Чъех, цъыбырттысыгъд бауай. Ам бадтысты нæ иу хатты цагъартæ нæ разы, ам нæ стъыгътой, ам нæ мардтой. Цæрæнбонты Иры хъуыры стæгау бады. Ацы сыгъдыйы фæндагыл ирон лæг нал цæуы, нал ыл ис хуытæн хæринагласæг æмæ сæ гуыбыны цæрмттæ сæ чъылдымтыл нынныхæстысты, сæ уæрджыты магъз дон кæнын байдыдта. Иры хъæутæ давд фесты, фесты сыгъд, æрмæст ма Чъреба, Чъреба! Ох, уый сисынмондагæй цæттæ сты сæ мæдты дзидзитæ ралыг кæнынмæ дæр.

Бадынц Чъехы Зангаладзе Сосойы хæдзары: Зангаладзе Сосо, Къахниашвили Лео, Къахниашвили Робе, Неберидзе Къукъури, Кесанашвили Резо, Дурглишвили Зурикъо, Тъурашвили Гиви, Меланашвили Шио, Къахниашвили Гиви, Зангаладзе Лео, Къахниашвили Роин… Бадынц милцæсгæмттæй, зылын цæстытæй. Бадынц фынгыл. Чъачъайы арахъхъæй риутæ судзынц, Леуахийæ конд сæнæй сæ тæнтæ рæттыл рахæцыдысты. Бады Сосо – сæ кувæг.

Ныккастис йæхимæ. Чи ма уыд йæ цуры уымæй лæгдæр. Райста дынджыр сыкъа-тæ, æххæссынц йæ ронбастмæ. Бадынц йæ дæле гуырдзиаг тæрхъустæ, хуыснæгау хъуызгæ чи фæцæуы, сты сæрыс-тыр сæ цардæй, сæ бонæй, буц сты сæ тыхæй: денджыз сын – уæрагмæ. Сæ сау къухтæ ирон тугæй – амæхст, ныссырх сты, цæсгæмттæ туджы сзилынц. Тамако адджынæн сцъирынц, сдарынц сæ бырынчъытæ хæрдмæ æмæ сæ фæздæг цармæ ныффу кæнынц.

Æваст фынгæй фестадис Гиви Тъурашвили. Йæ мустъæлæг сæр радав-бадав систа дыууæрдæм:

– Уæздæттæ, æгæр рæджы кæнæм, цæуын афон у.

– Афон у, – дзуры Кесанашвили Резо. Абон Зары фæндагыл ирон адæмы царды фæстаг таг хъуамæ скъуыд æрцæуа. Цент-ры ныхасмæ гæсгæ уый ист хъуамæ ʻрцыдаид дыууæ боны размæ. Уæздæттæ, абон ын хъуамæ скæнæм кæрон, – йæ сыкъа бæрзонд систа, – нæ уæлахизы тыххæй!

Фестадысты иууылдæр, систой сæ нуазæнтæ. Уасынц хæрджытау æмхуызон. Къахниашвили Лео – арахъхъдзуангæнæг йæ протезæй цæнгтæ тилы, ирæттæ йын йæ тæригъæдмæ гæсгæ цы протезтæ сарæзтой, уыдон:

– Нæ уæлахизы тыххæй! – ссыд агуывзæты къæрцц-къæрцц, – Гуырдзыстон æрмæстдæр – гуырдзиæгтæн!

Схæцыдысты нуазæнтыл, асур сæ кодтой. Агуывзæты иутæ сæ ныхтыл ратул-батул кæнынц, иннæтæ – сæ гуыбынтыл «фи-фигæнгæ». Ацы рæстæджы уынгæй æрбайхъуыст тракторы уынæр.

– Сбадтыстæм! – цæхгæр загъта Резо æмæ алчи дæр трактормæ сбырыд, йæ монцтæ æнæвдисгæйæ. Трактор спæртт-пæртт кодта, фезмæлыд æмæ фæздæг-калгæ араст Чъехы сæрмæ хъæдвæндагыл.

Адæмæй сæм чидæртæ кастысты æмбæндты аууæттæй:

– Фæстæмæ уын уæ хъæдхъиутæ æрбаластæуæд…

– Ирæтты амæттаг фæут…

– Кæрæдзи кæрдтыл рафтут…

– Кæрæдзи туджы стулут…

Хъуыст фæйнæрдыгæй ныллæг хъæлæсæй æлгъитын, фæлæ æргом ничи ницы уæндыд.

