Мæ хæлардзинад Хетæгкаты Хъазыбегимæ райдыдта Шамилы чындзæхсæвы бонæй.  Уым  æй федтон фыццаг хатт æмæ бахаудтæн йæ æнæбафæзмгæ зарды уацары. Æз дæр зарын уарзтон æмæ-иу ын арæх бахъырныдтон йæ зарджытæн.

Аивадиртасæг нæ дæн, фæлæ ирон нывкæнынады историйы уидæгтæ равзаргæйæ, нывгæнджыты сфæлдыстадыл лæмбынæг цæст ахæсгæйæ, æз сæрæй зæгъин Къостайы ном, уый фæстæ Тугъанты Махарбеджы, Дза-найты Азанбеджы, уыдоны фæстæ та – Хъазыбеджы ном.

Диссаджы адæймаг уыд Хъазыбег, йæ  æрмадзы дуæрттæ  куывддонау гом уыдысты алкæмæн дæр. Алы адæймаг дæр дзы фæстæмæ здæхт зæрдæрухс æмæ зæрдæрайæ. Йæ бæркадджын сыгъдæг удыхъæды, адæймаджы  бæрзонддæр миниуджытæ нæ сæхимæ ‘лвæстой. Цы нывтæ скодта, уыдон та сты уæды рæстæджы царды удæгас æвдисæнтæ. Айдæнмæ бакæсæгау  сæ зыны Фыдыбæстæйы Стыр хæст адæмыл цы фæд ныууагъта, уый. Равдыста адæмы уæззау цард. Йæ нывты хъайтартæ сты хуымæтæг фыдæбонгæнæг адæм. Æддæмæ сæ æнхъæвзынц нывгæнæджы уарзондзинады æнкъарæнтæ йæ равзæрст сурæттæм.

Кæрæдзи хорз æмбæрстам Хъазыбегимæ. Кæрæдзийы сфæлдыстадæн кодтам аргъ. Уæвгæ,  æрмæст сфæлдыстадæн нæ… Сусæг ныхæстæн дæр уыд рæстæг.  Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Къостайы сурæт ныв кодта мæнæй.  Æрмадзмæ-иу мæм фæдзырдта, сæхтæгджын ирон хæдон-иу мын йе скъаппæй рахаста æмæ æртæ бонмæ сурæт сцæттæ. Йæхæдæг та-иу мæ ныхæстæй ирхæфста, ма схъыг уон, зæгъгæ.

Иу рæстæг фысджытæ, нывгæнджытæ ‘ртымбыл стæм йæ æрмадзы. Чидæр Хъазыбегæн кæф балæвар кодта æмæ йыл нæхи ирхæфстам, хъæлдзæг ныхæстæ кодтам… Кæсаг ахæм хæрзад уыд, æмæ йæ коймæ, уый фæстæ дæр комы дæттæ уадысты. Дыккаг бон, кæм цардтæн, уыцы  бирæуæладзыгон кæртæй уæлæмæ (æртыккаг уæладзыджы цардыстæм) мæ номæй хæрдмæ чидæр хъæр кæны. Мæ мад ракаст æмæ – Хъазыбег. Æрцыдтæн  æм бынмæ æмæ йæм  газеты тыхтон. Мæ къухты мын æй фæсагъта, дысон кæсаг дæ зæрдæмæ фæцыд, уый бамбæрстон, æмæ ма дын дзы хай, зæгъгæ, фæкодта æмæ ацыд. Уый кæуылты æрхъуыдыдзинад уыд. Гыццыл хабар, фæлæ цас цæуылдæрты дзуры.

