Æфсæддон-историон мемориалон комплекс «Барбашово поле» æмæ «Победа в лицах»-ы проекты фæлгæтты Цæгат Ирыстон-Аланийы мидхъуыддæгты министрад дарддæр кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты тыххæй радзырдты сери.

Дауыраты Илитæ у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтар, фыццаг ирон сылгоймаг-тæхæг. Хæсты рæстæджы тæхджытæ райстой иууыл фылдæр хорзæхтæ. Хъæбатыр сæртæг чызджытæ цыдысты тараны, карз тохты-иу бацыдысты уæлдæфы, хайад истой æхсæвыгон уæлдæфон тохты. Сæ хъæбатырдзинады тыххæй сæ схуыдтой «ночные ведьмы». Фыццаг ирон сылгоймаг-тæхæг фронтмæ ацыд хæсты фыццаг бонты. Хайад иста Севастополь æмæ Кавказы сæрыл тохты. Илитæйы фронты хуыдтой «Смелая Дика».

Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны ордены, Сырх Стъалыйы кавалер æмæ 15 майданы хицау уыд Дæргъæвсы комы Ламардонæй рацæугæ сылгоймаг. Дауыраты Илитæ – Харьковы авиацион ахуыргæнæндоны рауагъдон. Уым сæмбæлд йæ рагон хæлар Саламты Харитоныл. Уарзæттæ бæллыдысты сæ цард баиу кæнынмæ, чындзæхсæв снысан кодтой 1941 азы 22-æм июнмæ. Фæлæ уыцы бон йемæ æрбахаста тæссаг хабар. Радио йæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Чындзæхсæвы бæсты сæ фæндараст кодтой хæстмæ. Бинонтæ аскъуыддзаг кодтой чындзæхсæв уæлахизы боны онг аргъæвынмæ. Изæры æфсæддон эшелоны Саламты Харитон æмæ Дауыраты Илитæ цыдысты се ‘фсæддон хаймæ. Илитæйы арвыстой Туапсейы цур тæхæн хаймæ. Уым райста йæ хæстон фæсномыг  «Дика» дæр.

Цыбыр рæстæджы фæстæ эскадрилийы аппæрстой Ростовы цурмæ. Немыцæгтæ хæрзæввахс бацыдысты горæтмæ. Уæлдæфон развæдсгæрсты нысаниуæг егъау уыд. У-2-йы алы атахт дæр гæнæн уыд суыдаид фæстаг. Æрмæстдæр бæрзонд дæсныдзинад бахъахъхъæдта бирæ хæттыты Илитæйы «Мессер»-тимæ фембæлдтыты рæстæджы. Иу хатт 1941 азы декабры мæйы кæрон, æрхъулагонд Севастополмæ радон атахт æххæст кæнгæйæ, уый бахауд æрхъулайы æмæ йæ бахъуыд нæзыджын æрдузы æрбадын. Бафæндыд æй Севастополы сывæллæттæн лæвар саразын, йæхи къухтæй сын ралыг кодта наз бæлас. Назы бабаста хæдтæхæджы базырыл æмæ сын æй афтæмæй æрæппæрста. Сыгъдæг сыфыл ныффыста къарандасæй:  «Севастополы зынаргъ цæрджытæ! Уый уын тæхæг Дауыраты Илитæйæ чысыл лæвар Ног азмæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы знагыл тагъд уæлахиз».

Дауыраты Илитæ – Советон Цæдисы Сауденджызон флоты тæхæг-штурман, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтар, Сауденджызон флоты 7-æм денджызон бригадæйы 3-аг денджызон полкы развæдсгарæн ротæйы командир, Севастополы бахъахъхъæныны хайадисæг. Уый тасы æппæрста немыцаг уæлдæфон асты. Ирон чызджы хъайтардзинад дисы æппæрста знæгты. Уымæн йæ бон уыд æнцонтæй фашистты хæдтæхджыты сцæф кæнын. Немыцаг фæлтæрдджын тæхджытæй иуы æрæппæрста Дауыраты чызг. Немыцаджы нæ уырныдта сылгоймаг æй æрæппæста, уый æмæ йæ куы  базыдта уыцы хабар æцæг у, уæд ын балæвар кодта сахат фырдисы нысанæн.