Цыд трактор хъæдвæндагыл хæрдмæ, цыд нæтгæ. Гуыффæйы бадæг бæлццæттæ – сабыр, мадзура, иу сыбыртт, иу ныхас – абабау. Фæйнæрдæм сæ цæстытæ сабыр хæссынц, алы къудзийы бынмæ дæр æдзынæг кæсынц. Уæд та, дæ хорзæхæй… Хи хъахъхъæнынц «цæхæрцæст» лæппутæ. Уыдон нæ хатынц уалдзæг, нæ хатынц, дидинæг куыд калынц дыргъ-бæлæстæ, нæ хатынц уыдоны æхцон тæф, нæ уынынц, æрдз куыд сфæлыста йæхи, нæ хатынц, сæ фарсмæ кæрдобæласы дидинæгыл мыдыбындзытæ куыд ныттыгуыр сты, цъæх нæууыл куыд кафынц уæрыччытæ, сæныччытæ. Цин кæнынц уалдзæджы рæсугъддзинадыл. Фæлæ бирæгъæн йæ каст хъæдмæ у, тугмондагæй алцыдæр бавæййы рох. Уымæн тугмондагæй æруайынц йæ комыкъулы дæттæ.

Трактор йæ уд скъуыны, хъæдвæндагыл хъæдмæ быры, тыхæнцад кæны. Ласы лæгбирæгъты, ласы тугмондаг зæхкъахджыты. Трактор хъæды æрдузмæ схæццæ, æрлæууыд. Æргæппытæ кодтой гуырдзыйы «джигиттæ». Цыма æмдзырд уыдысты – байстой хъæдрæбынмæ сæхи. Тракторист йæ трактор фæстæмæ æрзылдта, æрурæдта йæ аууон ран, бæлæсты бын. Ам гуырдзыйы «сахъгуырдтæ» сæ каст скодтой сæ бодз, операцийæн разамындгæнæг Резомæ. Йæ алыварс рувасау сыллынджытæ кæны Гиви, йæ алыварс цъилау зилы. «Сахъхъ хæстонтæм» ныфсы ныхæстæ æппары:

– Тагъд ауылты гуырдзиаг лæг æдæрсгæ цæудзæн…

– Уæдæ ныр йæ хицау чи у, гуырдзы не сты, уый та ма цы хуызæн ныхас у, – зæхмæ кæсгæйæ йыл ныздыхта Резо, – мах нæ буар сыгъдæг кæнæм цъутхæлттæй, батъоно Натадзейы ныхас нæ хъуыды кæныс: «Нæ буарыл цæмæн хъуамæ уа цъутхал».

Гиви фæсæццæ, ахæм дзуапп райсын æнхъæл нæ уыд йæ сомбоны чапарты ‘хсæн.

– Радæтт ма сæ, – йе ʻрфгуыты бынты бакæсгæ, бадзырдта трактористмæ.

Уый гуыффæмæ схызт, раззаг бортмæ ʻввахс пæлæзыл рахæцыд æмæ хæдæхстæ разындысты. Гуыффæйы фарсмæ амбырд сты «уаритæ». Исынц æнæдзургæйæ сæ хотыхтæ. Сæ цæсгæмттыл фесæфтис худæндзаст, чи загътаид, адон цæлы фынгæй сыстадысты, стыр æвзагæй дзырдтой…

Фæцæуынц хъæды пырхæй, кæрæдзимæ бæрæг дæрддзæгæй, бырынц хæрдмæ сæ цыппæртыл, хатт æрхауынц зæххыл дæлгоммæ, се уæнгты дыз-дыз цæуы, бадон сæ зæнджы магъз.

Хъæды схызтысты уæлбылмæ. Стыр тæрс бæлæстæ æнæзмæлгæ сæрыстырæй лæууынц. Хъæд у æмыр. Сыбыртт никуыцæй хъуысы. Фæйнæрдæм хæссынц сæ цæст… Дарддæр хъуызæгау цæуынц. Искæй къахы бын сæ хус къæцæлы къæрцц куы фæцæуы, уæд алæууынц ставд тæрс бæлæсты фæстæ… Ныхъусынц æмæ дарддæр сæ фæндаг акæнынц.