Цы уыдис, уымæй уыдис рæдау æмæ æвæллайгæ. Нæ фæллади йæ куыстæй, нæ фæллади махæй, – йе ‘мбæлттæй. Уыдис рæдау йе сфæлдыстады, рæдау уыдис царды дæр. Адæмы йæм сæ къах хаста, æлвæста сæ йæхимæ – æнæхин кæй уыди, сайын кæй нæ зыдта, сывæллонау æууæндаг кæй уыд,  уыцы миниуджытæй. Йæ æрмадзы-иу арæх уыдтæн æмæ дзы Ирыстоны интеллигенцийæ кæй нæ федтон, ахæмтæ бирæ нæ разындзæн, æвæццæгæн.  Æмæ-иу ныррухс йæ æрмадз Хъазыбеджы парахат цæстæнгасæй, Хъазыбеджы рæвдаугæ æмæ зæрдæбын ныхасæй, йæ цæлхъ зардæй. Хъазыбегæн нæ фæллади йæ зæрдæ, фæлæ йæ буар бафæллад. Фæллайгæ алчидæр кæны. Æрмæст алчи йæ фæллады кой кæнын йæ сæрмæ нæ хæссы… Фæлтау æнæдзургæйæ амæлы… Мидбылхудгæйæ… Хъазыбегау Хетæгкаты.

Уарзта цард, Ирыстоны хæхтæ, йæ адæм, зарын, ныв кæнын, цæрын…

Æппындæр нæ ауæрста йæхиуыл. Иу ахæмы та Сабырдзинады проспекты  Штыбы фæзмæ фæцæйцыдтæн æмæ Хъазыбег йæ æрмадзæй урс-урсидæй рауад. Цы дыл æрцыд,  бынтон куы ныффæлурс дæ йæ куы бафарстон, уæд мын афтæ  бакодта, нывкæныныл фæдæн æмæ мæ дыууæ боны хæринаг бахæрын ферох, зæгъгæ. Диссаг та куыд нæ у,   цард дзы ферох.

Йæ адзалы бонмæ ма, æнхъæл дæн, дыууæ къуырийы бæрц баззадаид, афтæ йæ рынчындоны бабæрæг кодтам цалдæр лæппуйæ. Мæллæг, фæлурс, иу улæфт иннæйы æййæфта. Фæлæ уæддæр – хъæлдзæг, ныфсæй йемыдзаг. Худти, худын кодта мах дæр. Фæлæ йæ кæддæры зынг цæстытæ ныр кодтой уазал æрттывд. Загъта:

– Цæрын нæ зонæм, цæрын. Мæнæ мæ куыддæр рафыссой,  афтæ бынтон æндæр цард райдайдзынæн. Хæхтæм арæхдæр цæуын хъæуы. Арæхдæр цæуын хъæуы хæхтæм!

Хъазыбег амондджын уыд æви нæ, уыцы фарстайæн иудагъон дзуапп раттын зын у. Адæймагæн йæ  къухы исты саразын куы бафты, уæд вæййы амондджын. Стæй, сфæлдыстадон адæймаджы куыстæн  хæрзныхасæй дæр аргъ куы скæнынц,  уæд уымæй амондджындæрæн зæххыл зын ссарæн вæййы. Бирæ царды бонтæ, мæнмæ гæсгæ, амонды нысан не сты. Адæймаг мин азы куы фæцæра,  фæлæ царды йæ фæстæ куы ницы ныууадза, уæд уый та  æнамонддзинад у. Вæййы та Хъазыбеджы хуызæн, йæ цард – цыбыр, фæлæ  æнустæм мысинаг, фарнæй йедзаг. Курдиаты фарн æвиппайды нæ рапарахат вæййы. Рæстæг цæудзæн, фæлæ йæ ном стырдæрæй уæлдай, къаддæр нæ кæндзæн. Æцæг аивад та  рæстæгимæ кæны ноджы “хæрзаддæр”. Ахæм у  Хъазыбеджы  сфæлдыстад дæр.

 

ХОДЫ Камал 

РЦИ-Аланийы адæмон  поэт, тæлмацгæнæг,

литературон критик, Хетæгкаты Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

 

 

 

ХЪОДЗАТЫ Æхсар

 

НЫВГÆНÆДЖЫ МÆЛÆТ

Гæлæбутау-иу тахтыстæм йæ рухсмæ:

йæ уды арт нæ батавта, йæ зард.

