24-æм февралæй фæстæмæ цасдæрбæрцæй фæивта æнæхъæн дунейы политикон цардуаг. Уæрæсе балæууыд Донецк æмæ Луганскы областты цæрæг адæмты фарсмæ æмæ сæ сæрибар кæнынц украи-наг фыдгæнджытæй. Ацы спецоперацийы тыххæй тыхсынц æмæ йæ уæлахизмæ бæллынц нæ республикæйы цæрджытæ дæр. Советон Цæдисы æфсады ветеран булкъон Уалыты Гайоз дæр стыр нысаниуæг дæтты ацы спецоперацийæн.

Ахæм операци арæзт куы нæ æрцыдаид, уæд фæстæдæр, Украинæйы алфæмблай цы æндыгъд уавæр сæвзæрд, уый рараст кæнын уыдаид бирæ зындæр. Афтæ уымæн зæгъын æмæ кæд Уæрæсейы разамынд фæстаг аст азы æппынæдзух дзырдта æмæ архайдта уавæр сабырадон ахастытæй æрбæстон æмæ аскъуыддзаг кæныныл, уæддæр украинаг фыдгæнджытæ уавæр кодтой карзæй-карздæр. Цасдæрбæрцæй ма мæм афтæ дæр кæсы, æмæ ахæм операци саразын хъуыд 2014 азы, уæд уавæр æрбæстон уыдаид тагъд-дæр æмæ æнцондæрæй.

– Вьетнамы хæсты рæстæджы ахæм операциты мæхæдæг хайад райстон цалдæр хатты. Æфсæддонты Вьетнаммæ кодтам, хорз-иу сæ куы бацæттæ кодтам, уæд. Ныр дæр афтæ кæй у, уый бæрæг у. Уый тыххæй Уæрæсейы Президент Путин банысан кодта, зæгъгæ, Украинæмæ æрвыст цæуынц, æрмæстдæр хорз хæстон цæттæдзинад кæмæ ис, ахæм æфсæддонтæ. Уыимæ ма  Путин банысан кодта, зæгъгæ, абон æфсады хæс æрсидтмæ гæсгæ чи фиды, уыдон уырдæм бакæныны сæр нæ бахъæудзæнис.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Украинæйæн æххуыс кæнынц æххуырст хæстонтæ дæр, фæлæ ныхмæ фæлæудзысты, уый зæгъæн нæй. Уымæн æмæ уыдонмæ нæй патриотикон æнкъарæнтæ. Хæстонæн тохы быдыры йæ хъуыдыйы йæ бæстæ, адæм æмæ бинонтæ куы нæ уой, æрмæст æхцайыл куы хъуыды кæна, уæд куыддæр тас банкъара, афтæ лидзын æмæ йæхи æмбæхсынмæ фæуыдзæнис. Гуырдзыстонимæ хæсты рæстæджы дæр гуырдзиаг хæстонты фарсмæ цы æххуырст хæстонтæ уыдис, уыдон куыддæр тасдзинад банкъардтой, афтæ лидзынмæ фесты.

М.Саакашвили дæр США, НАТО æмæ Европæйы бæстæтæй æвæрдта стыр ныфс, фæлæ нæ хатыд, сайгæ йæ кæй кодтой, уый. Уыдæттæ зонгæйæ Зеленский мауал хъуамæ фæрæдыдаид. Уырнинаг у Зеленскийы хъысмæт Саакашвилийы хъысмæтæй мæгуыраудæр кæй рауайдзæнис, уый.

Иуæй-иу фæсарæйнаг бæстæтæ кæд абон Уæрæсейыл рахатыдысты, уæддæр уый æз нымайын рæстæгмæ ахастытыл. Уæрæсе алы бæстæйæн дæр стыр æх-хуыс æмæ ныфс кæй у, уый сæ алчи дæр зоны æмæ абон уа æви райсом,  се ‘ргом, Уæрæсемæ æнæразилгæ нæ фæуыдзысты, æнæ Уæрæсейы хъæздыгдзинæдтæй бирæ рæстæг нæ бафæраздзысты.

Уыимæ ма мæ уырны уый дæр, æмæ санкцитæ бирæ рæстæг нæ ахæсдзысты. Уымæн æмæ Уæрæсе дардыл у, бирæ хъæздыгдзинæдтæ йæм ис æмæ йыл уыйбæрц нæ бандавдзысты, фылдæр разиан кæндзысты, чи сæ æвæры, уыдонæн.

  ГÆЗЗАТЫ Иван

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.