Æрбайхъуыст сæм машинæты уынæр æмæ сын Резо къухæй ацамыдта, æрлæуут, зæгъгæ… Æрбамбырд сты йæ алыварс… Кæсынц «сахъ» гуырдтæ фæндагмæ, Зары фæндагмæ, Иры «Царды фæндагмæ». Дæлейæ цæуæг машинæтæ уæззау нæтгæ цæуынц… Нæ сæ ис къух бакæнæн, гуыффæтæ хæрдмæ амад – хæдзарон дзаумæттæй, рог машинæты сæртыл дæр дзы уыд – бастытæ алырдæмты…

Резо фæхудт. Фæхудт Резо – Цхинвалы районы адæмон ахуырады кусæг. Ардæм æй куы кодтой, уæд кусджытæ дисæй мардысты, зæгъгæ, ацы къуыдыры ардæм кусынмæ куыд æрбакодтой, худæгæй йыл мардысты йе ʻмкъурсонтæ дæр, фæлæ обкомы нымæрдар загъта: «Ирыстоны уæрæх фæндаг – къуырма гуырдзиæгтæн». Бадт кабинеты бон изæрмæ фысау. Йæ зæрдæйы дон уагъта, хъунцъау райвæз-байвæз кодта, бонæн баизæрæй нæ тарст. Æмæ уымæй дæс хатты цæттæдæр ирон лæппутæ та куыстагур Уырысы къуымты рахау-бахау кодтой. Æмæ йæм ныр абон кæс! Цы аразы? Ахæм къуырмайæ йын йæ фыды дæр Иры тæрхоны лæгтæй иу бакодта Цхинвалы районы базарады хъуыддæгты хистæрæй, йæ гуыбын ын цалдæр хатты кæй бафсæста, уый тыххæй. Гъе, уæууæй, гъе!

– Нæ, нæ, мæ хæзгултæ, кæрæдзи фæстæ гæпп кæнут, уæ гæппыл ма цæст хæцы. Фæлæуут, уый уын нырма ницы у. Диссæгтæ абонæй фæстæмæ уыдзæн, – фергом зæрдæйы æмбæхст хъуыды. Йæ хæстонтæ схъилхъус сты. Хæстæгдæр æм æрбалæууыдысты.

– Райдайæм? – фæрсы йæ Гиви.

– Фæлæуу уал. Ды, – йæ амонæн æнгуылдз фæдардта Гивимæ, – дæ къордимæ бацæудзынæ уæртæ уыцы къуыбырмæ, – амоны йын, фæндаг кæм фæгакъон ис, уырдæм, дыууæ гакъоны ʻхсæнмæ, – уырдыгæй хорз зынынц уæлейæ æрцæуджытæ дæр æмæ дæлейæ чи сцæйцæуа, уыдон дæр. Æхсдзыстæм фылдæр машинæты дзыгуыры. Фыццаг æхсæм мах, стæй – сымах.

Гиви йе ʻрдонгимæ фæндагæн иу фарсæй иннæмæ тагъд-тагъд ахызтысты æмæ къуыбыры пыхсыты бын ныххуыссыдысты, сæ иутæ сæ мигæнæнты лулæтæ аздæхтой уæлæмæ, иннæтæ – дæлæмæ.

Тракторист иу уæлæмæцæуæг рог машинæйы фæурæдта, йемæ цыдæртæ адзырдта… Машинæ ацыд… Уый уæлвæндагмæ слыгъд, йæ цыппæртыл быргæйæ. Лæнк-лæнкгæнгæ Резомæ схæццæ.

– Ныртæккæ цалдæр машинæйы схæццæ уыдзысты, адæмæй сты сæ тæккæдзаг, – алæхурдта йын удисгæ.

– Хъусут мæм ардæм, – дзуры Резо, – цалынмæ йæ базонæм, машинæйыл адæм   ис æви нæ, уæдмæ иу æхст дæр ничи фæкæндзæн.

Балбирæгътæ фæндагмæ бацыдысты æввахсдæр. Хæстифтонгæй æрхуыссыдысты стыр фæлдæхт тæрсбæласы фарсмæ, сæ улæфт ныуурæдтой, хъуысы ма сæм се ʻмбыд зæрдæты гыбар-гыбур. Цæуынц машинæтæ, ласы алчи йæ фæллой. Гуыффæтæй зынынц бандæтты къæхтæ, сынтæджыты тигътæ, стъолы къæхтæ, иу машинæ иннæйы фæстæ ты-хæнцадгæнгæ цæуы. Ссæуы брезентæй æмбæрзт машинæ… Лæгсырдтæ ба-кастысты сæ бодзмæ.

– Фæлæуут, фæзила гакъоны, разына йæ хуылф, – дзуры сæрхаст адæммæ. Уый æвиппайды фестад. Цыма йæ быны арт ссыгъд. Ауыдта, гуыффæ адæмæй – йедзаг. Хæдæхс скуыста, Резо йыл фидар хæцы, дыууæрдыгæй ихуарæгау ныккодтой. Машинæ йæ бынаты фæлæууыд, стæй ратылд фæстæмæ, фæстаг борт сыджытыл банцад… Æхст æрвнæрæгау кæны… Машинæйæ иу чысыл лæппу рагæпп кодта… Зæххыл дæлгоммæ йæ тъæпп фæцыдис. Фестад, ныййарц фæндаг-фæндаг, хъæргæнгæ:

– Адæмы ныццагътой! Адæмы ныццагътой!