Бецау, йæ цырагъ ахуыссыд æнусмæ,

Йæ уат-æрмадзы сау мæйдар æрцард.

 

Æмæ цы уæм? – Бынат нæхицæн н ‘арæм.

Мæ зæрдæ сцоппай, тугтæ дзы кæлы.

Нæ цæссыгтимæ сæмхæццæ и уарын,

зымæгон уарын – арв дæр ыл кæуы.

 

О, Казбич, Казбич… Самон та ма «Фсати»,

цъæхснаг зæлтæй дæ карз дойны ысуадз,

ысуадз дæ фаттæ сау мигъты æфсадыл,

нæ зæрдæтыл та базыртæ ныссадз.

 

О, Казбич, Казбич… Удаист ныл ма ‘фтау.

Дæ фыссæн хъис – дæ сойы цырагъ сис.

…Дæ фæлмæн зæрдæ д ‘ахорæнты батад

Æмæ кæнынц дыдзырухсау фæдис.

 

Бецау, дæ цырагъ ахуыссыд æнусмæ?

Дæ нывты хуызы бацыди, цæры!

Тæхдзыстæм-иу гæлæбутау йæ рухсмæ…

Уæддæр нæ, оххай, удаист хæры.

1986 азы 1 январь

 

ДЖЫККАЙТЫ Шамил

 

ХЪАЗЫБЕГ

Хъуынтъыз  уалдзæг. Æдзæрæг уынг. Изæр.

Йæ тары мæм хъуынджын æрхуым æрхъуызы.

Мæрдон зæрдæ нæртон фæлтæры мысы,

Сæ цыты раз æркъул вæййы мæ сæр.

 

Нæ фæрныг цард цæмæн фæкъул цæхгæр?  –

Дæ тар æрмадзæй рухс зарæг нæ хъуысы…

Æрдзон тыхæй æртæ хорзы æнтысы,

Дæуæн уыдысты нардуатæй лæвæрд.

 

Ныр сидзæртау нæ царды бон нырхæндæг,

Дæ бахудтæй ныл нал ыскæсы хур,

Уæддæр вæййы дæ артдзæстмæ нæ фæндаг.

 

Цæуын æм æз мæ тыхст бонты зынггур…

Æртæ хорзы – дæ намысæн бындур:

Бæрзонд зæрдæ, бæрнон ныхас, æрвон зынг…

 

КАСАТЫ Батрадз

 

ДÆ КУРДИАТÆЙ

ФÆУÆЛДÆР ДÆ ДÆХÆДÆГ

Дæ хъуытаз хъæлæс ахорæнтæм рахызт,

Уынгæджы фесты кæттаг ‘мæ нывгæнæг

Æмæ дзы минмыронæй диссаджы ныв рантыст.

Дæ курдиатæй фæуæлдæр дæ дæхæдæг.

 

Дæ нывты хъайтартæн сæ цардæгас ызмæлд

Йæхимæ скъæфы зæрдæйы уидæгты,

Уæларвон тыхты рухсы фарн хæссæг

Æнцой дæуæн дæ курдиатæн нæ дæтты.

 

Ныв кæнын æмæ зардæн – иу сæ мад,

Фæхъулон та нæ фæфæччы хъæбулты.

Нæ дæм уыдис зæххон дуне нымад,

Хæлæг кодта дæ рухс зæрдæмæ хур дæр.

 

Нæ дын бантыст æмгæрттимæ цæрын.

Дæ зынг зæрдæ æнæнхъæлæджы асыгъд…

Дæ зарæг-иу дæ хæлæрттæн нæрыд,

Дæ нывтимæ та арвгæрæттæй ахызт.

 

2016 аз, 7 июль

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.