Фæлæ рауад афтæ, æмæ Дикайæн йæхи дæр сцæф кодтой знæгтæ. Илитæ бахаудта знæгты зениткæты æхстыты бын, хæдтæхæг атахт денджызмæ, фæлæ чызгæн йæ бон ссис рагæпп кæнын парашюты фæрцы. Стыр æхсызгонæн, чызджы аирвæзын кодтой донбындзугæнæг науы денджызонтæ. Иу мæй госпиталы арвитыны фæстæ æрвыст æрцыд денджызон фистæг æфсады 7-æм бригадæйы 3-аг денджызон полкы развæдсгæрсты ротæйы командирæй. Иу хатт хæстон хæслæвæрдмæ гæсгæ, Илитæ йæ къордимæ ацыд Хъырымы Чергуны хъæумæ, уым сæм йæхи æрбаввахс кодта сидзæр чысыл лæппу Валерий Волков, сывæллонæн йæ ныййарджыты фехстой  немыцæгтæ. Илитæ ракодта лæппуйы æмæ фæнд кодта йæхицæн дзы кæнгæ лæппу  скæнын. Фæлæ знæгты атакæты сæ иуы рæстæджы сывæллон фæмард Илитæйы къухты. Сылгоймаг йæхæдæг дæр уæззау цæф фæцис æмæ дохтырты уынаффæмæ гæсгæ демобилизаци æрцыд. 1944 азы легендарон Дика æрæздæхт йæ Райгуырæн бæстæмæ. Саламты Харитонæй фыстæджытæ нæ иста, фæлæ йæ уæддæр уырныдта сæрæгас кæй  у, уый. Хæст куы фæцис, уæд Дауыраты чызгыл цыд 25 азы. Илитæ Кириллы чызг чындзы нал ацыд, æнхъæлмæ каст фронтæй Харитонмæ, фæлæ уæдмæ æрцыд йæ сау гæххæтт. Хæсты фæстæ Илитæ аныгъуылд æхсæнадон куысты. 1946 азы уыд Карцайы хъæуы скъолайы æфсæддон ахуыргæнæг. 1946-1947 азты – Горæтгæрон районы «Осавиахим»-ы районы советы минæвар; 1947-1948 азты – «Заготживсырье»-йы къанторæйы директор; 1948-1949 азты – районы кинофикацийы хайады хистæр. Уыд партион скъолайы хъусæг. 1952 азы æвзæрст æрцыд Советон Цæдисы Коммунистон партийы Орджоникидзейы райкомы секретарæй. Куыста Камбилеевкайы хъæуы сабидоны сæргълæуæгæй, Горæтгæрон райæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй æмæ æндæр бæр-нон бынæтты. 1979 азы Илитæ бинонты уавæрмæ гæсгæ ацыд Мæскуымæ æмæ цалдæр азы дæргъы, цалынмæ йын йе ‘нæниздзинад фадат дæтта, уæдмæ куыста столицæйы районтæй иуы К.Ворошиловы адæмон музейы сæйраг æвæрæгæй.

Дауыраты Илитæ цардæй ахицæн Мæскуыйы 1999 азы ноябры мæйы, фæлæ йæхи фæдзæхстмæ гæсгæ ныгæд æрцыд йæ Райгуырæн бæстæйы. Баныгæдтой йæ горæт Дзæуджыхъæуы Кады аллейæйы. Йæ райгуырæн хъæу Фарны йын йæ хиуæттæ сæвæрдтой цырт, цыран сæртæг чызг Дика лæууы йæ хæстон зæрватыччы цур, раст цыма ногæй хæстон атахтмæ йæхи цæттæ кæны, уыйау. Йæ номыл ын схуыдтой  скъола æмæ Цæгат Ирыстоны цалдæр хъæуы уынгтæ.  Ирон сылгоймаг-тæхæджы тыххæй абоны онг дæр цæуынц легендæтæ, æмæ йæ знæгтæй чи зыдта, уыдон та йæм дардтой кады ахаст.

Джиоты Екатерина