Ферра сты бирæгътæ, – ныййазæлд æмхуызон хъæр:

– Фæирвæзы! – цалдæр рады йыл ауагътой йæ фæстæ. Лæппу ахауди размæ, ахауд зæххыл пæлæхсар къухæй. Æрвнæрæгау хæдæхстæ кæнынц… Бахаудтой къæппæджы цалдæр рог машинæйы, скарстой сæ…

Резо бауадис-иу рог машинæмæ, мачи дзы аирвæза, зæгъгæ, удæгасæй. Суагъта та ногæй йæ хæдæхс. Стæй йын бакодта йæ дуар.

– Резо, ма мæ амар, – дзуры йæм чидæр хъæрзгæ. Кæсы Резо. Йæ разы йæ сыхаг йæ туджы мæцы, йæ фарсмæ йæ усæн йæ сæр – пырх. Иу хæдзары бинонтау цардысты фæрсæй-фæрстæм, иу хæдон сын уæгъд уыд.

– Нæ дæ марын, фæлæ мæ кой макуы скæн, – сæппæрста æррайау Резо, стæй уæлбылмæ айста йæхи. Иу каст ма фæкодта фæстæмæ æмæ сыл хæдæхс суагъта ногæй. Стæй ныхъхъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг:

– Лидзгæ тагъддæр!

Лидзынц хъæды Гуырдзыйы «сахъгуырдтæ», лидзынц Чъехмæ фæстæмæ… Бæстæ ныхъхъус, ныссабыр, нæ хъуысы машинæтæй сыбыртт… Туг цыхцырæг ныллæууыд гуыффæйæ – зæхмæ, фæндагыл рыгæвдылдæй лыгъд, ахуырста фæндаджы, зæххæн саста йæ дойны…

Æрæджиау мæрдты бынæй сыстад… Сбырыд сылгоймаг. Йæ цæсгом, буар – тугамæхст. Мæрдты бынæй ласы йæ хъæбулты… Цæссыг дзы нæ хауы, нæ кæуы, тугамæхст сабиты исы зæхмæ.

 

* * *

Чъехы фæстæ доны ныббырыдысты гуырдзыйы «хъайтартæ». Раластой астæуæй уæлæмæ æмæ сæхи сатæг кæнынц. Сæ сау бæзджын цармæй конд цæсгæмттæ цынайы дурæй хафынц, хафынц дзы сæ къухы саггæмттæ, хафынц ирон туг сæ цæрмттæй, фæлæ сыл ныххус, нал æй исы цына дур. Иуы дзыхæй сæ сыбыртт нæ хауы. Ацы уысм тугамæхстытæй сæ уæлхъус æрбалæууыд тарстхуызæй цæф лæг.

– Баххуыс мын кæнут, – ауад сæ хъустыл иронау.

Дзурæгмæ фæзылдысты æваст. Кæсынц æм: лæдæрсы рахис фарсæй йæ туг. Ныффæлурс ис лæппу, туджы цъыртт нал хъазы уæнгты, зилы йæ сæр. Фæцуды, фæлæ та фидар фæлæууы.

– Цы кодтай? – фæрсынц æй иронау.

– Зары фæндагыл нæ фæцагътой, – цæстытæ тарытæ кæнынц, афтæмæй дзуапп дæтты.

– Кæмæй дæ? Чи дæ? – Резо йæ фæрсы.

– Чеселатæй Тола. Баххуыс мын кæнут.

– Нæ кусæрттæгтæй иу нæ фæстæ радзæгъæл, – дзуры Резо Гивимæ гуырдзиагау. Лæппу сæ бамбæрста, арвы цæфау фæцис. Йæ фыртыхстæй нал бамбæрста, чердæм лидзы, уый, æмæ йе знæгты дзыхмæ, бирæгъты дзыхмæ бахауд. Буар æмризæджы ныррызти.

– Рауай-ма, – сиды йæм Резо.

Тола нал змæлы, бандзыг, бамбæрста, йе знаджы дзыхмæ ныххауд.

– Нæ цæуыс, уæд дæм æз бацæудзынæн, – уый йæм фæцæуы æд хæдæхс, размæ йæ асхуыста донмæ. Лæппу ахауд… Сыстад… Ныддардта йæм хæдæхс.

– Ма мæ амарут, мæ ус, мæ сывæллæтты мын амардтат, мæхи ма мын уæд-дæр… – Хæдæхс скуыста. Толайы кæронмæ ныхасы бон нал фæцис…

ДЗАБИТЫ Зарбег

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.