, ома, «æбæрæг сæфт фæцис». Фæмардуæвджыты номхыгъды дæр кæй нæ уыд æмæ уый бинонтæн цыдæр ныфс лæвæрдта. Æмæ æрмæстдæр ивгъуыд аз августы кæрон тæссаг хабар бафидар æрцыд Романы мадæй райсгæ ДНК-йы фæстиуæгмæ гæсгæ. Уый фæмард  33-азы сæххæсты бонмæ ма йæ дыууæ къуыри куыд хъуыд, афтæ. Баззад ын 4-аздзыд чызг Аделинæ. Йæ цардæмбал Кристинæ æнхъæлмæ каст дыккаг сывæллонмæ æмæ амондджын хæстон зæрдæрайæ ацыд йæ хæстæ æххæст кæнынмæ Уæрæсейы æдасдзинады сæраппонд, йæ сывæллæтты фидæны тыххæй.

Хъайтары аккаг цард

Козаты Роман райгуырд 1989 азы Гуырдзыстоны хуссар-скæсæны горæт Рустауы, фæлæ йæ уæнгты тæлфыд ирон æмæ хъæрæсейаг туг. Йæ мад Людмила Эдиева 80-æм азты æмбисы  йæ бинонтимæ Карачаевскæй цæрынмæ ацыдысты Гуырдзыстонмæ. Уым йæ цард баиу кодта хуссарирыстойнаг аразæг Козаты Анатолиимæ æмæ сын райгуырд Рома. Гуырдзыстоны Гамсахурдияйы режимы рæстæджы змæстытæ куы райдыдтой, уæд Козаты бинонтæ сæ 2-аздзыд фырт Ромаимæ раздæхтысты Людмилайы Райгуырæн бæстæм æмæ æрбынат кодтой Хетæгкаты Къостайы хъæуы.

«Роман уыд ме ‘мкъласон 1-аг къласæй 7-æм къласмæ. Уый хицæн кодта махæй йæ хорз ахуырæй, архайдта спорты дæр, иумæ цыдыстæм уæгъдибар хъæбысхæсты секцимæ тренер Тугазты Таймуразмæ. Рома уыд æууæнкджын хæлар, æрдзæй рахæсгæ лидер. Нæ хæлардзинад ахаста йæ царды фæстаг бонты онг, æппынæдзух æмбæлдыстæм æмкъласонтимæ, ахуыргæнджытимæ. Æз рахæцыдтæн  Романы ном  баннерæй сæнусон кæныны фæдыл нæ хъæуы фæсивæды фæндоны фарс. Уый мах хъæуы, уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæры», – радзырдта Хетæгкаты Къостайы хъæуы администрацийы сæргълæууæг Къарджиаты Арсен.

Инæлар-булкъон С.Магометовы номыл Карачаевскы 5-æм астæуккаг скъолайы коллектив  та фæнд кæнынц  скъолайы 2006 азы рауагъдон Козаты Романы номыл сæрмагонд партæ сæвæрын. «Ромайы мах иууылдæр бахъуыды кæндзыстæм йæ диссаджы рухстауæг «Гагарины» мидбылхудтæй. Уый уыд хæрзæгъдау,  аккуратон ахуыргæнинаг. Æрбацыд нæм хъæууон скъолайæ 8-æм къласмæ æмæ уайтагъд дæр иумиаг æвзаг ссардта алкæимæ дæр. Алы хъуыддаджы дæр ыл æууæндыдыстæм, афтæ стыр авторитет уыд ацы диссаджы лæппуæйæн», – мысы йæ къласгæс Любовь Кипкеева.

Романы мад Людмилæ йæ фырты айфоны æппынæдзух дæр кæсы йæ фырты фæстаг нывтæм. Телефон ын йæ дзуамæттимæ радтой йæ амæлæты фæстæ. Æппæт нывты дæр ист у худгæйæ, куыд йе ‘мбæлттимæ, афтæ йæ цардæмбал, йæ чысыл чызгимæ дæр. Роман æмæ Кристинæ сæ цард баиу кодтой 2017 азы, цардысты Ставрополы, Ромайы службæйы бынаты. Æргомзæрдæ лæппу никуы дзырдта йе службæйон хабæртты тыххæй.

Ирыстон хъуамæ зона йæ хъайтарты

«Мæ лæппу мæм фæдзырдта 3-æм марты, Украинæйы куы уыд, уæд, фæлæ мын æй нæ загъта кæм ис, уый. 5-æм марты нæм хæдзармæ æрбацыд Къарджиаты Арсен йе ‘мбалимæ æмæ нын фехъусын кодта Ромайы амæлæты тыххæй. Уайтагъд нæ кæрт байдзаг адæмæй. Мæ зæрдæ скъуыдтæ кодта – уый гæнæн нæй! Уыимæ нæм æфсæддон къамисариатæй ницы официалон зонæнтæ æрбацыд. Информаци агурынæн нын æххуыс кодта æфсæддон эксперт Мæрзойты Олег. Æмæ нæм æрмæстдæр 26-æм августы æрбацыд Карачаевскы æфсæддон къамисар  Джамболат Алакаев. Уый æрбахаста мæ фырты амæлæты тыххæй хъусинаг», – радзырдта Людмила Эдиева.

Гвардийы æфсæддон хайы командир, гвардийы булкъон Р.Шутиков фыста: «1-аг парашютон-десантон ротæйы хæстон машинæйы командиры хæдивæг, контрактон службæйы гвардийы сержант Козаты Роман Анатолийы фырт фæмард 2022 азы 5-æм марты сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы.

Козаты Романы æфсæддон кадимæ баныгæдтой 28-æм августы Хетæгкаты Къостайы хъæуы. Æнусон мысынад æхсарджын хæстонæн. Рухсаг у хъæбатыр ирон хæстон!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.