Нæ горæты цæрджыты уарзондæр бынæттæй иу у цад. Ам, цады былыл, канд сæрдыгон бонты нæ, фæлæ афæдзы алы афон дæр фæтезгъо кæнынц куыд горæты цæрджытæ, афтæ нæм цы уазджытæ æрцæуы, уыдон дæр. Ис дзы, хи анайыны фæстæ адæймаг змисыл кæм æрхуысса, ахæм бынæттæ, дарæсивæнтæ, чысыл сывæллæттæн хиирхæфсæн фæз, ис дзы, фæсивæд спортæй кæм архайой, ахæм бынат. Фæлæ уæддæр цады алфæмблай  ноджы бирæ хуыздæр фадæттæ ис саразæн улæфынæн.

Раздæр азты-иу цады райстой арендатортæ, фæлæ-иу, хъыгагæн, сæ бон не ссис, ардæм рæстæг æрвитынмæ чи цыд, уыдон, улæфт куыд æмбæлы, афтæ сорга-низаци кæнын æмæ-иу горæты администраци семæ бадзырд фехæлдта. Иу ахæмы та йæ райстой Козаты Сергей æмæ Чилæхсаты Гарик. Уыдон архайдтой уавæр фæхуыздæр кæныныл. Цад басур кодтой, йæ бын ын ныссыгъдæг кодтой алыгъуызон брæттæй. Æркарстой-иу, цады былтыл чи зад, æрмæст уыцы кæрдæг нæ, фæлæ уымæ хæстæг территори дæр æмæ-иу бæрæг йæ хуыз фæивта. Цады алфæмблай æрæвæрдтой фæхс-бандæттæ, тезгъогæнæн фæндагыл та хуыр ныккалдтой. Сæхгæдтой цадмæ машинæты фæндаг, цæмæй æмткæй уа фистæгæйцæуджыты дæлбар. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр уыцы арендатортæн дæр сæ бон не ссис, сæрдыгон бонты куыд æмбæлы, ахæм улæфæн зонæ саразын.

Фæстæдæр цад йæхимæ райста горæты администраци. Райдианы уал æрæхгæд-той, цадмæ цы канализацион дон æфтыд, уый. Раздæр æхсæвыгон рухсытæ сыгъд æрмæстдæр цæрæн массивы ‘рдыгæй, ныр йæ алыварс судзынц электроны рухсытæ, фæзынд дзы чысыл бассейн дæр.

Цады доны гъæдмæ сæ хъус дарынц санэпидемстанцы кусджытæ æмæ, хъыгагæн, фылдæр хатт нæ фæбæззы хи найынæн, дзуапп нæ фæдæтты санитарон нормæтæн. Цады хи найгæйæ, æнамонд цаутæ кæй æрцæуы, уый хынцгæйæ, ам æвæрд æрцыд ирвæзынгæнджыты пост. Ивгъуыд къуыри дæр ацы доны фæцæй-дæлдон кодта иу æнахъом сывæллон. Фервæзын æй кодта, йæ фарсмæ цы æрыгон чызг фæцис, уый.

Социалон хызæгты фæзынд зондамонджытæ, ома, дам, сыджытæй байдзаг кæнын хъæуы цад æмæ, дам, дзы саразын хъæуы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ. Ацы хабарæн æвварсхæцджытæ куыд ис, афтæ се ‘нæразыдзинад равдыстой би-рæтæ.

«Цад махæн у нæ ирвæзынгæнæг сæрды тæвд бонты. Хъыгагæн, мах нæ фа-дæттæ нæ амонынц республикæйæн æд-дæмæ улæфынмæ ацæуынæн. Уымæ гæсгæ арæх абадæм йæ былыл сатæг уæлдæфмæ», – зæгъы цадмæ ‘ввахс бирæ-уæладзыгон хæдзары цæрæг сылгоймаг.

«Саби саби у æмæ йæ кæдфæнды дæр фæфæнды йæхи найын. Кæд сæ ныййарджытæ бафæдзæхсынц, ома, гæнæн нæй цады найынæн, уæддæр сæ кæнон акæнынц. Ахæм рæстæджы къæрцхъус хъуамæ уа ныййарæг, – зæгъы Къæбысты Инал. – Æрвылаз дæр санэпидемстанцы кусджытæ фæфæдзæхсынц цæрджыты, цады дон бынтон æдас кæй нæу хинайынæн. Зынæн рæтты бакæнынц фæдзæхсæн табличкæтæ дæр. Фæлæ бирæ-тæ ахæм фæдзæхсты ницæмæ æрдарынц. Уый фæдыл æрцæуы бæллæхтæ».

«Ныры дуджы ахæм улæфæн зонæн-тæм стыр хъусдард хъуамæ цæуид. Ничи сразы уыдзæн цад сæхгæныныл! Уый нæ, фæлæ хъуамæ цады алфæмблай ифтонг  уа цæстдарæн камерæтæй, уа дзы   ирвæ-зынгæнджытæ. Аттракционтæ хъуамæ дзуапп дæттой æдасдзинады æппæт нормæтæн. Цады алфæмблай хъуамæ уа бирæ бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ, цæмæй, хурбонты адæймаг йæхи кæм бааууон кæна, уый йын уа. Цады дон  хъуамæ кæддæриддæр бæзза хинайы-нæн, арæзт дзы цæуой анализтæ, цæмæй уырдæм найынмæ чи бахизы, уыдон æнæниздзинадæн æдас уа. Цады былыл æнæмæнг арæзт хъуамæ уа чысыл кафе дæр, цыран балхæнæн уа адджинæгтæ, сæлдæг, минералон дон», – ахæм уыдис, кæимæ ныхас кодтам, уыдоны хъуыды иумæйагæй сисгæйæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.