ДАТИТЫ АЛАН, УÆРÆСЕЙЫ ХЪАЙТАР: «3:0» МÆ ПАЙДАЙÆН

8-æм апрелы Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады управленийы национ центры Уæрæсейы Хъайтары стъалы радтой тæхæг Датиты Аланæн. Уый куынæггæнæг хæдтæхæг Су-27 иу тохы скуынæг кодта знаджы æртæ уæлдæфон нысаны. Иу атахтæн!

Афицеры парадон мундиры – Хъæбатырдзинады дыууæ ордены, майдан «За отвагу». Ныр ацы хорзæхты сæрмæ æрттивы Уæрæсейы Хъайтары сыгъзæрин стъалы дæр.

«Иу бон хъахъхъæдтон фронты раззаг хаххы уæлдæфон тыгъдад. Объективон контролы фæрæзтæй сбæрæг кодтон дыууæ уæлдæфон нысаны, характеристикæтæм гæсгæ уыдысты Ми-24. Райстон æппæт мадзæлттæ дæр: æрбаввахс сæм дæн æмæ сæ сатакæ кодтон. Атакæйæ рахизгæйæ иннæ районы, фæлæ мæ бæрндзинады зонæйы бафиппайдтон ноджы æртæ нысаны Су-25. Сæххæст кодтон дыккаг атакæ. Дыууæ нысанæн сарæзтон ахæм уавæртæ æмæ куы сатакæ кодтаиккой, уæд сын уыдаид æвзæр фæстиуджытæ. Уый бамбаргæйæ, уыдон фæстæмæ разылдысты, фæлæ дзы иу нысан уæддæр аскъуыддзаг кодта йæхи бафæлварын, фæлæ йын ницы рауад. Æрæппæрстон æй. Кæройнаг хатдзæджы 3:0 мæ пайдайæн», – бахудт Датиты Алан.

 

ÆФСÆДДОН ДОХТЫРÆН – ХЪÆБАТЫРДЗИНАДЫ ОРДЕН

Османты Зауыр Алыксандры фыртЧиколæйаг æфсæддон дохтыр УФ-йы Президент Владимир Путины Барамындæй хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй. Уый тыххæй йæ телеграмм-каналы хъусын кæны Æрæфы районы сæргълæууæг Гъуыцъынаты Хъазбег.

2022 азы Зауыр каст фæцис Санкт-Петербурджы С.Кировы номыл æфсæддон-медицинон академи. Уæлдæр ахуырадон уагдон каст фæуыны фæстæ уайтагъд æрвыст æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Уый у специалон батальоны дохтыр. Ацы бæрзонд хорзæх саккаг кæнынц  æфсæддон, æмбæстагон кæнæ службæйон хæс æххæст кæнгæйæ, адæмы ирвæзын кæныны рæстæджы хи цардæн тæссаг уавæрты равдисгæ удуæлдайдзинад, уæндон æмæ фæндвидар архайдтыты тыххæй.

Ахсджиаг паддзахадон хæслæвæрдтæ æххæст кæныны рæстæджы растдæр ацы миниуджыты – Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæныны, уæззау минутты йын йæ интересты сæрыл тох кæныны тыххæй банысангонд æрцыд Османты Зауыр. Арфæ кæнын æвзонг æфсæддон дохтыры ныййарджытæн ахæм аккаг æмæ хъæбатыр фырт, Уæрæсейы æцæг патриоты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Сæрыстырæй арфæ кæнын Зауырæн ахæм бæрзонд хорзæх ын кæй саккаг кодтой, уый тыххæй. Мæ зæрдæ йын зæгъы тагъд рæстæджы æнæниз æмæ сæрæгасæй йæ хæдзарыл цы сæмбæла, уый, – фыссы Гъуыцъынаты Хъазбег.

 

СÆРЫСТЫР ДЗЫ СТЫ ЙÆ ХÆСТОН ÆМБÆЛТТÆ

Икъаты Зауыр Русланы фырт

Станицæ Архонкæйы цæрæг Икъаты Зауыр Русланы фырт Уæрæсейы Федерацийы Президенты Барамындæй хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы Уæрæсейы интерестæ хъахъхъæныны рæстæджы æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй. «Мах сæрыстыр стæм дæлбулкъон Икъаты Зауыримæ иумæ кæй службæ кæнæм, уымæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ цардæн тæссаг уавæрты хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы йæхи равдыста куыд бæрзондквалификациджын специалист, афтæ. Икъайы фырт у Цæгат Ирыстон-Аланийы аккаг минæвар. Арфæ кæнæм Зауыры мононхæрзæгъдаудзинады æргъадтыл, дадаты æмæ фыдты традицитыл чи схъомыл кодта, уыдонæн. Уырны нæ, уе ‘мзæххоны хъæбатырдзинады цæвиттон кæй фæахъаз уыдзæн фæ-сивæды æфсæддон-патриотон хъомыладæн», – хъусын кæнынц  булкъон Н.С.Макаев йæ къух цы официалон фыстæгыл æрфыста, уым. Сæрыстыр стæм ирон хæстонæй!

 

ИРОН ХÆСТОНТÆН – ЦАЛДÆРГАЙ ХОРЗÆХТÆ

Хуыбиаты Артур Хъазбеджы фырт

РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районы Тарскæйы хъæуы цæрæг Хуыбиаты Артур Хъазбеджы фырт хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии»-йы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы йе ‘фсæддон хæс хъæбатырæй кæй æххæст кæны, уый тыххæй. Уый размæ та Уæрæсейы Президент Владимир Путины Барамындæй хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй хæстон архайдтыты рæстæджы хисæрмагонд æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй.

 

***

Æлборты Сæрмæт Роберты фырт

Цæгат Ирыстоны Сунжæйы хъæуккаг хæстон Æлборты Сæрмæт Роберты фырт хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии», 2-аг къæпхæны «За воинскую доблесть» æмæ Жуковы майдантæй. Уый фыццаг бонтæй фæстæмæ хайад исы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы.

 

***

Икъаты Георги Лазары фырт

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Икъаты Георги Лазары фыртæн саккаг кодтой «За воинскую доблесть»-ы майдан хæстон архайдтыты рæстæджы равдисгæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исы фыццаг бонтæй фæстæмæ. Нæ зæрдæ йын зæгъы æввахс рæстæджы йæ хæдзарыл æнæнизæй цы сæмбæла, уый. Хæдзары йæм æнхъæлмæ кæсынц авд сывæллоны.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.